Юмористон радзырд

Цопан сæ хъæуы фосдарды фермæйы уæзласæн машинæтæй сæ иуыл кусы. Фермæ советон дуджы колхозы уыд, фæлæ фæстæдæр, фосы куы ныпаплой кодтой, уæд æй сæ хъæуккаг фердæхтджын, амалхъом лæг йæхи бакодта, балхæдта фос æмæ та ногæй фермæйы хуызæн рацис. Хъæуæн бирæ уыгæрдæнтæ нæ уыд  фермæйы æмæ цæрджыты фос дæр холлæгтæй хъуаг æййæфтой æмæ-иу фæззæджы арæх цыдысты Мæздæгмæ холлæгтæ ласынмæ. Иу ахæмы та ацыдысты цыппар шофырæй. Семæ Цопан дæр.  Фæстæмæ здæхгæйæ, цавæрдæр æнæзонгæ хъæуы, фæндаджы былыл дыууæ хотыхджын адæймаджы алыварс цалдæр адæймаджы лæууынц æмæ цымыдисæй кæсынц, лыстæг бæндæны лыггæгтæй баст чи уыдысты, уыцы къæбылатæм. Бæндæны лыггæгтыл хæцыдис хотыхджынтæй сæ иу. «Æвæццæгæн, цуангæнджытæ сты æмæ сæ цуанон куыдзы къæбылаты уæй кæнынц», – ахъуыды кодта Цопан æмæ машинæйы цыд æрсабыр кодта, сæ цурмæ куы бахæццæ, уæд та йæ уромгæ æркодта æмæ сæм кабинкæйæ радзырдта, уæййаг сты, зæгъгæ, уæ  къæбылатæ?

– Уæййаг сты, уæдæ, цы!  лæппутæй йæм сæ иу йе ‘ргом раздæхта æмæ йын дзуапп радта.

– Хорз мыггаг куыдзы къæбылатæ сты. Стæй – аслам. Нæ фæфæсмон кæндзынæ, – йæ винтовкæйы рон йæ уæхскыл арфдæр бассыдта, афтæмæй зæгъы дыккаг.

– Цуанон куыдзы къæбылатæ уыдзысты, кæй зæгъын æй хъæуы, – цыма сын сæ ныхæстæ хъусгæ дæр нæ фæкодта Цопан, уыйау бацымыдис кодта къæбылатæм æмæ сæм нымдзаст. Уыдон знæт каст кодтой, ивæзтой сæхи алырдæмыты.

– Ахæм цуанон куыдзы мыггаг ам, Ирыстоны никуы ссардзынæ. Элкхаунд куыдзы мыггагæй сты. Норвегиаг. Цуан дæр хорз кæнынц æмæ хæдзары дæр хорз хъахъхъæнынц. Стæй сæ хицауыл дæр æнувыд сты. Бæргæ нын уæймæ не ‘нтысынц, фæлæ нæ тагъдыл æхца хъæуы æмæ… – йæ ныхас баппæрста æртыккаг, æнæдаст, тыппырдзæсгом лæппу.

Элкхаунд мыггаг хорз цуанон куыдз у, уымæн Цопан ницы зыдта, фæлæ йæ кæмдæр йæ зæрдæйы къуымы бауырныдта, афтæ кæй уыдзæн, хорз цуанон куыдз дзы кæй хъуамæ рауайа æмæ сæ аргъæй афарста:

– Иу къæбылайы дзы цас кæнут?

– Иу къæбылайы?.. – ногæй йæ афарста æнæдаст лæппу æмæ йæ роцъо дауыныл схæцыд.

– Цæй, цы зæгъдзыстут?  æппынфæстаг бадзырдта йе ‘мбæлттæм.

– Бæргæ зынаргъ куыдзы къæбылатæ сты, фæлæ, куы ма загътам, æхца нæ тагъдыл хъæ-уы… Æртæ миныл æй радтæм?  уый дæр та фæрсы иннæты.

– Æртæ?  Æгæр аслам у!..

– Элкхаунд куыдзы хъæвдын æртæ миныл радтæм?  кæрæдзийы фæрсыныл схæцыдысты.

