2-æм ноябры Мæскуыйы Скæсæйнаг адæмты аивæдты паддзахадон музейы залы байгом ис авд зынгæ ирон нывгæнæджы равдыст “Авд монологы”. Ирыстоны скульптортæ æмæ нывгæнджытæй. равдыстмæ хаст æрцыдысты Едзиты Сослан, Хетæгкаты Хъазбег, Гадайты Лазар, Гасситы Æхсар, Томайты Димитр, Цæрыкъаты Билар æмæ Хаситы Ритæйы куыстытæ.

Едзиты Сослан æмæ Хетæгкаты Хъазбеджы куыстытæ Мæскуымæ хаст æрцыдысты Цæгат Ирыстоны Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейæ. Иннæ фондз нывгæнæг та – сæхи сæрмагонд коллекцийы æмбырдгæндтæй.

Хетæгкаты Хъазбеджы куыстыты, сæйраджыдæр, пайдагонд цæуынц графикæ, акварель, афтæ ма ныв кæны чернилæйæ, æвзалыйæ æмæ къориджын ручкæйæ.

Едзиты Сослан у архитектор, скульптор, хъæдырмæгыл нывгæнæг, афтæ ма у хуымæтæджы дурын цырты бæсты, ингæны цыртыл чи сныв кодта, уыцы фыццаг нывгæнджытæй иу. Йæ персонажтæ сты конкретон адæймæгтæ сæхи психологон хиæдтæ, миддунеимæ æмæ историимæ.

Гадайты Æхсар дæр у скульптор, ис ын йæхи сæрмагонд рог æмæ фæлмæн хъуыдыкæнынад. Гасситы Æхсар у Гуырдзыстоны ССР-ы сгуыхт нывгæнæг, йæ конд нывты уый æвдисы Ирыстонмæ йæ уарзондзинад. Уæдæ Томайты Димитры конд нывты та дзаг сты адæймаджы  миддунейы фидардзинад, тых æмæ хæлардзинадæй. Цæрыкъаты Билары конд нывтæ хицæн кæнынц сæхи сæрмагонд æмбæхст хъуыдытæй æмæ дзаг сты метафорæтæй. Йæ сæрмагонд скульптурон формæ саразыны руаджы йæ куысты фенæн ис  архаикон æмæ æууæнкджын цæстæнгас.

Хаситы Ритæ фылдæр йæ аивадон архайды пайда кæны пейзаж, натюрморт æмæ портреты жанртæй.

Равдысты хайадисæг автортæн кæд уый размæ дæр бирæ равдыстытæм хаст æрцыдысты сæ куыстытæ, уыдис сын сæхицæн сæрмагонд равдыстытæ дæр, уæддæр сын мæскуыйæгтæ ацы равдысты сæ куысты фылдæр хай уынынц фыццаг хатт. Ацы автортæ сты алы кары адæймæгтæ, уыдон сæ аивадон архайды равдыстой Ирыстоны рагон æмæ нырыккон истори.

Нæ зынгæ нывгæнджытæ æмæ скульпторты куыстæн стыр аргъ чи кæны, уыдонæй сæ иу у Батырты Сослан. У цæгатирыстойнаг, фæлæ ныртæккæ цæры Мæкуыйы. Уый нын телефоны руаджы радзырдта йæ тæлмæнтæ ацы равдысты тыххæй.

«Мæнæн тынг æхсызгон у, ахæм цымыдисон равдыст кæй байгом ис Ирыстонæн æддейæ. Хаст æм æрцыдысты ацы курдиатджын нывгæнджыты æмæ скульпторты хуыздæр куыстытæ. Равдыстой сæ ирон адæмы хъæздыг истори æмæ рæсугъд культурæ, куыд скульптурæйæ, афтæ хуызфыссынады дæр. Æз ацы равдыстмæ æрбацæугæйæ, райстон стыр æхцондзинад æмæ ма мæ зæрды ис, цæмæй та йæм ногæй æрбацæуон», – радзырдта нын Батырты Сослан.

Равдысты ма æвдыст цæуы нывгæн-джыты æмæ скульпторты цардуаджы тыххæй документалон фильмтæ,  уыдон руаджы равдыстмæ æрбацæуджытæ ноджыдæр хуыздæр зонгæ кæной Ирыстоны аивадимæ.

Ацы равдыст гом уыдзæнис 2-æм ноябрæй 3-æм декабрмæ.

Бацæттæ йæ кодта

           Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.