2008-æм азы августы хæстон архайдтыты хайад чи иста, уыдоны æмрæнхъ уыдис Кокайты Рамаз дæр. Цыппæрдæс азы размæ лæппу йæхицæн дзырд радта царды йæ къухтæм хæцæнгарз кæй нал райсдзæн. Уый уыдис 2008 азы 26 августы, хæсты фæудæй дыууæ къуыри фæстæдæр, Уæрæсейы уæды президент Дмитри Медведев Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уыцы бон.

«Нæ хæдбардзинад нын куы банымадтой, уый адæм куы фехъуыстой, уæд се ‘ппæт дæр цыдысты Театралон фæзуатмæ, æхстой фырцинæй. Æз уæд æрæвæрдтон мæ автомат æмæ расомы кодтон, мæ къухтæм æй кæй никуыуал райсдзынæн», — зæгъы Рамаз.

«Æз мæ царды ахæм сабыр æхсæв никуыма федтон. Ахæм сабыр уыдис æмæ мыл абоны онг дæр ахæм сабырдзинад тас æфтауы. Æхсæвы нæм штабмæ æрбацыд уæды президент Кокойты Эдуард, кæцы лæппутæн фехъусын кодта, зæгъгæ, ныртæккæ телеуынынады Гуырдзыстоны президент Михаил Саакашвили фехъусын ныфс бавæрдта, хæст кæй нæ уыдзæнис, уымæй. Фæлæ иу сахаты фæстæ райхъуыст фыццаг срæмыгъд. Нырма дæр мæ хъустыл уайы, уыцы хæцæнгарзы æхситт. Уый уыдис фыццаг минæ. Уый фæстæ æхсын райдыдтой „Град“-æй. Раст æй цыма зонгæ кодтой знæгтæ мах рæвдауæндоны кæй уыдыстæм, уыйау сабидоныл райдыдтой бомбæтæ калын», — йæ мысинæгтæ дзырдта лæппу.

Лæппутæ рæвдауæндонæй балыгъдысты ныккæндмæ, кæцы уæвынад кодта республикон библиотекæмæ хæстæг, цыран фесты иуцасдæр рæстæг. Ныккæнды цы бирæнымæц лæппутæ уыдис, уыдонæн сæ фылдæр уыдысты бархионтæ.

«Райсомæй нæ арвыстой Тъбеты хъæумæ. Федтам, горæты ‘рдæм цас техникæ цыд, ме ‘рдхорд ма хынджылæг дæр кодта: «Ныгæнгæ та сæ кæм бакæндзыстæм, кæм? Цас уыдысты, уый цæмæй бамбарат, уый тыххæй уæ цæстытыл ауайын кæнут: æрбабон, уæлейæ кæсут æмæ уынут уыцы фæндаг, æфсæддонтæм уый хуыйны „эффект змеи“. Уыдон уыйбæрц уыдысты æмæ сæ кæрон нæ зынд. Æвæццæгæн, знаджы техникæ лæууыд цыппор километры дæргъæн», — дарддæр йæ ныхас кæны Рамаз.

Уыцы рæстæджы лæппуты къорды æхсын райдыдтой, кæцытæм æрмæстдæр уыдис автоматтæ. Уыдон апырх сты æнæхъæн районыл, иутæ дзы алыгъдысты горæты æрдæм, иннæтæ та — уазæгдон «Алан»-ы æрдæм. Уазæгдоны ‘рдæм алыгъд Рамаз дæр.

«Ме ‘нкъарæнтæ тынг зын радæттæн сты — ды лидзыс æмæ дæ алыварс та æппæт дæр пырх кæны. Æгæрыстæмæй, худгæ дæр бакодтон: «Мыййаг исты киноныв исæм». Горæт æнæхъæнæй дæр уыдис фæздæджы бын. Иууыл æхсызгондæр мын уый уыдис æмæ кæуыл æмбæлдтæн, уыдонæй иу адæймаг дæр афтæ нæ загъта, хæст райдыдта, фæлæ сæ алкæмæн дæр йæ зæрдæ рыст нæ горæт Цхинвалыл æмæ æппынæдзух дæр фæлхатт кодтой: «уый нын нæ горæтæн цы ми бакодтой», — дзырдта хæстон.

