Геологи, экологи æмæ æрдзæй пайда кæныны комитеты зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ хъахъхъæныны хайады сæргълæууæг Гæззаты Юри куыд зæгъы, афтæмæй бакуыстой сæрмагонд программæйыл, кæцымæ гæсгæ Хицауад хъуамæ сæрмагонд хъусдард аздаха цуангæнджыты æхсæнадмæ.

«Куыд зонæм, афтæмæй фæстаг азты нæ хъæдты сарæх сты бирæгътæ æмæ хæдмæлхортæ. Уыдонæн сæ нымæц фылдæрæй фылдæр кæны. Лæбурынц сæр-вæтты фосмæ, уыцыиу рæстæджы æрбаргæвдынц фосæй цалдæргæйтты. Æмæ канд сæрвæттæм нæ лæбурынц, фæлæ цæуынц хъæутæм дæр, æдæрсгæйæ ба-цæуынц, фос кæм вæййы, уырдæм. Тæссаг у, адæмæн сæхиуыл дæр куы фæхæцой, уымæй. Уымæ гæсгæ мах бакуыстам сæрмагонд программæйыл, кæцымæ гæс-гæ куынæг цæудзысты бирæгътæ, хæдмæлхортæ æмæ рувæстæ», – зæгъы Гæззаты Юри.

Уый куыд загъта, афтæмæй ивгъуыд зымæг бирæгътæ иууыл тынгдæр сарæх сты Цхинвал æмæ Знауыры районты. Иуæй-иу хъæуты цæрджытæн сæ хæдзæрттæ кæрæдзимæ дæрддзæф кæй сты, уымæ гæсгæ сæ хъæлæба уадиссаг нæ фæхъуысы æмæ хъæддаг сырдтæ ахæм ранмæ сæ ныфс тынгдæр фæхæссынц. «Махмæ ис бирæгътæ куынæг кæныны ныхмæ «Цуангæнджыты æхсæнад», йæ сæргълæууæг у Букуылты Чермен. Уый æрæмбырд кодта, цуан кæнын чи уарзы, ахæм лæппутæй цалдæры. Уыдонмæ куы бахаты комитет, уæд тугдзых сырдтыл фæцуан кæнынц. Фæлæ, цæмæй цуангæнæг йæ куыст активонæй бакæна, уый тыххæй йын бафидын хъæуы æхцайы фæрæзтæ. Уымæй дарддæр ма цуанон хъуамæ ифтонг уа транспортæй, æртагæй, нæмыгæй. Зæгъæм, Цæгат Ирыстон-Аланийы иу бирæгъ амарæггаг цуанонæн фидынц 5-10 мин сомы, махмæ та – 1500 сомы. Фидгæ та сын сæ кæнынц афтæ:  кæцы бирæгъ амарай, уымæн хъуамæ ралыг кæнай йæ хъустæ æмæ сæ бавдисай «Югосетпотребнадзор»-мæ. Уым кæддæр бафиддзысты бирæгъ амарæггаг – 1500 сомы, хæдмæлхорæн та – 1 мин сомы. Афтæмæй та бирæгътыл цуан кæнын æнцон нæу, зонын ын хъæуы йæ миниу-джытæ. Йæ фæдыл хъуамæ цуан кæной цуанонты дыууæ къорды. Уымæн æмæ ацы тугдзых сырд у хинæйдзаг. Уымæ гæсгæ йæм рындзыл хъуамæ æнхъæлмæ кæсой æндæр цуанонтæ. Стæй ма зонын хъæуы, бирæгътæн дæр сæхи закъæттæ кæй ис. Иу бирæгъ иннæйы территоримæ ницы бар дары. Кæм цуан кæны, уый фæзонынц иннæтæ æмæ уырдæм æввахс нæ балæу-уынц.

Тугдзых йæ холы бафиппайгæйæ ныхъус вæййы æмæ йæм хъуызын райдайы. Æппæт ацы сусæгдзинæдтæ зонынц цуанонтæ æмæ фæагурынц уавæртæ, цæмæй ахæм рæстæджы бирæгъыл фæхæст уой. Иу рæстæджы цуанонты æхсæнадæн æхца куынæуал фыстой, уæд нып-пырхс сты æмæ бирæгътæ сæрибарæй тезгъо кæнын райдыдтой хъæдмæ  хæстæг хъæуты уынгты. Букуылты Чермены хъæппæрисæй ногæй æрæмбырд сты цуанонтæ, финансон æххуыс та сын бакодта нæ бæстæйы сæргълæууæг. Куыст размæ феггуырст, цуанонтæ дæр райгондæй æххæст кодтой сæ куыст. Бирæгъты нымæц къаддæрæй-къаддæр кодта æмæ адæмæн тасдзинад нал æвзæрын кодтой. Цуан кæныны рæстæг фæззæджы лæвæрд цæуы цуанонтæн зæронд уставмæ гæсгæ. Фæлæ зонын хъæуы бирæгъты нымæц тагъд кæй бирæ кæны. Мадæл бирæгъ апрелы мæйы ныззайы 7-8 лæппыны. Уыцы рæстæджы мад-бирæгъ æппынæдзухæй вæййы лæппынты фарсмæ, нæл бирæгъ та хæринаг фæамал кæны. Сæрды æмбисмæ бирæгъы лæппынтæ байрæзынц æмæ уыдон дæр фæцуан кæнынц. Бирæ æнæбон цæрæгойты бахæрынц – сагты, сæгуытты лæппынтæ. Уæлдай æмхиц сты хъæддаг хуытæм. Нæ ауæрдынц, хъæугæрон сæрвæтты цы фос хизы, уыдоныл дæр. Ахæм сезон дæр хъæуы бирæгъты куынæг кæнын, фæлæ уый зæронд уставы фыст нæ уыд», – зæгъы Юри.

Ныр, ног программæйы, кæцыйыл бакуыста Гæззаты Юрийы хайад, æвдыст æрцыд уыцы нюанстæ, цуангæнджытæн цы æхцайы фæрæзтæ фыст цыд бирæгъ æмæ хæдмæлхортæ амарыны тыххæй, уыдон дæр цасдæрбæрцæй фæфылдæр уыдзысты. Сæрмагонд спецификон дарæс, æртаг æмæ нæмгуытæн дæр хицæн цæудзæнис конкретон суммæ. Уæд цуанонтæ дæр нæ зивæг кæндзысты сæ куыст лæмбынæг бакæнынмæ. Ног программæмæ хаст æрцыд æрранизы ныхмæ прафилактикон куыстытæ бакæнын.

Гæззаты Юри куыд загъта кæронбæттæны, афтæмæй ацы документ лæвæрд æрцыд хицауадмæ. Иу мæйы æмгъуыдмæ уыдон æркæсдзысты æмæ сахуыр кæндзысты программæ, кæд ма дзы исты баххæсткæнинæгтæ уа, уæд сыл бакусдзæнис Геологи, экологи æмæ æрдзæй пайдакæныны комитет æмæ уый фæстæ   ист æрцæудзæнис.

Уазæгты Марфа

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.