(Къоста Фæрнионы райгуырдыл сæххæст  110  азы)

Фæрниаты Къоста хæрзчысыл литературон бынтæ ныууагъта. Уымæн æмæ бирæ нæ рацард – æдæппæтæй 29 азы. Йе сфæлдыстад йæ тæккæ тæмæнкалгæ куы уыд, уæд æй культы азар басыгъта. Цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдоны дæр нæй сæрибар поэзи, фæлæ ног дугыл зарджытæ. Зæгъæн ис, Фæрнионæн фыссæджы ном радта йæ зындгонд роман “Уады уынæр”. Уый уыд фыццаг ирон роман. Фыссæг йæ уацмысы равдыста ирон адæмы цард алывæрсыгæй, абырæджы сагъæсаг фидæн, фыдыбæстæйы сæрыл тох æмæ бирæ æндæртæ. Романæн уыд стыр æнтыст, фæлæ, хъыгагæн, уый дæр кæронмæ фыст нæ фæцис, фыссæджы ма цы зæгъын фæндыд, уый нал базыдтам. Фæлæ нæ ныхас абон “Уады уынæрыл” нæ уыдзæн, фæлæ иумæйагæй уæды заманы дуджы домæнтыл.

20 – 30 азты , куыд æппæт советон царды, афтæ Ирыстоны дæр уыд тынг ахсджиаг рæстæг. Ирон литературæйы ацы рæстæг уыд иууыл вазыг-джындæр. Революцийы фæуæлахизы фæстæ йæ тыхы бацыд ирон литературæйы культурæ. Ног дуг домдта ног зарджытæ, æмæ Ирыстоны алы къуымтæй хъуысын райдыдтой, ног цардыл чи цин кодта, уыцы цардбæллон поэтты хъæлæстæ. Уыдоны раззагдæртæй уыд Фæрнион дæр. Кæд æм бирæ зæгъинæгтæ уыд, уæддæр сæ сæрибарæй зæгъын йæ бон никуы бацис дуджы домæнты аххосæй. Иуныхасæй, йæ курдиат кæронмæ нæ райхæлд. Æмæ зарыд ног “дидинкалгæ” цардыл, парти æмæ фæскомцæдисыл, революцийы хъæбатыртыл, колхозон арæзтадыл…

Уæд цард домдта пролетарон литературæ фæлдисын, афтæмæй йæ иу дæр рæстмæ не зыдта, цы у, уый. Фæлæ йæ алчидæр æмбæрста: фыссæг йе сфæлдыстады ма хъуамæ кæна сагъæс, æнкъард, къуылымпы, джитæн, йæ хъару хъуамæ уа æгæрон. “И Фарнион старался, он выступал как поэт и прозаик, драматург и публицист. Тема его, это новая песня трактора, заменившего пахаря, это комсомолец, приносящий себя общему делу. Леймотив его стихов – это гимн общему делу” (Ардасенты Хадзыбатыр. – “Очерки истории осетинской литературы”.

Нæ уыд уæды заман сæрибарæй цæрæн æмæ фæлдисæн. Сыдæй куы мар-даис, уæддæр цард куыд рæсугъд æмæ куыд хъæздыг у, ууыл куынæ зары-даис, уæд дыл троцкисты ном андæгъдаид. Уыцы домæнтæ чи не ‘ххæст кодта, уыдон цыдысты æфхæрд, ацух  – иу сæ кодтой цæдисæй, алы аххосæг-тæм гæсгæ сæ ахстой, мардтой… Уыимæ нæ ауæрстой сæ кæрæдзийыл дæр.

1930 азты Пролетарон парти  ахæм лозунг раразмæ кодтой, – “Сидæм хъазуатонтæм литературæмæ. Уыдон фæтыхджындæр кæндзысты пролета-рон литературæ æмæ суыдзæн большевикон хотых”. Ома, сæ фысджыты Цæдис бахъахъхъæндзæн буржуазон-национ зондахастæй. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, уыд рæдыд хъуыды, фæлæ уæддæр ныххæррæтт кодтой цæдисмæ алы къабазы кусджытæ. Афтæмæй пролетарон фысджыты рæнхъытæ фыл-дæр кодтой,  сæйраджыцдæр, фыссæджы курдиат кæмæ нæ уыд, ахæмтæй. Алы хъæу, алы куыстуаты дæр арæзт цыдысты литературон къордтæ. Хъазуатонтæн лите-ратурон фронты стыр нысаниуæг кæй лæвæрдтой, уымæн хорз æвдисæн Бæдоаты Хъазыбеджы ныхæстæ: “РАПП фæсидт хъазуатон кусджытæм, цæ-мæй æрбацæуой литературæмæ… Æмæ ныр сæ рæнхъыты мин æмæ æрдæджы бæсты ис дæс мины… Уый у стыр æнтыст” (“Большевикон аивад”.-1931.-№1).

