Ацы аз 15 азы æххæст кæны августы хæстыл. Рæстæг куыд лидзы, афтæ мах хуыздæр æмбарæм, хæсты цæхæрыл чи рацыд æмæ йæ Райгуырæн бæстæйы æхсæвæй-бонæй постыты лæугæйæ чи хъахъхъæдта, æмæ знаджы ныхмæ чи хæцыд, уыдон хъæбатырдзинад. 8-æм август куы ‘рбалæууы, уæд Цхуырбаты Рутены бинонтæн уæлдай тынгдæр сног вæййы, фынддæс азы размæйы бавзаргæ трагеди. 2008 азы фесæфтой сæ уарзон хъæбул æмæ хъæбатыр æфсымæры.

Цхуырбаты Батырæн йæ хо Ханиффæ цæссыгкалгæйæ æрымысы, зæгъгæ, ме ‘фсымæр йæхиуыл нæ ауæрста, нæдæр куысты бацæугæйæ, нæдæр знаджы ныхмæ тох кæнгæйæ. Æдзух тырныдта уымæ, цæмæй йæ разы цы хæс æрæвæрдтаид, уый сæххæст кодтаид, йæхи зæрдæмæ æмæ адæмы зæрдæмæ дæр куыд фæцæуа, ахæм хуызы.

Батыр куы рахъомыл, уæдæй фæстæмæ уыдис ахæм ныфсхаст лæппу. Скъола каст куы фæцис, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд Цхинвалы автоскъоламæ. Уæдмæ йæм æрсидтысты æфсадмæ, Райгуырæн бæстæйы раз йæ хæс бафидынмæ. Цалдæр хатты, кæм службæ кодта, уыцы æфсæддон хайы командæкæнынад Батыры ныййарджытæм æрæрвыста арфæйы фыстæджытæ. Арфæ сын кодтой, ахæм лæппу кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй. Райста старшинæйы цин, афтæмæй æрæздæхт йæ райгуырæн уæзæгмæ. Кусын райдыдта нырма шофырæй, стæй та бацыд Дзауы суары заводмæ. Ам дæр йæхи равдыста хорз кусæг, хорз æмбалæй. Хорз кад ын уыдис йе ‘мбæлтты хсæн дæр æмæ заводы разамонджыты цæсты дæр. Æвзæр нæ цыдысты йæ хъуыддæгтæ заводы кусгæйæ, фæлæ йæ райгуырæн Ирыстон тæссаг уавæры кæй уыд, гуырдзиаг фашисттæ йæм кæй лæбурдтой, уый уыдта æмæ йын ахæм æвæлмон куыст ад нал кодта, фæндыдис æй, Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны хъуыддаджы фылдæр пайда кæм æрхæсдзæн, ахæм бынаты æрлæууын æмæ фашистон лæгсырдтæн аккаг ныхкъуырд дæттын.

Цхуырбайы фырт ма шофыры курсыты куы ахуыр кодта, уæд цымыдис кодта канд автомашинæ ахуыр кæнынмæ нæ, фæлæ æндæр механизмты сусæгдзинæдтæ базонынмæ дæр. Æмæ бацыд службæ кæнынмæ танкæйон батальонмæ. Батальон лæууыдис Дзауы, фæлæ фынддæс азы размæ августы мæйы райдианы уавæр карздæр кæнын куы райдыдта, уæд Цхуырбаты лæппу æмæ йе ‘мбæлтты сæ танктимæ рарвыстой Зары хъæумæ. Уым уыдис сæ пост.

Танчы люкæй фæстæмæ

тугкалгæ æрхауд

Батыры хæстон æмбал, дзауаг Коцты Михаил нын куыд радзырдта, афтæмæй 2008 азы 7-æм августы гуырдзиаг фашисттæ Цъунары хъæумæ куы лæбурдтой, уæд адон дæр сæхи цæттæ кæнын райдыдтой знаджы ныхмæ хæсты бацæуынмæ. 8-æм августы тыххæй нын Коцты лæппу афтæ радзырдта:

