Саби а-дунемæ куы фæзыны, уæд лæварæн айсы хæзнаты хæзна – мадæлон æвзаг. Мадæлон æвзаг, Фыдыбæстæ – алы нацийæн дæр лæвæрд сты Хуыцауæй æмæ сæ хъуамæ алчидæр уарза æмæ сын кад кæна. Алы адæймагæн дæр йæ царды æппæты зынаргъдæр æмæ стырдæр хæзнатæ хъуамæ уой йæ Райгуырæн бæстæ æмæ йæ мадæлон æвзаг. Фæлæ цымæ алыхатт афтæ вæййы, иууылдæр аргъ кæнæм нæ мадæлон æвзагæн?

Цас ын аргъ кæнæм, ууыл цасдæрбæрцæй дзурæг у – 2023 азы дыккаг æмбисæн бынæттон периодикон мыхуыр рафыссыны кампани куыд ацыд, уый дæр. «Югосетпечать»-ы хистæр Саулохты Зоя нын куыд загъта, афтæмæй банысангонд æмгъуыдмæ газет «Хурзæрин»  рафыстой 1128 адæймаджы, уыцы нымæцы Знауыры районы – 153, Цхинвалы районы – 242; Дзауы районы – 105; Къуайсайы – 63; æмæ Ленингоры районы та – 147 экземпляры.  Цхинвалы районы ирон газет алыхатт дæр рафыссынц иууыл фылдæр æмæ сын уый тыххæй зæгъæм арфæйы ныхæстæ. Уыимæ ма банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Цхинвалы районы Арцеуы хъæуы иунæг газет дæр кæй нæ рафыстой. Ортъеуы хъæуы та рафыстой газет «Республика» (9 экз) æмæ дыууæ та – журнал «Фидиуæг». Афтæ ма зæгъын хъæуы уый дæр æмæ Цхинвалы районы администрацийы райфойы иу «Хурзæрин» дæр кæй нæ рафыстой, районы администрацийы ахуыры хайад та рафыста дыууæ «Хурзæрин»-ы. Цхинвалы районы мидхъуыддæгты управлени рафыста 65 бынæттон газеты, фæлæ, стыр хъыгагæн, се ‘хсæн бынат нæ разынд иунæг ирон газет «Хурзæрин»-æн.

Уый хыгъд, банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ РХИ-йы хъæды хæдзарады управлени (йæ сæргълæууæг Чилæхсаты Таймураз) алы аз дæр кæй рафыссы цалдæр «Хурзæрин»-ы, ныр дæр та рафыстой авд экземпляры æмæ сын уый тыххæй зæгъæм бузныг. Газет «Южная Осетия»-йæн та 2023 азы дыккаг æмбисæн йæ тираж у 1477 экземпляры. Уæдæ куыд уынæм, афтæмæй бынæттон периодикон мыхуыр рафыссыны хъуыддаг у хуыздæрхъуаг. Ацы азы фыццаг æмбисæн бæрæг фæкъаддæр ис газетрафысджыты нымæц. Фæлæ цæмæн хъæуы лæгъстæ кæнын газет рафыссыны тыххæй. Æндæр стыр паддзахадтау нæ чысыл æвзонг республикæйы дæр цалдæргай газеттæ мыхуыр куынæ цæуынц, мыййаг. Иунæг ирон газетæн уæлдай тынгдæр кад кæнын  кæй хъæуы, уый цæмæннæ æмбарæм. Уал азы дæргъы ма нæ лæппуты хуыздæртæ сæ Фыдызæхх хъахъхъæнгæйæ се ‘взонг цард нывондæн цæй тыххæй æрхастой, кæд афтæ суæлæхох стæм нæ мадæлон æвзагыл, уæд ?

«Югосетпечать»-ы хистæр Саулохты Зоя куыд банысан кодта, афтæмæй ивгъуыд аз бынæттон мыхуыр рафыссыны тыххæй фыстæджытæ арвыстой РХИ-йы хицауад, министрадтæ æмæ ведомствотæм, фæлæ уавæр ницы уадиссаг фæхуыздæр. Саулохты чызг йæ катайдзинад равдыста, бынæттон газеттæ æмæ журнал рафыссыны процесс фæстаг азты бæрæг кæй февзæрдæр, уый фæдыл. «Фæнды мæ бахатын не ‘мбæстæгтæм, цæмæй алы ирон хæдзары бинонтæ дæр исой нæ республикæйы уагъдцæуæг иунæг ирон газет «Хурзæрин». Газеты фæрстыл бакæсæн ис алыгъуызон темæтыл фыст цымыдисон æрмæджытæн. Ирон газет уырыссаг æвзагыл уагъдцæуæг газеттæй фæстæ ницæмæй лæууы. Зынаргъ газеткæсджытæ, бынæттон мыхуыры фæрæзтæн рафыссæн ис æрвылмæйæ дæр. Æрбацæут «Югосетпечать»-мæ æмæ рафыссут газеттæ», – æрсидт цæрджытæм Саулохты Зоя.

Уый ма йæ катайдзинад равдыста, цалдæр азы размæ хуссарирыстойнаг периодикон мыхуыры фæрæзты Уæрæсейы каталогмæ кæй нал бахастой æмæ абоны онг дæр ацы фарст скъуыддзаг кæй нæма æрцыд, уый тыххæй дæр. Мах æмхуызонæй куынæ уарзæм нæ мадæлон æвзаг, стыр Къостайы æвзаг, уæд нæ хъуыддæгтæ зæрдæйы фæндиаг никуы уыдзысты. Хъуамæ ирон адæм сæ зæрдыл дарой æмæ сæ иу уысм дæр рох ма уа, ирон адæмы кадджын фырт, стыр ахуыргонд, Абайты Васойы фæдзæхст: «Бæлас акæлы, йæ уидæгтæ йын зæххæй куы стонай, уæд. Æвзаг амæлы, йæ уидæгтæ йын бинонты ‘хсæн куы сыскъуынай, уæд. Уымæ гæсгæ, ирон лæг, де ‘взаг хъахъхъæн дæ бинонты ‘хсæн». Ацы ахсджиаг фæдзæхст зæрдыл даргæйæ, алчидæр хъуамæ архайа йæ мадæлон æвзагыл дзурынмæ æмæ ирон мыхуыры фæрæзтæ кæсынмæ. Ацы ахсджиаг хъуыддаг махæй алкæйы хæс дæр у. Фæлæ ирон адæмæй алчи ацы фæдзæхст кæй не ‘ххæст кæны, уымæн та æвдисæн у нæ республикæйы мыхуырцæуæг периодикон мыхуыры фæрæзтæй йæ тираж  къаддæр кæй вæййы иунæг ирон газет «Хурзæрин»-æн.

Уыимæ ацы знæт æмæ вазыгджын уавæры кæд алцыдæр фæзынаргъдæр, уæддæр газеты аргъ ныр цалдæр азы дæргъы у æрмæстдæр 330 сомы.

Æвзаджы хъысмæт – адæмы хъысмæт. Зынаргъ æмбæстæгтæ! Равдисут æмбаргæдзинад æмæ рафыссут газет «Хурзæрин» æмæ та уын уæ хæдзæрттæм хæсдзæн фарны хабæрттæ.

Джиоты Екатерина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.