Уый стыр рæдыд хъуыды уыд. Иуæй фысджыты рæнхъытæ æцæгæлон адæмæй дзаг кодтой, иннæмæй фæсивæд иппæрд кодтой се ‘цæг фæндагæй. Уымæн фыста Фæрнион йæ иу æмдзæвгæйы: “Иу хæдзар нал баззад, алкæм поэт”. Фысджыты активисттæ бæрзонд трибунæтæй, газеттæ æмæ журналты фæрстæй домдтой “тох, æнауæрдон тох”, фæлæ иудадзыг хъуыддаг хылæй дæр кæй нæ рæзы, уый уыдтой, фæлæ йæ сæ зонд, сæ хъуыдымæ хæстæг нæ уагътой. Афтæмæй алы гыццыл хъуыддаджы тыххæй дæр лæууыдысты кардæлвæстæй, нымыгътой æмæ сæфтой кæрæдзи уыцы хæццæ дуджы.

Фыссæг ног дугыл нæ зары, зæгъгæ, уæд æм курдиат нæй, цардæй фæстейæ баззад. Афтæмæй – иу, советон цардæн табугæнгæйæ, арæх фæзынд ихсыд, ницæуыл дзурæг уацмыстæ. Зæгъæм, Фæрнионы æмдзæвгæ “ССРЦ”-йы нæй поэзийæн йæ кой дæр:

Хойы нæртон дзæбуг диссæгтæ, –

Нæй йын фæллайæн бынтон…

“Тук – тка – тка – тук – тка – тка!”…

Нæ лæууы йæ цæфæн æндон.

Кæнæ æмдзæвгæ “Мæгъæлда”. Ам поэт магусатæм дæр æртхъирæн кæны партийы номæй:

Мæгъæлда, мæгъæлда!  Мæгъæлда, мæгъæлда!

Æрцыдис дæ цардæн кæрон,

Парти дæ раппардзæн, зон!

Фæрнион ирон фысджыты дих кодта цалдæр къордыл. Хуыздæр къордмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хаудтой пролетарон фысджытæ, йæхæдæг дæр семæ. Коцойты Арсен æмæ Гулуты Андырийæ ницы ныфс æвæры, фæлæ Нигерæн амоны, цæмæй схицæн уа ивгъуыд дуджы традицитæй æмæ суа пролетарон фысджытимæ æмцæдисон.  Фæлæ Нигер цардмæ реалон цæстæй каст. Уыдта йæ мæгуыр адæмы тухитæ æмæ йæ зæрдæ зарын нæ агуырдта. Мидхæсты фæстæ бæстæ уыд ихсыд, гæвзыкк. Советон хицауады æрфидарæй цард йæ гаччы нæма æрбадт. Адæм уыдысты тыхст æмæ уырыд. Революцийы фæуæ-лахиз æрхаста социалон – политикон уæлахиз, фæлæ хъæздыг цард æрхæссын йæ бон нæма уыд. Æмæ Нигер архайдта цас гæнæн ис уымæй мæнгтæ ма дзу-рыныл. Фæрнион æмæ иннæ пролетарон фысджытæ “алæмæтаг” цардыл за-рынæй кæм нæ фæлладысты, уым уый та æнкъардæй зæгъы: “Æз зонын, мæ мад та ныр мæймæ дзыназы, æлгъиты йæ бонтæ, æлгъиты йæ цард… Нæ зо-нын цы кæнон ныр ацы фыд азы…” ( Нафи. – “Нигер”. -Орджоникидзе,-1990).

Кæй зæгъын æй хъæуы, Нигермæ дæр советон “дидинкалгæ” цардыл бирæ фыст ис (“Хуымгæнæг, “Гыцци”, “Фыййау”…), уый дуджы домæн уыди, фæлæ сын сæ традицитæн йæхи не снывонд кодта.

