Ивгъуыд аз Хуссар Ирыстонмæ æрцыд уæрæсейаг парламентариты делегаци. Йе сконды уыд Фадзайты Арсен дæр. Уыдон нæ парламентты æддагон политикæйы фæдыл комитеты сæргълæууæг Коцты Игоримæ бадзырдтой, цæмæй, хуссарирыстойнаг сывæллæтты къорд октябры мæйты баулæфа Хъырымы сывæллæтты æхсæнадæмон лагерь «Артек»-ы, уый фæдыл фыццаг хатт хуссарирыстойнаг скъоладзаутæ зындгонд лагеры улæфыдысты фарон. Уырдæм фыццаджыдæр, æрвыст æрцыдысты æххуысхъуаг бинонты сывæллæттæ, сидзæртæ æмæ иттæг хорз чи ахуыр кæны, уыцы скъоладзаутæ.

Ацы аз та республикæйы сывæллæттæй ахæм амонд каст 28 скъоладзаумæ. Уыдон ныр 22-æм сентябры абалц сты «Артек»-мæ. Улæфдзысты 13-æм октябрмæ. Скъоладзаутæн бынатмæ семæ ацыд Ахуырады министр Гасситы Натали дæр. Сывæллæттæ «Артек»-мæ ахастой концертон программæ Хуссар Ирыстоны боны цытæн, кæцы æвдыст æрцыдис 26-æм сентябры. Ам Уæрæсейы æндæр регионтæй дæр ис 800 скъоладзауы. Уыдонæн æвдыст æрцыд Хуссар Ирыстоны тыххæй киноныв, сывæллæттæ сæххæст кодтой зарджытæ, кафтытæ, кастысты æмдзæвгæтæ нæ республикæ цы зынвæндæгтыл рацыд æмæ УФ-йы руаджы цадæггай куыд æндидзы, уыдæттыл.

Ахуырады министр йæ социалон хызæджы фарсыл куыд фыссы, афтæмæй «Артек»-ы къухдариуæгад Хуссар Ирыстонæй æрцæугæ скъоладзаутыл фембæлдысты уæлдай æхсызгонæй. Адих сæ кодтой къордтыл. Ныридæгæн уыдон хайад исынц конкурсты. Лагеры парограммæйы цы алыгъуызон ерыстæ уагъд цæудзæн  спортивон ерыстæ, сфæлдыстадон, техникон æмæ экологион зонындзинæдты конкурс, уым нæ сывæллæттæ сты активон.

Министр ма куыд зæгъы, афтæмæй лагеры раздзæуджытæ бузныг сты нæ ахуырады министрадæй, ныр Хуссар Ирыстонæй дыккаг аз цы сывæллæттæ æрцыд, уыдон се ‘гъдауæй кæй хицæн кæнынц иннæ сывæллæттæй, уый тыххæй.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.