– Цавæр æртæ мины у, ау, куыдзы лæппын йедтæмæ исты у? – сæ ныхмæ фæлæууыд Цопан.

– Афтæ дæр ма зæгъ. Йæ ранмæ куы ацæуа, уæд йæ 15-20 мины раз ницы фæлæудзæн.

– Дыууæ æмæ æрдæг мины уын дæттын æмæ дзы иуы кæнын, –  цæхгæр загъта Цопан.

Лæппутæ фæхъуыдыйыл сты.

– Цæй, куыд бакæнæм, – фæрсы сæ иу иннæты.

– Цы бакæнæм, гъа, нæ тыхстыл нæ æрæййæфта ацы лæг æмæ… дызæрдæггæнæгау бакодта дыккаг.

– Цæй, базар базар у, чидæр дзы хъуамæ фембылды уа… – сразы уыцы аргъыл æртыккаг.

Бафидыдтой æлхæнæг æмæ къæбылауæйгæнджытæ, фæлæ ма Цопанмæ лæппутæй сæ иу бахатыд:

– Зоныс цы, ацы хорз лæг, æххæст иннæйы дæр балхæн, дæттæм дын æй уыцы аргъыл æмæ мах дæр нæ фæндагыл ацæуæм. Нæ фæфæсмон кæндзынæ. Бахъомыл сæ кæн æмæ дзы сæ иуы ауæй кæн  цы сыл бахардз кæнай, уый дывæр-æртывæрæй сисдзынæ.

Цопан фæхъуыдыйыл. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, горæты йæ хæстæг уалдзæджы дыууæ хъыбылы куыд балхæны, зымæджы æрбалæудмæ сæм куыд базилы, стæй дзы сæ иуы æргæвдгæ акæны, иннæйы та уæй æмæ йæ хæрдзты уæлдайджынтæй бамбæрзы. Æниу Цопаны ацы хъæвдынтæй иу дæр нæ хъæуы, кæцы цуанон лæг уый у. О, ис æм винтовкæ, фæлæ уый сырдты тæрсын кæнынæн у, цæмæй фосмæ ма лæбурой. Цуанон лæг йæ каис у æмæ йæ æлхæнгæ дæр уымæн кæны. Асламæй йæ  кæй балхæдта, уый дæр ын цæмæн хъуамæ зæгъа. Зæгъдзæнис ын, фондз минæй йæ кæй балхæдта. Фæрæзджын лæг у, нæ фæмæгуыр уыдзæн. Фæлæ дыккаг къæбылайæн цы бакæна? Балхæна æмæ йæ стæй ауæй кæна? Æмæ уæй цæмæн? Уадз æмæ йын йæ хæдзары, йæ фосы хъахъхъæна.

Æмæ дын Цопан дыккаг къæбылайы дæр куы балхæнид. Цы афтид фæндаггон сумкæ  йæм уыд кабинæйы, уый райста æмæ сæ уым ныррæцыгъта, стæй йæ змейкæйæ æрбахгæдта, æрмæст кæронмæ нæ,  иу дзы йæ сæр куыд радардтаид, афтæ йæ ныууагъта. Бавæрдта йæ бынаты фæстæмæ  сумкæйы, стæй йæхæдæг дæр бабадт рулы фарсмæ æмæ араст йæ фæндагыл йе ‘мбæлтты фæстæ.

Цопан, машинæ скъæргæйæ, арæх æркæс-æркæс кæны йæ къæхты фарсмæ сумкæмæ. Цы зыхъхъыр дзы ныууагъта, уырдыгæй къæбылатæй сæ иу йæ сæр радардта. Иннæйы дæр бæргæ фæфæнды афтæ бакæнын, фæлæ дзы дыууæ сæры нæ цæуынц, æрмæст дзы разынынц йæ бырынчъытæ. Уыцы рæстæджы, æвæццæгæн, алхъивы йе ‘мбалы хъуыр æмæ йæ сæр сумкæйы фæтары вæййы. Уый дæр ма æндæр цы хъæуы æмæ сæрибарæй йæ сæр радары. Фæлæ йе ‘мбалы æмбисонд тагъд йæхи дæр баййафы.