Хъуыддаг уыййонг æрцыд æмæ Фæрнионæн Хетæгкаты Къоста дæр ницыуал уыд пролетарон фысджыты цур. Æмæ йæ тынг фæндыд, ирон адæм Къостайы куы ферох кæниккой æмæ уыдон куы кæсиккой, ома, пролетарон фысджыты. Æмæ зæгъы: “Фæстаг рæстæг фæллойгæнæг адæм Къостайæ пролетарон литературæмæ здæхын райдыдтой. Уый стыр цины хабар у… Къостайы уацмыстæн сæ фылдæр ныры домæнтæн дзуапп нæ дæттынц. Зæгъæм, Къоста уыд динджын, хæццæ йæм кодта национализмы тæваг. Уымæ гæсгæ ныры дугæн нæ бæззы” (Уый дæр уым).

Ахæм “зондамонджытæм” хъусгæйæ æрыгон, æвæлтæрд поэттæ Фæр-нионæн йæхиау иртæстысты æцæг литературæйæ, сæ национ культурон хæзнатæй.

Фæрнионы сфæлдыстадмæ абоны цæстæй куы æркæсæм, уæд дзы бирæ аиппытæ ис. Йе ‘мдзæвгæ “Уалдзыгон хъуыдытæ”-йы радон хатт табу кæны ног цардæн, фæлæ йæ абарстытæ ирон литературæйы ницы хуызы фидауынц: “хур нын æрттивы та бутъройау”, “тракторы разæй хуыцæуттæ фæлидзынц”, “Леуахи зæххæн йæ нæрдтæ хæры” æмæ æндæртæ.

Фæрнион кæд йæ удæй арт цагъта, уырнын кодта йæ рæстдзинад, уæддæр æм  йе знæгтæ алы къухбакæнæнтæ агуырдтой. Уыдтой йæ фидæны дзы стыр фыссæг кæй рауайдзæн, фæлæ уый кой ничи кодта.  Цы бирæ азымтæ йæм хастой, уыдонæй иу уыд Маяковский æмæ Есенины  фæзмæг. Раст у, нæ поэты сфæлдыстады бæрæгæй зыны куыд формæйы æгъдауæй, афтæ мидисмæ гæсгæ дæр амынд поэтты сфæлдыстады тæваг, фæлæ уый нæ нысан кæны, æмæ Фæрнион уыдон фæзмгæ кодта. Уыдонæн иумæйаг уыди сæ нысан, дуджы хъысмæт. Фæрнион сын хорз æмбæрста сæ поэзийы уæлтæмæн, аргъ ын кодта  æмæ сын сæ хъомысджын тратицитæ хаста ирон литературæмæ. Растдæр уыдзæн, афтæ куы зæгъæм, йæ поэмæтæ “Æнæном кадæг” æмæ “Сæрибарыл тох” кæй сты Плиты Харитоны поэмæ “Сæлимæт”-ы æнгæс, уæд. Уæлдайдæр “Сæрибарыл тох”. Абарæм ма сæ кæрæдзимæ:

Леуахи дуртæ фæлдахы,

                              Ниуы, æмбухы, кæуы…

“Сæрибарыл тох”

 

Фесхъиуы урсбарц æхсæрдзæн

                               Айнæг -йæ хауæн къæсæр…

“Сæлимæт”

Уайынц æхсарджынæй иумæ

                               Тырыса размæ хæссынц…

“Сæрибарыл тох”

Уайынц гæппдугъæй сæ бæхтæ,

                               Хъуысы сæ фындзтæй æхситт…

“Сæлимæт”.

Афтæ æнгæс сты кæрæй – кæронмæ дыууæ поэмæйы. Афтæ нымадта Джыккайты Шамил дæр йæ уац “Поэзийы фарстатæ”-йы: “Поэмæ “Сæрибарыл тох” нæу поэтикон æнтыст. Автор æххæст кодта коллективизмы принцип. Уацмысы нæй герой æмæ удгоймаг. “Сæлимæт”-имæ иу у сæ темæ, сæ стихы бæрцбарæн. Фæлæ “Сæлимæт” сси адæмон, “Сæрибары тох” баззад рохуаты. Уымæн æмæ Харитон сæрибар уыд РАПП-ы амбицитæй, равзæрста хуымæтæг аивадон фæрæз. Адæмы трагеди  æвдисы иу адæймаджы хъысмæты æмæ зæрдæмæ хъары. Фæрнионы фæндыд коллективон фæлгонц саразын æмæ йын нæ бантыст. Схематизм ын фадат нæ радта” (“Ирон литературæйы истори. – Дзæуджыхъæу.-2005).

