Анахарсисы номыл республикон  библиотекæйы конференц-залы Уæрæсейы фысджыты цæдисы уæнг, курдиатджын поэт Пагиты Асланы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Зæрдæйы зарæг»-æн уыд презентаци. Мадзал уагъд æрцыд литературон уазæгдоны фæлгæтты, кæцы организацигонд æрцыд нæ республикæйы Культурæйы министрады æххуысæй. Мадзалмæ фæуазæг сты Хуссар Ирыстоны Абхазы республикæйы минæвар Елбачиты Алан, РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Елиса, РХИ-йы национ музейы директор, поэт Зассеты Мераб, РХИ-йы Культурæйы министрад æмæ нæ горæты библиотекæты кусджытæ, афтæ ма поэзийæн табугæнджытæ.

Презентаци бацæуæн ныхасæй байгом кодта РХИ-йы Культурæйы министр Зассеты Жаннæ. «Абон мах кадджын æмæ буц кæнæм ахæм адæймаджы, кæцы йæ хъуыдытæ, йæ зæрдæйыуаг нывæнды æмæ сæ лæгъзæй хæссы адæмы рæгъмæ æмдзæвгæты хуызы. Мах абон нæ литературон уазæгдонмæ æрбахуыдтам нæ цæгаттаг æфсымæр Пагиты Асланы. Уый канд поэт нæу, фæлæ ма у йæ раттæг адæмы патриот æмæ бафæзминаг æмбæстаг кæй фæхонæм, ахæм. Абон, æвæццæгæн, махæй бирæтæ фыццаг хатт зонгæ кæндзысты Асланы сфæлдыстадимæ æмæ уын уæд цымыдисон уыдзæнис уыдонмæ байхъусын дæр», – загъта министр. Зассеты Жаннæ ма цалдæр æмдзæвгæйы бакаст Пагиты фырты æмдзæвгæтæй уырыссаг æвзагыл. Уый ма арфæйы ныхæстæ загъта поэты номыл æмæ банысан кодта, уый стыр  курдиаты хицау кæй у. «Мæн фæнды зæгъын уый, æмæ Асланæн кæй ис Хуыцауæй радтгæ курдиат. Уый Беслæны трагедийыл ахæм зæрдæмæхъаргæ рæнхъытæ ныффыста æмæ адæймаджы баризын кæнынц», – загъта уый.

Пагиты Аслан дæр йæ рады бузныджы ныхæстæ загъта презентацимæ чи æрбацыдис æмæ йын йе сфæлдыстадæн чи табу кæны, æппæт уыдонæн æмæ банысан кодта дыууæ Ирыстоны адæмы æхсæн ахæм мадзæлттæ уадзыны ахсджиагдзинад. «Æз Хуыцауæй бузныг дæн, кæй мын ис уæ фарсмæ уæвыны фадат. Ирыстоны хуссар æмæ цæгаты дæр бирæ фыдмитæн бафæрæзтой. Бирæ цардбæллон фæсивæд фесæфтам хæстыты  æмæ террактты рæстæджы. Уый хынцгæйæ, мах абон хъуамæ кæрæдзийы фарсмæ æрбалæууæм æмæ уарзæм кæрæдзи. Уый у сæйрагдæр æмæ хъæуы лæууын уыцы фæндагыл», – загъта Пагиты фырт.

Презентацийы ма нæ цæгаттаг уазæджы сфæлдыстадыл æр-дзырдта дохтыр Пæррæстаты Сæрмæт. Уый, фыццаджыдæр, банысан кодта поэт Хетæгкаты Къостайы стилæй кæй пайда кæны æмæ йе ‘мдзæвгæты та фылдæр кæй зыны патриотизм, ныййарджытæн æмæ хистæртæн кад кæнын, сылгоймагмæ уæздан ахаст дарын. Афтæ ма йе сфæлдыстады ахсджиагдæр темæ кæй у Стыр Фыдыбæстæйон хæст, кæцыйы базыдта йæ фыдæлты, хиуæтты фæрцы. Йæ раныхасы кæрон Пæррæстаты Сæрмæт дæр бакаст цалдæр æмдзæвгæйы æмæ йын арфæтимæ йæ цæст бауарзта ноджыдæр бирæ азты дæргъы сфæлдыстадон куыст.

Пагиты Асланы цард æмæ сфæлдыстадимæ видеоæрмæджы фæр-цы зонгæ кодтой æрæмбырдуæвджыты. Курдиатджын поэт райгуырд æмæ схъомыл ис Цæгат Ирыстон-Аланийы, Уæлладжыры комы (Алагир) интеллигентон бинонты ‘хсæн. Уый сфæлдыстадон куыст райдыдта, афтæ зæгъæн ис, хæрзæрæджы – 2013 азы, фæлæ йын ныридæгæн бантыст бирæ. Йæ фыссæн сисы бынæй рацыдис 14 чиныджы. Йæ зындгонд æмдзæв-гæтæй фыст роман «Француз»-ы руаджы фыссæджы базыдтой дунейы. Романы фæнд кæнынц ратæл-мац кæнын националон æвзæгтæм Голланди, Франци, Бельги, Итали æмæ æндæр бæстæты.

Пагиты Аслан йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй йе ‘мбырдгонды фыццаг том «Француз», зæгъгæ, ахæм номимæ у йæ фыццаг æмдзæвгæтæй фыст роман. Уый райдыдта фыссын, йæ ныййарæг фыд куы фæрынчын, уæд. «Уæззау низ – гангренæйæ фæрынчын мæ фыд. Йæ къæхтæ йын сабыргай лыг кодтой æмæ лæг сæргой фæцис. Мæнæн, кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы уæззау нывмæ кæсын уыдис тынг зын æмæ-иу хъуыды кодтон, зæгъгæ, йын йæ маст æмæ йæ рыст цы æгъдауæй фæсурон, цæмæй ма йæ цард чысыл фæрухсдæр уа. Æмæ уæд æз бавдæлдтæн æмæ мæ къухмæ райстон мæ фыссæн сис, чысылæй дæр ма архайдтон æмдзæвгæтæ фыссыныл æмæ уарзтон сфæлдыстадон куыст. Афтæ сарæзтон æмæ мæ фыды дæр ме сфæлдыстадон куыстыл бафтыдтон. Афарстон-иу æй цæмæйдæрты æмæ-иу хъуыдытыл схæцыд, бараст-иу мын кодта мæ хъуыдытæ. Афтæ рынчын йæхи ирхæфста æмдзæвгæтыл, рæстæгмæ та-иу æй айрох йæ низ», – зæгъы поэт.

Пагийы фырт ма нын куыд загъта, афтæмæй уымæн йæ чингуытæ рауадзынæн уæды рæстæджы стыр æххуыс бакодта Цæгат Ирыстоны уæды Хицауады Сæрдар Тæкъоты Сергей æмæ дзы абон дæр у бузныг æмæ сæрыстыр.

Презентацийы ма поэты æм-дзæвгæтæй бакастысты мадзалы хайадисджытæй бирæтæ, уыдон æмрæнхъ РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элиса. Поэтæн йе стыр курдиаты тыххæй бузныджы ныхæстæ  загъта Зассеты Мераб æмæ йын йæ цæст бауарзта фидар æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ йе сфæлдыстадон куысты. Мадзалы ма айзæлыдысты поэты фыст æм-дзæвгæтыл зарджытæ дæр.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.