25-æм январæй 25-æм февралмæ нæ республикæйы территорийыл бар ис тугдзых сырдтыл цуан кæнынæн. Цуан кæныны бар нæй æрмæстдæр  Хуссар Ирыстоны тобæгонд зонæты. Æрдзон ресурсты комитет фæдзæхсы, цæмæй цуангæнджытæ ма цæуой тобæгонд зонæтæм. Зонкъары æвæрд хъæдмæ æрæджы бафтыд Знауыры районы Нагутни, Лопъан æмæ Бухары комы иу хай. Цуан кæныны бар тугдзых сырдтыл уадзы Цуангæнджыты цæдисы æхсæнад Букуылты Чермены сæргълæудæй. Хуыздæр цуангæнджытæн лæвæрд  цæудзæн æхцайы  премитæ.

Кæд, Советон дуджы сырæзт Хуссар Иры «Цуанонтæ æмæ кæсагахасджыты» æхсæнад, уæддæр фæстаг азты нал куыста. Уыцы æхсæнады  уæнгтæ-иу уыдысты фæлтæрд цуангæнджытæ, мардтой сæрмагондæй ахæм тугдзых сырдты, кæцытæ зиан хастой цæрджытæн адæмон хæдзарадæн, стæй ма хъæддаг сырдтæй пайдахæссæг цæрæгойтæн дæр.

Нæ республикæйы хъæуты цæрджытæ рагæй фæстæмæ дæр фосдарды куыст кæнынц. Уыдонæн та сæ фыддæр знаг у бирæгъ. Раздæр иу бирæгъ кæд дзæгъæл фосыл нæ ауæрста, уæд фæстаг азты та лæбуры комкоммæ хъæумæ дæр.

Цуангæнджыты æхсæнады хистæр Букуылты Чермен куыд зæгъы, афтæмæй бирæгъты нымæц ныртæккæ бирæ фæфылдæр. Æнæуый дæр сæ мыггаг тагъд бирæ кæны. Цот кæнын райдайынц апрелы,мадæл бирæгъ ныззайы 6-8 лæппыны. Сæрды æмбисмæ лæппынтæ бахъомыл вæййынц æмæ цуан кæнын райдайынц сагтæ, сæгуыттæ æмæ æндæр  æнæбон  сырдтыл.

Букуылты Чермен куыд зæгъы, афтæмæй, цуангæнджыты æхсæнад куы фехæлд æмæ тугдзых сырдтæ куы-нæг кæй нал цыдысты, уый аххосæй рæзы сæ нымæц. Цалынмæ адæмы къухы æхсæнгарз уыд, уæдмæ хъæуты цæрджытæ архайдтой сæхи тыхтæй бирæгътæ марыныл. Бирæгъ æмæ  æндæр тугдзых сырдтæ мары-нæн ис сæхи фæткойтæ: «Бирæгъыл цуан кæнын æнцон нæу. Хинæйдзаг у бирæгъ, хатт цуанонты фæрсты ахъуызы. Стæй зонын хъæуы бирæгъы миниуджытæ дæр. Иуран 2-3 бонæй фылдæр нæ лæууы, йæ территоримæ та æввахс никæй уадзы. Кæм цуан кæны, уый ахсы цалдæр квадратон километры. Холы куы фены, уæд йæхи ныхъус кæны æмæ йæм хъуызын райдайы. Тæссаг уавæры та йæ лыгъдыл цæст нæ хæцы», – ра-дзырдта Цуангæнджыты æхсæнады хистæр.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй йын Цуангæнджыты æхсæнад сæндидзын кæнынæн  æххуыс кодта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Цы æхцайы фæрæзтæ сын рахицæн кодта, уымæй сæхи бацæттæ кодтой. Бирæгъ амарæккаг цуангæнæгæн фыст цæуы 1.500 сомы, хæдмæлхор амарыны тыххæй та – 1 мин сомы. Хæдмæлхортæ амарын æнцондæр у, уыдоныл цуанкæныны рæстæджы амардæуыд дыууыны бæрц. Цуан цæудзæнис иннæ рай-онты дæр.

2015-2017 азты нæ республикæйы территорийыл æрранизы эпидеми куы уыд, уæд ист æрцыд паддзахадон программæ, кæцымæ гæсгæ преми лæвæрд цыд, уыцы низ цы хъæддаг сырдтæ парахат кæнынц, уыдон ныхмæ чи тох кæна, уыцы цуангæнджытæн. Уæд нæ республикæйы территорийыл амардтой 200 бирæгъæй фылдæр.

Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.