– Гъе, уæ мард фесæфа, кæд уын цæй бирæгъы бакаст ис. Уагæры куы бахъомыл уат, уæд цы уыдзыстут, цы! Æвæццæгæн, домбаймæ дæр уæ ныфс бахæсдзыстут. Уæ иуы мæхицæн ныууадздзынæн, фæлæ уæ кæцы уыдзæнис, уый нæ зонын. Хæдзары уæм дзæбæх æркæстытæ кæнон. Хуыздæр, сæрæндæр уæ чи уа, уый мæн уыдзæн. Фæззæджы, стæй уалдзæджы дæр бирæгътæ сарæх вæййынц, фæбырсынц хъæумæ æмæ-иу сын аккаг фæуыдзæнис, чи уæ баззайа, уый», – дзырдта къæбылатимæ  Цопан æмæ хорз зæрдæйы равгимæ тардта йæ машинæ размæ.

Фæндаг даргъ уыд. Цопан йе ‘мбæлтты баййæфта æмæ та иумæ сæ цыды хай дарддæр кодтой. Иу ран, фæндаггæрон хæрæндоны раз баурæдтой асихор кæныны тыххæй. Цопан иннæ шофыртæн аппæлыд, норвегиаг цуанон куыдзы къæбылатæ кæй балхæдта æмæ уыдон дæр бацымыдис кодтой, алæма, цавæр къæбылатæ сты, зæгъгæ. Лæг сумкæ райста æмæ сын æй сæ разы æрæвæрдта, байгом æй кодта æмæ сын сæ бæттæнты кæрæтты йæ къухтæм райста. Къæбылатæ сгæппытæ кодтой сумкæйæ æмæ алырдæмыты рæдувынтæ систой.

– Нырма къæбылатæ сты, афтæмæй сын цæй фердæхт ис…

– Зæгъгæ бахъомыл сты – бæхджын лæджы æрисдзысты… – кæрæдзийы дзыхæй истой ныхас Цопаны æмбæлттæ.

Æрмæстдæр æртыккаг лæг, къæбылатæм лæмбынæг фæракæс-бакæс кæнгæйæ, æппын-фæстаг йæ дызæрдыгдзинад равдыста:

– Ай уын мæ къух, кæд бирæгъы лæппынтæ не сты!

– Цæй бирæгъы лæппынтæ æмæ цæй цыдæртæ,  йæ къухтæ йыл стылдта Цопан. – Цуангæн-джытæ уыдысты, сæ цуанон куыдз дæр сæ цуры уыд æмæ, дам, уый къæбылатæ сты. Æцæг, уымæн йæ хуыз сырхбын уыдис, фæлæ, дам,  куы бахъомыл уой, уæд йæ хуызæн суыдзысты. Сæ мыггаг та Элкхаунд хуыйны. Цуан кæнынæн дæр бæззынц æмæ, дам, хæдзары дæр хорз хъахъхъæнынц.

– Нæ зонын… чизоны ис ахæм куыдзы мыггаг, – йæ уæхсджыты хæрдмæ фессыдта, афтæмæй дызæрдыггæнгæ бакодта уыцы лæг.

«Куыдзы фырт, бирæгъы лæппынтæ мын сæ рахуыдта», – машинæ скъæрдта, афтæмæй ног æмæ ногæй фæлхатт кодта ацы ныхæсты йæхинымæр Цопан. Йæ маст æм рафыхт, фæлæ къæбылатæм куы ‘ркæсы, уæд æрбайсæфы уыцы маст æмæ та йæ зæрдæ хурварс абады. Цæуынц йæ зæрдæмæ Цопанæн Элкхаунд мыггаг куыдзы къæбылатæ! Уымæн æмæ йæм сæ мад хорз куыдз фæкаст. «Цуан кæнынæн дæр бæззынц, хæдзар, фосы хъахъ-хъæнынæн дæр. Сæ иуы цуан кæнынæн мæ каис акæндзæн, иннæ та мын мæ хæдзар, мæ фосы хъахъхъæндзæн», – ноджы фидардæрæй алыг кодта Цопан æмæ цыма, цы хорз зæрдæйы равгыл уыд, уый машинæмæ дæр рахызт, уыйау рогæй уад лæгъз фæндагыл æмæ йæ  æввахсæй æввахсдæр кодта йæ хæдзармæ.

