Æвзонг нитуралистты станцы æнгом коллектив сæ директор Мæргъиты Ирбеджы сæргълæудæй æппæт дæр аразынц рæзгæ фæлтæры хæрзиуæгæн. Ам цы бирæ уæлæмхас ахуырадон программæтæ уæвынад кæнынц, уыдоны ‘хсæн ис «Ирон къæбиц»-ы программæ дæр. Куыд иннæ кружоктæм, афтæ ардæм дæр сывæллæттæ цæуынц æнæзивæгæй. Ахуыргæнæг Хъоцыты Фирæ сывæллæтты ахуыр кæны ирон хæринæгтæ аразыныл. Ирон хæринæгты ‘хсæн уæлдай сæрмагонд бынат ирон уæливыхтæн кæй ис, уый бæрæг уыд, 8-æм майы ахуырадон уагдон цы «Ирон уæливыхты бæрæгбон» ауагъта, уымæй дæр. Хъоцыты чызг йæ чысыл хъомылгæнинæгтæ  нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы 6-æм къласы ахуыргæнинæгтимæ сцæттæ кодтой ирон уæливыхты цалдæр хуызы. Бацæттæ кодтой сценари дæр ирон адæмы царды уæливыхтæн цы стыр нысаниуæг ис, уый тыххæй.

Станцы ног сцалцæггонд актон залмæ æрбамбырд сты уагдоны кусджытæ, ахуырдзаутæ, æрхонгæ уазджытæ. Залмæ бахизгæйæ адæймаг æнæбанкъаргæ нæ фæцис ирон уæливыхты адджын тæф, цыран стъолтыл æвæрд уыдысты хæрзад уæливыхты 12 хуызы. Æрæмбырдуæвджыты размæ рахызтысты ахуыргæнинæгтæ. Мадзаламонæг Чысиаты Викæ раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн æмæ цыбыртæй ра-дзырдта, уæливых ирон национ къæбицы цахæм бынат ахсы, уый тыххæй.

Ирон уæливых куыд фæзынд, уый тыххæй бирæ легендæтæ баззад. Иу ахæм легендæимæ æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта скъоладзау Тедеты Аннæ. Раджы заманы иу хæххон хъæуы цард æвзонг лæппу Алæмæт, уый æнæкæрон уарзтæй бауарзта хъæздыг лæджы чызг Зæринæйы. Зæринæйæн алцыдæр уыд хъæздыгдзинадæй, æгæрыстæмæй, йæ номы фыццаг хай дæр нысан кодта «зæрин», ома, сыгъзæрин æмæ ма йын Алæмæт йæ зæрдæ цæмæй хъуамæ балхæдтаид? Уæд лæппу сфæнд кодта æмæ йын балæвар кодта цы йæм уыд, уый – хъарм хуры тынтæ, зæххы бæркад æмæ удæгасгæнæг дон. Хуры зæлдаг тынтæ, зæххы бæркад æмæ удæгасгæнæг суадоны ахадындзинад баиу сты æртæ улæивыхы скондыл æмæ уæдæй фæстæмæ иунæг бæрæгбон дæр æнæ æртæ уæливых нал вæййы.

Уæливыхты хузытæ сты алыгъуызон, куыд зæгъæм: хæбизджын, картофджын, зокъо-джын, хъæдурджын, цæхæраджын, фыдджын, сæкæрджын, балджын, насджын, къабускъаджын, сойджын, хъæдындзджын æмæ æндæртæ. Ирон адæм рагзаманты кодтой цæугæ цард æмæ сæ къухы цы уыд, уымæй кодтой сæ уæливыхтæ. Уæливыхты бирæ хуызтæ та базыдтой фæстæдæр. Ахуыргæнинæгтæ радзырдтой æртæ уæливыхы нысаниуæджы тыххæй. Уæливыхтæн ис сæхи культон æмæ магион нысаниуæг. Зæгъæм, ирон фынгыл уæливыхтæ, сæрмагондæй та æртæ хæбизджыны бæрæгбоны рæстæджы æвæрд цыдысты æмæ ныр дæр цæуынц фынджы сæр, хистæры раз. Æртæ кæрдзынæй уæллаг нысан кодта хур – дунейы рухс æмæ тавæг, астæуккаг уæливых – дон æмæ æртыккаг, ома, бынаг уæливых та – зæххы нысан, нæ дарæг.