– Горæт тынг куы райдыдтой æхсын гуырдзиæгтæ, уæд мах атагъд кодтам, горæт чи хъахъхъæдта, уыдонæн баххуыс кæнынмæ, фæлæ нæ рацæуынæн тынг хъыгдардтой гуырдзиаг хæдтæхджытæ, бомбæтæ згъæлстой æмæ уымæ гæсгæ æмбæхстыстæм хъæды. Уавæр чысыл куы фæсабыр ис, уæд мах ратагъд кодтам горæтмæ, фæлæ уæдмæ гуырдзиæгтæ апырх сты горæты уынгты. Мах æнхъæл уыдыстæм, зæгъгæ, Тъбеты æрцæуæн фæндаг сæрибар уыдзæнис, фæлæ афтæ нæ разынд. Ам дæр уыдысты гуырдзиаг танктæ æмæ нæ куы суыдтой, уæд нæ райдыдтой æхсын. Мах уыдтам, гуырдзиаг хæдтæхджытæ горæтыл бомбæтæ куыд калдтой. Бастдзинад дæр нал уыд, цæмæй кæрæдзийы уавæр зыдтаиккам. Мах æртæ танкыл æрхæццæ стæм Тъбетмæ. Ам нæм æрбаиу сты æртæ уæрæсейаг танчы. Уыдонæн дæр æмæ махæн дæр нæ хъуыды уыдис, цæмæй, Шанхайы районы чи лæууыд, уыцы фидауынгæнæг тыхтæм баиу уыдаиккам, фæлæ уыцы хъуыддаг махæй раздæр сæ къухты бафтыд уырыссаг танкисттæн. Уыдон комкоммæ фæндагыл нæ, фæлæ быдыртыл ацыдысты æмæ баиу сты фидауынгæнæг тыхтæм. Мах дæр архайдтам уырдæм баирвæзыныл, фæлæ та-иу нæ гуырдзиæгтæ æхсын райдыдтой æмæ нын нал лæвæрдтой размæ ацæуыны фадат. Стæй нæ техникæ дæр бынтон хорз нæ куыста. Ардæм нæ комкоммæ æхсын куы райдыдтой, уæд нын уым лæууæн нал уыдис. Хъуыдис нæ исты хуызы ацы цæхæрæй аирвæзын æмæ уæд фæстæмæ Тъбеты ‘рдæм мæ ных сарæзтон, мæ фæстæ цыдис иннæ танк дæр. Иу рæстæджы нæ танчы цур æрхауд радон снаряд æмæ нæ машинæ æртæрдыгæй ссыгъдис. Фæстæмæ та куы акастæн, уæд ауыдтон æвирхъау ныв: Батыр танчы люкæй фæстæмæ æрхауд, йæ туг кæлы, афтæмæй. Æз аскъуыддзаг кодтон: мæ цæф æмбалы хъуамæ фæхæццæ кæнон рынчындонмæ. Горæты рынчындонмæ нæ фæндæгтæ æхгæд уыдысты. Уæд бамбæрстон, Дзауы рынчындонæй дарддæр мын ацæуæн кæй никуыдæм ис, уый æмæ скъæрдтон размæ Зары фæндагыл. Мæ алывæрсты гуырдзиæгты снарядтæ куыд калдысты, уый хатгæ дæр нал кодтон.

Ахæм тыхст уавæры æрбахæццæ дæн Галуанты хъæумæ. Ам æрбаййæфтон иу рог машинæ. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй уый разынд Къæбулты Мишикы. Нæ уавæр нын куы бамбæрста, уæд мын загъта, зæгъгæ, ам æнхъæлмæ кæсын мæ бинонтæм, чизоны, сæ исчи ардæм æрбахæццæ кæна, уæд сæ ардыгæй мæхæдæг акæнин Цæгат Ирыстонмæ. Фæлæ, иугæр сымах ахæм уавæры стут, уæд уал, зæгъгæ, мæ бинонты дæр фæуадздзынæн. Батыры уæззау цæфтæй райстам танкæй. Ахæм уæззау цæфтæ уыдис æмæ йæм къухæй бавналынмæ дæр йæ ныфс ничи хаста. Шофыр мын аххуыс кодта æмæ йæ сæвæрдтам машинæйыл. Батырæн уыцы уæззау цæфтæ цы хъизæмар æвзарын кодтой, уый куыннæ хатыдыстæм уыцы дард фæндагыл, фæлæ уæддæр йæхи фидар кодта, цæмæй йæ рис махæн зын ма уыдаид. Иу рæстæджы ма нæ дон дæр æркуырдта, йæ былтæ йын дзы схуылыдз кодтам æмæ атындзыдтам дарддæр. Атындзыдтам, фæлæ…

Батыры хо Ханиффæ йæ мысинæгты дзырдта, йе ‘фсымæр йæхиуыл кæй никуы ауæрста. «Куы-иу æй фæдзæхстам, дæхи хъахъхъæн, зæгъгæ, хæст уæддæр хæст у, нæмыджы ныхмæ афтæ æргомæй цæуæн нæй, уæд-иу хъазгæмхасæн афтæ бакодта, зæгъгæ, мæнæн нæдæр цардæмбал ис, нæдæр – сывæллæттæ, мæхи кæй сомбоны тыххæй хъахъхъæнон, ахæмæй мын ничи ис. Знагæй та мын хъахъхъæнинаг сты мæ ирон адæм, мæ ирон сывæллæттæ. Уыдон тыххæй, куы бахъæуа, уæд мæ цард дæр нæ бавгъау кæндзынæн, фæлæ йæ знагæн лæвар нæ радтдзынæн».

Ханиффæйæн Цæгат Ирыстонмæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, Батыр уæззау цæф у æмæ тагъд хæццæ кæн. Бæргæ ма ратагъд кодта, фæлæ уый йæ мадызæнæджы цы хуызæнæй æрæййæфта, уый макæцы хо бавзарæд…

Кæд фынддæс азы рацыд Батыры амæлæтыл, уæддæр йæ бинонтæ, йе ввахс адæм æмæ йæ хæстон æмбæлттæй рох нæу йæ рухс ном æмæ цы хъайтардзинад равдыста, уый. Æрвылаз дæр ын бацæуынц йæ уæлмæрдмæ, йæ рухс ном ын ссарынц æмæ йын йæ ингæныл сæвæрынц дидинджытæ. Цхуырбаты Батыры йæ хъæбатырдзинады тыххæй йæ амæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой республикæйы иууыл уæлдæр хорзæх – Уацамонгæйы орденæй.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.