2008-æм азы августы мæйы хæст Хуссар Ирыстоны сабыруарзаг адæмы ныхмæ карз æмæ æнæмсæр уыд, кæд чысыл рæстæг ахаста, уæддæр бирæ æбуалгъ хъуыддæгтæ ныууагъта йæ фæстæ, дзæвгар уыд йæ фыдбылыз, абон дæр нæма басур сты  зæрдæрыст адæмы судзгæ цæссыгтæ. Ацы тугуарæн хæст арф хъæдгом ныууагъта æмткæй Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрджытыл дæр, уыцы цаутæ ногæй æрымысгæйæ алкæй уæнгтæ дæр баризынц, масты фæлм  цæсгомæй нал фæсысы. Ахæм зын æмæ уæззау рæстæджы алчи дæр балæууыд кæрæдзи фарсмæ, уымæн æмæ зыдтой , тыхст бонты иумиаг тыхы ахадындзинадæн йæ хъомыс фылдæр кæй вæййы, уый.

   Ацы хъæуы цæрæг Мæлдзыгаты Славик æмæ бирæ рæстæг фæкуыста бæлццæттæласæн автобусыл, уыцы арфæйаг куыст йæ уæзласæн машинæйыл кæны абоны бон та «Дорэкспострой»-ы куыстуаты. Хуссар Ирыстон тыхст уавæры куы бахауд, уæд йæ райдианæй фæстæмæ лæууыд йе ‘мхъæуккаг хъахъхъæнджыты рæнхъыты æмæ йæ хайбавæрд хаста фыдгулыл тагъддæр фæуæлахизы хъуыддагмæ. Сабиты иурæстæджы æдасдæры тыххæй æрвыстой Цæгат Ирыстонмæ, уыцы ахсджиаг хæслæвæрд цыбыр рæстæгмæ æххæст кæнынæн хъуыд фердæхтдзинад æмæ фæразондзинад, уымæн æмæ фæндаг дæр нæ уыд зæрдæйы фæндиаг. Уыцы хъуыддаджы, хъæуы иннæ шофыртау, йæхи хорз равдыста Мæлдзыгайы фырт дæр æмæ дзы уый тыххæй бузныг сты абоны бон дæр. Æхсæв æмæ бон нæ хицæн кæнгæйæ, хъæуы цæрджытæ æрбахизæнтæ хъахъхъæдтой алы рæтты. Нæ, æнцон нæ уыд акъоппыты лæууын, æгъуыссæг æхсæвтæ æрвитын, знаджы ныхмæ хъæддых лæууын. Фæлæ быхстой, фæрæзта Мæлдзыгайы фырт дæр, уымæн æмæ уыцы хæслæвæрд æххæст кæнын баст уыд Хуссар Ирыстоны рæсугъд фидæныл.

   2008-æм азы августы хæсты гуырдзиаг хотыхджынтæ æнауæрдонæй бырстой нæ горæт æмæ хъæутæм, хъомысджын хотыхтæн нал уыд æрæнцой. Зын уыд уыцы хæсты ирон хæстонтæн, фæлæ уæддæр сæ сæртæ не ркъул кодтой, кæд сæм фаг хæстон техникæ нæ уыд, уæддæр ныхкъуырд лæвæрдтой сæ ныхмæлæууæгæн. Иугæр-иу æхстытæ чысыл куы фæсабыр сты, уæд сæ хъус дардтой адæмы æнцойадмæ, хъæуы уавæрмæ. Иу рæстæджы Славик æмæ йæ хæстон æмбæлттæ Бæззаты Ермак æмæ Джиоты Сева азылдысты хъæуыл, куыддæр иу кæронмæ схæццæ сты æд хæдтулгæ, афтæ уыдонмæ æввахс хъомысджын сармадзаны нæмгуытæ цалдæр раны æрхаудысты. Хъуыд уыцы тæссаг æхстытæй хи бахъахъхъæнын, иу дзæвгар куы рацыдысты, уæд Славик йæ хæдтулгæ баурæдта æдасдæр бынаты. Чысыл фалдæр бандоныл бадынц дыууæ нæлгоймаджы, куы сæм баввахс сты, уæд сæ фæрсынц æмæ ныхасы рæстæджы рабæрæг, уыдон кæй сты Уæрæсейаг телеуынынады журналисттæ. Уыдон сæ хæслæвæрд æххæст кодтой хъæуы кæрон, фæлæ æхстытæ куы сытынг сты гуырдзиæгты æрдыгæй, уæд æдасдæры тыххæй æрбафтыдысты ацы бынатмæ, сæ машинæ та бынаты баззад. Мæлдзыгайы фырт сæ райста дæгъæлтæ æмæ хъуызгæ-хъуызгæ, цæхæрадоны æмбонды сæрты хизгæйæ, бахæццæ уыцы ранмæ. Уæдмæ та сытынг сты æхстытæ цады цурæй, æрæмбæхст æмæ æнхъæлмæ каст, кæд та æрсабыр уыдзæн бæстæ, уымæ. Уæддæр йæхи нæ басаста æмæ хъуызгæ цыдæй ныххæццæ машинæйы цурмæ, фæстæмæ цæугæйæ, æдасдæры тыххæй йæ фæндаг акодта æндæр рæтты. Йæ бинонтæм дæр æхсайдта йæ зæрдæ, уым ма æмбæхст уыдысты æввахс æмæ дард сыхаг сылгоймæгтæ дæр.

  Чысыл фæстæдæр бахæццæ банысангонд бынатмæ, куыддæр æй ауыдтой, афтæ йыл уацхæсджытæ тынг фæцин кодтой, арфæтæ йын кодтой йæ адæймагдзинад æмæ хъæбатырдзинады тыххæй. Куы фæхицæн сты кæрæдзийæ, уæд ма фæхъуыды кодта Славик, кæй сын нæ базыдта сæ нæмттæ, уый. Фæстæдæр ацы цау радзырдта Лохты Джамбулатæн, (уыцы рæстæджы Лохы фырт цард Мæскуыйы), уый æрфарста æмæ базыдта уыцы уацхæсджыты æмæ се ‘ххуысгæнæгæн æрæрвыстой арфæйы ныхæстæ. Славикы дыууæ хæстон æмбал-Ермак æмæ Сева хорзæхджын æрцыдысты нæ республикæйы Кады хорзæхтæй, Мæлдзыгайы фырт рохуаты аззад. Хорзæх дæр хорз у, фæлæ æппæты ахсджиагдæрыл нымайы, Хуссар Ирыстоны сæрибардзинадмæ йæ чысыл хайбавæрд кæй бахаста, йæ адæм сабыр арвы бын кæй цæрынц, уый.

                                                              ХУЫБИАТЫ Никъала 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.