Стыр хъыгагæн, Фæрниаты Къоста кæд йæ уд, йе сфæлдыстад хуыздæр æнхъæлæй ног цардæн снывонд кодта, уæддæр 37-æм æвирхъау азты фыдæхæй нæ аирвæзт. Уыцы азты стынг ис кæрæдзийыл цъыфкалæн æмæ хахуырты дуг. Алчидæр къæрцхъусæй агурын райдыдта “адæмы знæгты”. Цыма адæмыл исты рын сыстад, уыйау кæрæдзи ардауын æмæ цæгъдыныл систы. Нæ литературæйы классиктæ, иудзинадмæ чи хъуамæ сидтаит, уыдон дæр кæрæдзи фесафыныл сæ удæй бацыдысты. Алчидæр архайдта иннæйы фесафа, цæмæй йæхæдæг аирвæза. Æмæ-иу арæх кæй фесæфтой, уый бон-иу  акодта сæхиуыл. Цæгат Ирыстоны цыдæриддæр мыхуыры органтæ уыд, уыдон ахст уыдысты “троцкистты” ныхмæ æрмæджытæй. Мыхуыр кæнын сæ чи нæ бауагътаид, уый уыдон хал ахордтаид.

Газет “Рæстдзинад”-ы уæды редактор Галаты Стъепан йæ уац “О борьбе на два фронта”, зæгъгæ, уым Фæрнионæй дур-дурыл нал ныууагъта. Поэты азымы бадардта “есенщинайæ”, хи бæстæ нæ уарзынæй, национализмæй. Банымадта йæ зианхæссæгыл. “Творчество Фарниона на 99 процентов антипролетарского содержания. Он выкрал у Коста все худшее, отрицательные стороны его творчества” (“Социалистическая Осетия”.- 1937.- №121). Афтæмæй Стъепанæн Фæрнионы разæй йæхи фехстой.

Публицист Тебиаты Юри йæ уац “Саст уадындз”-ы (“Мах дуг”.-1988.- №10) æрхаста Епхиты Тæтæри æмæ Бесаты Тазейы ныхæстæ: “Фысджыты цæдисы бирæ азтæ æнаккагæй архайдтой æхсыст трорцкисттæ, социализмы цыфыд-дæр знæгтæ Фæрнион, Дзесты Куыдзæг, Къосираты Сæрмæт…  Уыдонæн афойнадыл ныхкъуырд ничи радта. Фæрнион – ныббарæн кæмæн нæй, ахæм троцкист – æгъатырæй тох кодта партийы амындтыты ныхмæ. Йæ фыстыты дæр бæрæг у, ацы æлгъаг троцкист дыдзæсгом политикæйы хæст кæй у, уый”.

Уыцы тугуарæн азты Фæрнион куы фехъуыста, зынгæ революционер Тогъойты Данелы дæр та æрцахстой, уæд ныккатай кодта: “Уый цытæ цæуы, уый!?Ирыстоны хуыздæр адæмы ахсынц”… Афтæмæй Данел йæхæдæг та йæ уац “Возрожденная Осетия”-йы Сæрмæт æмæ Фæрнионы гермайнаг фашистон шпионтæ рахуыдта. Ахæм диссæгтæ уыдис уæды рæстæджы.

Бæрæг уыд, æрыгон фыссæджы сæрмæ сау мигътæ æмбырд кæнын кæй райдыдтой. Тебиаты Юри ма ноджыдæр йæ уац “Саст уадындз”-ы æрхаста цавæрдæр фæсномыг Кларин газет “Пролетарии Осетии”-йы кæй ныммыхуыр кодта, уыцы уацæй скъуыддзаг:  “16-æм августы партион æмбырды чидæриддæр ныхас кодта, уыдон сидтысты къæрцхъусдзинадмæ, хъуамæ знаджы æргом кæнын зонæм, зæгъгæ. Фæлæ сæ иу дæр троцкист Фæрнионы тыххæй ницы загъдта. Афтæмæй йын цыдæр хуызы бантыст партийы рæнхъытæм бацæуын. Уым ныхас кодта Фæрнион дæр, сидтис цырддзаст уæвынмæ, фæлæ кой дæр не скодта, йæхæдæг дыдзæсгом æмæ гадзрахатæй партийы ныхмæ куыд архайы, уый тыххæй” (Уый дæр уым).