Иуахæмы Рамазы æрдхорз фæцæф ис — сармадзаны схъис йæ къахыл сæмбæлд æмæ йын йæ дзидзайæ атыдта. Бабастой йын æй æмæ дыууæ сахаты онг ныккæнды фæбадтысты. Рамаз дзуры, зæгъгæ йын абоны онг дæр тынг зын вæййы ныккæндмæ ныххизын, кæд хæстæй уыйбæрц рæстæг рацыдис, уæддæр. Дарддæр сæхи нал баурæдтой æмæ цасдæр рæстæджы фæстæ рабырыдысты ныккæнды кæройнаг рудзынгæй æмæ алы рæттæм апырх сты.

Иуафон фæндагыл Рамазыл сымбæлд йæ зонгæ, кæцы йын загъта, зæгъгæ, Остъаты æфсымæрты уынджы, ома, Кокайы фырт кæм цард, уыцы хæдзар ныппырх. Уым цардысты лæппуйæн йæ ныййарджытæ. Уыцы рæстæг дзы æдæппæт дæр ферох — лыгъд систа йæ хæдзары æрдæм! Уыцы уысм сыхаг уынджы уыд стыр срæмыгъд æмæ æмбæхсæндон агургæйæ балыгъд иу хæдзары кæртмæ. Лæппуйæн йæхи ныхæстæм гæсгæ, цыма йын æй йæ миддæгагон хъæлæс дзырдта, ацы хæдзарыл ноджыдæр иу снаряд сымбæлдзæн, зæгъгæ, афтæ уыйау фездæхтис фæстæмæ. Æмæ æцæгæй дæр, сармадзаны нæмыг æрхауд Рамазмæ хæстæг æмæ йæ йæ уылæн иуварс фехста. Уæд æй бахъуыд цæхæрадæттыл ахъуызын.

«Кæсын æмæ уынын æмбæндтæ. Сæ сæрты куыд ахызтæн, уый хатгæ дæр нæ фæкодтон мæ фыртасæй. Нæ хæдзар, Хуыцау хорз, пырх нæ разынд. Фæзылдтæн йæ къуымты æмæ куы никæй ссардтон, уæд мæ уæрджытыл æрхаудæн æмæ мæ кæуын нал баурæдтон, мæхи хордтон — мæ къухты хæцæнгарз, афтæмæй, ме ‘ввахс адæмы та фесæфтон», — дзырдта лæппу.

Уыцы æхсæв дæр уыдис сабыр, уырыссаг хæдтæхджытæ ныппырх кодтой гуырдзиаг æфсады, кæцытæ æрбынат кодтой Тулдзы къохы. Дыккаг бон Рамаз ссардта йæ ныййарджыты, сбадын сæ кодта машинæйыл æмæ сæ Дзауы районмæ акодта, йæхæдæг раздæхт фæстæмæ горæтмæ. Уыцы рæстæгмæ уырыссаг æфсад Цхинвалмæ æрбахызт æмæ тох цыдис горæты кæрæтты.

«Дарддæр æз нал цыдтæн, уымæн æмæ уый мах хæст нал уыдис. Тынг бирæ лæппутæ сæхи равдыстой æцæг хъайтартæй, уыдоны æхсæн бынтон æвзонг лæппутæ, зæгъæм, Бежанты Æхсар, Лолаты Аслан, Харебаты Алан æмæ бирæ æндæртæ. Æдасдзинады паддзахадон комитет, тагъд фердæхты сæрмагонд къорд æмæ милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды структурæты лæппутæ æцæгæй дæр, сæ бон цы нæ уыдис, уый дæр сарызтой сæ райгуырæн зæхх бахъахъхъæны тыххæй», — зæгъы Кокайы-фырт.

Хæсты фæстæ Рамазы бахъуыд бирæ рæстæджы йæхицæн хос кæнын. Дохтыртæ йын загътой, зæгъгæ, срæмыгъды уылæны цæфæй дæ рæуджытæ бахъыгдард сты. Хæстон архайдтыты хайад исыны тыххæй Рамаз 2009 азы хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» майданæй. Уыцы рæстæгæй рацыдис цыппæрдæс азы. Рамазы ныхæстæм гæсгæ уый цин кæны йæ царды алы боныл дæр. Арæх бацæуы нæ горæты Ногдзауты паркмæ, кæцы хæсты фæстæ лæппутæ сæхæдæг ныссыгъдæг кодтой æмæ сывæллæтты циныл уый дæр фæцин кæны.

«Уый у тынг амондджын уысм, адæймагмæ кæддæрты кæуын дæр фæцæуы. Тынг уарзын сывæллæтты æмæ мæ фæнды, цæмæй кæддæриддæр цæрой сыгъдæг цъæх арвы бын», — йæ ныхас балхынцъ кодта Кокайты Рамаз.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.