Фæстаг азты Культурæйы министрад арæхæй-арæхдæр уадзы ацы фадыджы зынгæ адæймæг-тимæ алыгъуызон мадзæлттæ æмæ фембæлдтытæ.

25 сентябры дæр республикон бибиотекæмæ æрбацыд бирæ адæм. Се ‘хсæн уыдысты Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, ахуыргæндтæ, фысджытæ, студенттæ. Уыдон зонгæ кодтой Тебиаты Златæ адæмы рæгъмæ цы 52 къамы рахаста, уыдонимæ. Къамтæ ист æрцыдысты горæттæ Донецк æмæ Цхинвалы, Цæгат Ирыстон-Алани æмæ Абхазы республикæты. Уыдон кæд се ‘ппæтдæр зæрдæмæдзæугæ уыдысты уæддæр дзы кæцыдæртæ уæлдай тынгдæр фæцыдысты равдыстмæ æрбацæуджыты зæрдæмæ. Зæгъæм, Донецкы ист «Площадь Ленина», æмæ «Воскресенская церковь»-ы къамтæ. Абхазы республикæйы «Ботанический сад» æмæ «Озеро Рица». Цæгат Ирыстон-Аланийы «Ветераны с главой РСО-А», Цхинвалы «Президент Бибылты А.И.  «Аланты фæд»-ы хайадисджытимæ, «Праздничный концерт» æмæ æндæртæ.

Равдысты официалон хай байгом кæныны агъоммæ фæндагыл цалдæр ирон цагъды иттæг хорз сæххæст кодта, не ‘мзæххон, цалдæр музыкалон конкурсы хайадисæг Ходты Арсен.

Хуссар Ирыстоны Культурæйы Министр Зассеты Жаннæ йæ раныхасы къамты тыххæй загъта, зæгъгæ, æнцон нæу ахæм уысмытæ ахсын,  мах сæ куыд уынæм, уыцы хуыз сын радтын, фæлæ ахæм æнтыст йæ къухы бафтыд Златæйæн æмæ йын нæ зæрдæтæ зæгъынц ноджы стырдæр  æнтыстытæ. Мах та, зæгъгæ,  арæхдæр зонгæ кæнæд семæ.

Пухаты Эрик  йæ раныхасы бузныг загъта Тебиаты Златæйæн ахæм ахсджиаг къамтæ чи систа æмæ нæ семæ чи базонгæ кодта,  афтæ ма ацы равдыст байгом кæныныл чи бакуыста, сæрмагондæй, Зассеты Жаннæйæн æмæ равдыстмæ чи æрбацыд, уыдонæн се’ ппæтæн дæр. Бузныджы ныхæстæ ма загъта Хуссар Ирыстоны адæм уæззау уавæрты куы уыдысты, уæд сæм фыццаг æххуысмæ чи æрцыд уыцы, Цæголты Кимы цардæмбал Цæголты-Дарчиты Фатимæйæн.

Къамты хицау Тебиаты Златæ та равдыстмæ æрбацæуджытæн загъта, зæгъгæ, равдысты æвæрд цы нывтæ æрцыдысты уыдон систа фæстаг дыууæ азы дæргъы.

«Бафæндыд мæ, – зæгъы  Златæ, – цæмæй равдисон, бирæ зындзинæдтæ чи бавзæрстой уыцы ирон æмæ абхазаг адæмтæ хæсты фæстæ сæ цард куыд аразынц, абон цахæм уавæрты цæрынц, уый равдисын æмæ мæ уырны, аразын æмæ мæ равдисын цы фæндыд, уый мын кæй бантыст. Мæ зæрдæ барухс уæ цардæй æмæ мæ фæнды, цæмæй уе ‘нтыстытæ уой ноджы хуыздæр æмæ фылдæр», – загъта уый.

Уымæй дарддæр ма йæ нывты фæрцы равдисын бафæндыд донецкаг адæм хæстон уавæрты куыд цæрынц, уый дæр. Уырдæм ныццæугæйæ æмæ уым къамтæ исгæйæ, хауд дисы. Горæт, раздæрау у сыгъдæг æмæ рæсугъд. Æхстытæ куы фæсабыр вæййынц,  уæд уынгты фæзынынц адæмы хъæлдзæг цæстæнгас, сабиты мидбылхудт. Æхстыты фæстæ уадид сыгъдæг æмæ æфснайд æрцæуынц, знаггад кæм æрцæуы, уыцы бынæттæ.

Равдысты ма раныхас кодтой Хуссар Ирыстоны Абхазы Республикæйы минæвар Елбачиты Алан æмæ Цæголты-Дарчиты Фатимæ. Уый фæстæ Тебиаты Златæ равдысты хайадисджыты зонгæ кодта йæ ист æмæ арæзт къамтимæ.

Равдысты кæрон Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны ахуыргæнинаг Лалыты Элинæ сæххæст кодта зæрдæмæхъаргæ зарæг.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.