Хъæумæ æрцæугæйæ, Цопан фермæйы цур холлæгты æфтауцдоны ракалдта хъæмпыты бастыты, стæй машинæйы йæ хæдзары раз баурæдта, райста, къæбылатæ кæм уыдысты, уыцы сумкæйы æмæ йæхинымæр заргæ бахызт кæртмæ. Уым ыл атымбыл сты йæ сывæллæттæ. Афтæ æнхъæлдтой сумкæйы сын истытæ æрхаста, фæлæ къæбылатæй сæ иуæн йæ сæр, иннæмæн та йæ бырынчъытæ куы ауыдтой, уæд фергъуыйау сты:

– Къæбылатæ!

– Къæбылатæ!  кæрæдзийы дзыхæй истой æмæ сыл цин кæнын райдыдтой. Фæлæ къæбылатæн сывæллæтты фенд æхсызгон нæ уыд, искæйы къух-иу сæм куы æрбахæстæг, уæд-иу сæ дæндæгтæ фæзыхъхъыр кодтой хæцынæввонг.

Хъæлæбамæ Симæ, Цопаны цардæмбал, дæр рахызт хæдзарæй æмæ къæбылаты куы ауыдта, уæд йæ мойы фæрсы:

– Адоны та кæцæй æрхастай? Цы сæ кæныс?

– Цы сæ кæнын, цы сæ кæнын… – буцтæгæнæгау дзуры Цопан.  Зоныс, цахæм куыдзы къæбылатæ сты? Цуанон куыдзы, стæй хъахъхъæнгæ дæр хорз кæнынц, адæймагæн, дам, йæхиуыл дæр тынг æнувыд сты. Ферох дæ ис, де ‘фсымæр цуангæнæг кæй у? Иу дзы уымæн ратдзынæн, иннæ та нын нæ хæдзары, нæ фосы хъахъхъæндзæнис. Элкхаунд хуыйны сæ мыггаг. Норвегиаг куыдзы мыггаг!

Сылгоймаг сæм лæмбынæг ныккаст, уæлдай ницыуал загъта, фæлæ дызæрдыггæнгæ йæ сæр банкъуыста.

– Цы, дæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты?  – бацымыдис кодта лæг.

– Цыдæр сын хъæддаг бакаст ис…

– Ахæм у, ахæм сæ мыггаг, хъуамæ тæрсгæ ма кæной. Нырма уал бахъомыл уой, æндæра сæ цахæм куыйтæ рауайа!  ныфсджынæй загъта йæ хъуыды Цопан, стæй систа зæххæй сумкæйы æмæ сæ байбынмæ бахаста. Уым сæ фæйнæ сæджындзыл æрбаста, «бынат сын саразын хъæуы» – загъта йæхинымæр æмæ хæдзармæ фæцæуæг  даргъ фæндаджы фæстæ йæ æрулæфын хъуыд.

Цопан йæ къæбылатыл хъуыды кæнгæйæ, фыццаджыдæр цы сарæзта, уый – йæ каисмæ фæдзырдта. Цæгат Ирыстоны цæры æмæ Цопан къæбылаты куы балхæдта, уæд ахъуыды кодта, зæгъгæ, йæм дзы иу бадæттон, фæлæ фæндагыл уыдис, кæм цард, уырдæм та сахаты бæрц цæуын хъуыд, стæй йæ нæ фæндыд йе ‘мбæлттæй фæиппæрд уæвын. Æмæ йæм ныр куы фæдзырдта, зæгъгæ, дын цуанон куыдзы къæбыла балхæдтон, стæй дзы куы сæппæлыд, зæгъгæ, Элкхаунд мыггагæй у, норвегиаг, куыд цуан кæнынæн, афтæ хъахъхъæнынæн дæр кæй бæззы, йæхицæн дæр дзы иу къæбыла кæй балхæдта, уæд бынтон байрад каисы зæрдæ йе сиахсæй, кæд, фæлтæрд цуанон уæвгæйæ, ахæм куыдзы мыггаг никуы фехъуыста, уæддæр. Ныффæдзæхста йæ, цæмæй йæм хорз кæса æмæ йын рæстæг куы фæуа, уæд кæй ацæудзæн æмæ йæ кæй раласдзæн.