Алы адæмæн дæр ис сæхи æгъдæуттæ, кæцытæ æвдисынц нацийы цæсгом æмæ культурæ. Зæгъæм, Уæрæсейы уазæгыл æмбæлынц цæхх æмæ дзулимæ. Ирон адæммæ та – æртæ уæливыхимæ. Æмæ,  зæгъ, мах ацы æгъдау макуы хъуамæ ферох кæнæм. Кæронбæттæны мадзаламонæг æрсидт æрæмбырдуæвджытæм æмæ загъта, цæмæй алы ирон хæдзары æфсин дæр йæхдæг кæна йе ‘ртæ уæливыхы, нæ фыдæлтæ куыд кодтой, афтæ. Уымæн æмæ, зæгъ, ирон уæливыхтæ сты хæдзары фарн, уыдонæй фæкувæм Хуыцаумæ.

Сывæллæттæ сæххæст кодтой цалдæр кафты. Дзырдтой уыци-уыцитæ æмæ сын залы уæвæг сывæллæттæ дзуапп кодтой. Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ Æвзонг натуралистты станцы директор Мæргъиты Ирбег ахæм мадзæлтты рæстæджы скъоладзау лæппутимæ кæй кæны хъомыладон куыст дæр. Уый æртæ уæливых æмæ бæгæныйы гарз кæм уыд, уыцы фынджы фарсмæ æрбахуыдта æвзонг лæппуты æмæ сын амыдта ирон фынджы æгъдæуттæ, ирон куывдтытæ. Йæ алы куывды фæстæ дæр лæппутæ дзырдтой оммен, зæгъгæ.

Мæргъиты Ирбег загъта, зæгъгæ, фæстаг рæстæджы ирон хæдзæртты æфсинтæ сæхæдæг нал кæнынц ирон уæливыхтæ, фæлæ сæ азакъаз кæнынц. Æмæ, зæгъ, афтæ дарддæр куы ахæсса, уæд фидæны ирон сылгоймæгтæ ирон уæливыхтæ кæнын нал зондзысты. Æвзонг натуралистты станцы ахуыры хайы сæргълæууæг Гасситы Дзерассæ нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ 7-æм майы та Цхинвалы скъола-интернаты ахуыргæнинæгтимæ аугътой мадзал «Мир вокруг нас», зæгъгæ. Ацы мадзалæн дæр уыд стыр нысаниуæг. Сцæттæ кодтой плакат, цыран фыст уыдысты: «Хъахъхъæнут уæлдæф!, Хъахъхъæнут дон!, Хъахъхъæнут зæхх!  Плакатыл кæронæй ныв уыд стыр зæрдæ, ома, хорз митæ æвæрæн къопп. Сывæллæттæ гæххæтæй сарæзтой чысыл зæрдæтæ, цыран ныффыстой сæхæдæг цы хæрзиуæгон хъуыддæгтæ сарæзтой, уыдоны тыххæй æмæ сæ баныхæстой стыр зæрдæйыл. Зæгъæм, сывæллæттæй сæ иу ныффыста, зæгъгæ, баххуыс кодта, дзæгъæл къæбылатæн, кæцытæн амард сæ мад. Æндæр та ныффыста, зæгъгæ, баххуыс кодта йæ базыр кæмæн асаст, ахæм маргъæн æмæ афтæ дарддæр. Плакаты астæу та ныв уыд адæймаджы цæсгом æнкъардæй, фæлæ сывæллæтты хорз митæм кæсгæйæ, ома, уæлдæф, донмæ, зæххмæ аудгæ ахаст даргæйæ, адæймаджы цæсгом фæхъæлдзæгдæр æмæ худæндзастæй разынд. Уадз, æмæ алыхатт дæр афтæ худæндзаст уæд нæ хорз хъуыддæгтæй! Уæдæ æрмæст ацы дыууæ мадзалæй дæр станцы кусджытæ сывæл-лæттимæ бакодтой, стыр нысаниуæг кæмæн ис, ахæм хъомыладон куыст. Сывæллон та чысылæй цæуыл сахуыр вæййы, уый адарддæр кæны йæ дарддæры царды дæр.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.