Ацы аз Культурæйы кусæджы бон нæ республикæйы ны-сан æрцыд уæрæхæй. Алыгъуызон мадзæлтты ‘хсæн зынгæ бынат бацахстой нывгæн-джыты нывты равдыстытæ. Ахæм равдыстытæй иу 27 марты уыд киноконцертон зал «Чермен»-ы. Ам æвдыст æрцыдысты не ‘мзæххон, ныртæккæ Санкт-Петербурджы цæрæг Гобозты Владимиры куыстытæ. Уый адæмы размæ рахаста 30 нывæй фылдæр. Равдысты ма фенæн ис Владимиры чызг Александрайы архитектурон проекттæ æмæ эскизтæ – æдæппæт 30-æй фылдæр.

Равдыстмæ æрбацыдысты республикæйы разамонджытæ, ахуыргæндтæ, фысджытæ, студенттæ æмæ аивадæн аргъгæнджытæ.

Равдысты йæ раныхасы Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы Президент Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, абон бæрæгбон у, бæрæгбон банысан кæнынмæ æрбацыдыстæм, фæлæ мын бар радтут, цæмæй ссарæм, æфсымæрон бæстæ Кемеровойы горæты зынгсирвæзты рæс-тæджы цы æмбæстæгтæ бабын сты, уыдон рухс нæмттæ. Иу ми-нут æдзæмæй алæууыны фæстæ Президент дарддæр дзырдта, зæгъгæ, Гобозты Владимирæн равдыстытæ бирæ фæсарæйнаг æмæ уæрæсейаг горæтты уыд, фæлæ дзы алы ран дæр ирд æмæ æргомæй зыны ирондзинад. Абон ам кæй ис, уый дæр дзурæг у йæ адæмыл йе ‘нувыддзинадыл. «Йæ нывтимæ базонгæ дæн æмæ мæм фыццаг цы хъуыдытæ сæвзæрд, уыдонæй иу уыд, цæмæннæ хъуамæ уа Гобозы фырт Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг», – дзырдта дарддæр Президент æмæ йæ фæнд æххæст дæр скодта. Гобозты Владимирæн йæ риуыл бакодта республикæйы сгуыхт нывгæнæджы кадджын нысан.

Хуссар Ирыстоны Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Цхуырбаты Тамерлан та йæ ныхасы банысан кодта, зæгъгæ, абон ардæм Гобозты Владимиры нывты равдыстмæ æрбацыд Ирыстоны интеллигенцийы иу хай. Владимиримæ ма Цхинвалы горæтмæ æрцыд Цæгат Ирыстонæй цалдæр минæвары дæр. Уый аккаг куы нæ уыдаид, уæд йæ равдыстмæ уыйбæрц адæм дæр не ‘рбацыдаид. Абон ын Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæджы ном лæвæрд кæй æрцыдис, уый дæр дзурæг у ууыл, æмæ йæ куыстытæн конд кæй æрцыд стыр аргъ.

Уый ма йе ‘ргом аздæхта республикæйы разамонджытæм, зæгъгæ, хорз уаид куы бахынциккой уавæр æмæ тагъд рæстæджы нывгæнджыты равдыстытæ фойеты нæ, фæлæ уыцы нысанæн сæрмагонд бæстыхайы куы уадзиккам.

Горæт Цхинвалы Ветеранты советы сæрдар Гобозты Æхсар равдыстмæ æрбацæуджыты раз ныхасы рацæугæйæ загъта, зæгъгæ, æхсызгон у дæ адæм, дæ мыггагæй искæмæн ахæм æнтыст куы уынай, уæд уый. Æхсар ма загъта, Владимир ын тынг æввхас адæймаг кæй у йæ чысылæй фæстæмæ, кæй сты æввахс хиуæттæ.

* * *

Ахæм мадзал ма ауагъд æрцыдис Анахарсисы номыл библиотекæйы дæр. Ам та йæ фотонывты равдыст байгом кодта хъырымаг нывисæг Саулаты Валери. Равдысты æдæппæт æвæрд æрцыдис 60 нывы бæрц. Се ‘хсæн дзæвгар ис  зындгонд адæймæгты, Хъырымы рæсугъд бынæтты, æндæр бæстæты ист къамтæ, сæрмагонд бынат дзы ахсынц Беслæны фыццæгæм скъолайы æнамонддзинад æвдисæг къамтæ.

Равдысты тыххæй сæ хъуыдытæ æмæ фæндиæгтæ дзырдтой Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Тыбылты Александры номыл паддзахадон университеты доцент Тедеты Залинæ æмæ æндæртæ.

Мадзалы фæстæ равдысты хайадисджытæ бацыдысты Сыгъдæг Æртиуон Хуыцауы аргъуанмæ æмæ цырæгътæ ссыгътой, Кемеровойы горæты зынгсирвæзты рæстæджы чи бабын, уыдон тыххæй, скуывтой, зынгсирвæзты аххосæй рынчындæттæм чи бахауд, уыдон æнæниздзинады тыххæй.

Культурæйы кусджыты боны цытæн бæрæгбон фæцис Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театры. Ам æвдыст æрцыдис Дзуццаты Тамерланы æвæрд спектакль «Антигона». Спектаклы кæрон Бибылты Анатоли бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта артисттæн, Культурæйы æппæт кусджытæн, залы уæвджытæн. Культурæйы кусæджы боны цытæн, стæй аивады къабазы се ‘нтысты тыххæй хорзæхджын æрцыдысты Быценты Циснари – лæвæрд ын æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Адæмон артисты кадджын ном æмæ Тъехты Васили. Уымæн та Президент саккаг кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисты ном.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.