Кларины уыцы уацы фæстæ фысджытæ сæ рæнхъытæй атардтой Фæрнионы, Дзесты Куыдзæгы, Къосираты Сæрмæты æмæ Жажиты Сар-дионы. Цалдæр боны фæстæ та сæ ахæстонмæ батардтой, семæ ма Малиты Георги, Къубалты Алыксандр æмæ Æрнигон дæр. Фæлæ сæ уым дæр иу ран нæ уагътой. Газет “Социалистическая Осетия”-йы 1937 азы 21 декабры рацыд æнæзонгæ авторы уац “Сталины амындтытæ”, зæгъгæ, æмæ та уый дæр йæ пырх калы уæлдæр амынд амæттæгтыл: “…Уыдон Фысджыты цæдисы æфсон сарæзтой адæмы знæгты ахстон. Литературæйæн цæттæ кодтой буржуазон – националистон кадртæ… Пролетарон диктатурæйы органтæ батыхстысты ацы контреволюцийон бандæйы “рыцартыл”, æмæ сæхион сæхи фæуыдзæн”.

Æмæ, æцæгдæр, сæхионтæ сæхи фесты. Уæдмæ уал Къубалты Алыксандр æмæ Сæрмæты æнæтæрхонæй фехстой. Ахæстоны дæргъвæтин æмгъуыдмæ сбадын кодтой Куыдзæг æмæ Малиты Георгийы. 1937 азы 28 декабры Мидхъуыддæгты комиссариаты “Тройка”-йы уынаффæмæ гæсгæ фехстой Фæрнионы дæр, уымæй цалдæр бон фæстæ, январы райдианы та Æрнигоны. Афтæ туджы зæйтæ рауагътой нæ интеллигенцийы минæвæрттыл. Æрмæст Ирыстоны фысджытæй уæд бабын 39 адæймаджы.

1958 азы Цæгат Ирыстоны Сæйраг тæрхондоны президиум йæ тæрхон аивта æмæ йæ мæлæты фæстæ сраст кодта Фæрнионы, фæлæ ма цы…

Æнамонд дуджы райгуырд æмæ цард Фæрнион. Нæ йын бауагътой райхæлын йæ курдиат. Ахæм суинаг лæппуйы цæй фæдыл фесæфтой, уый бæрæг нæу. Фæлæ уæддæр дыууын фараст азмæ йæ къухы цыдæртæ бафтыд. Йе ‘мдзæвгæты фыццаг чиныг “Зæй” рацыд 1930 азы, уый фæстæ фæзын-дысты “Байхъусут”, “Уацмыстæ”, кадджытæ “Цины дуг”, “Сæрибарыл тох”. Йæ уацмыстæй сæфгæ дæр бирæ фæкодта. Фæлæ, уæлдæр ма йæ загътон,  Фæрнионæн фыссæджы ном радта йæ роман “Уады уынæр”. Уымæн нæуæдз азмæ æввахсс нæ бамынæг йæ ахадындзинад. Уым дæр кæд бирæ аиппытæ уыд, уæддæр æй цæрын куы бауагътаиккой, уæд сфæлтæрдтаид литературон фæндæгтыл, бакуыстаид йæ аиппытыл æмæ ма нын балæвар кодтаид бирæ курдиатджын уацмыстæ.

Фæрнионæн йæ поэзи алывæрсыг куы уыдаид, пролетарон литературæйæн йæхи куынæ снывонд кодтаид, уæд йе сфæлдыстад уыдаид бирæ ахадгæдæр. Кæннод æрмæст дидинкалгæ цардыл, колхозыл, Лениныл, партийыл, тракто-рыл зарынæй поэзи нæй. Кæд ног дуджы домæнтæ хуыздæр æнхъæл æххæст кодта, уæддæр ын йæ æнæаххос уд аскъуыдтой, уыимæ æрдæгыл аскъуыд йæ сæйраг уацмысы сюжетон хахх дæр. 30-æм азты тæхгæ стъалыйау ферттывта æмæ ахуыссыд…

Джусойты   Нинæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.