Фæлæ каисæн рæстæг нæ фæцис æмæ къæбыла Цопанмæ баззадис суанг уалдзæгмæ. Дыууæ къæбыламæ дæр зылд, зымæгон хуытæм куыд фæзилынц, афтæ. Йæхæдæг цы хордта, уыдонæн дæр уый хæрын кодта. Æмæ уыдон дæр рæзтысты, уæдæ цы!

Йæ зæрдæ рад йæ къæбылатæй Цопанæн æмæ-иу йæ цин æнæфергом нæ фæцис йæ сыхæгтæн, хъæубæстæн, уазæджы охыл-иу æм чи бафтыд, уыдонæн. Уыдон дæр-иу бацымыдис кодтой къæбылатæм. Æмæ-иу сын цалынмæ къæбылаты уынын кодта, уæдмæ æппæ-лыныл схæцыд, хорз цуанон куыдзы къæбылатæ кæй сты, сæ мыггаг Элкхаунд кæй хуыйны, цуан дæр æмæ хъахъхъæнгæ дæр кæй кæнынц, адæймагыл æнувыд кæй сты. Фæлæ-иу, къæбылаты фенгæйæ, уыцы ныхæстæ ницыуал сахадыдтой æмæ-иу дзы чи-дæртæ дызæрдыггæнгæ бакодтой:

– Цопан, кæд, мыййаг, бирæгъы лæппынтæ сты…

Бирæгъы коймæ Цопан тынг мæсты кодта æмæ уый чи зыдта, уыдонæй йæ кой ничи скодтаид, фæлæ-иу сæ хъуыды æндæр-гъуызон бамбарын кодтой:

– Цыдæр сæ хуыз æгæр цъæх у… – дзырдтой иутæ.

– Сæ бакаст сырды бакаст у… дзырдтой æндæртæ.

Се ‘хсæн-иу разынд ахæмтæ дæр, кæцытæ-иу Цопаны æвварс рахæцыдысты:

– Æвæццæгæн, сæ мыггаг ахæм у, бауадзут сæ, бахъомыл уой æмæ сæ фендзыстæм.

Æмæ хъомыл кодтой къæбылатæ. Суанг уалдзæгмæ. Бакæс сæм ныр æмæ – цæттæ куыйтæ!

Фос хизынмæ цæуын райдыдтой, скъæты сæ нал дардтой, сæ кæртыты уыдысты æхсæвыгон. Уалдзæджы та æххормаг бирæгъ-тæ сæхи æввахсдæр ласын райдыдтой хъæутæм æмæ зиан кодтой цæрджыты фосæн. Æмæ дын Цопан йæ дыууæ куыдзы скъæты раз кæрты иу кæрон æрбаста. Цæмæй кæртмæ бирæгъ ма бахъуыза æмæ фыстæй ма ахæсса.

Изæры фыстæ хизæнæй куы æрцыдысты, уæд сæ Цопан кæртмæ баздæхта æмæ каудуар рахгæдта. Фыстæ райдианы куыйты нæ ауыдтой, фæлæ сæм куы фæкастысты æмæ  сæ рохты се ‘рдæм тонгæ куы ауыдтой, уæд кæрты дарддæр къуымы стыгуыр сты æмæ сæм дзагъырдзастæй, тарстгъуызæй кæсынц. Цопан та фыстæм кæсы дзагъырдзастæй.

– Цы кæнут, цæмæй фæтарстыстут? Мæ куыйтæй? Тæрсгæ ма кæнут. Уыдон уæ бирæгътæй хъахъхъæндзысты æмæ сыл æрцахуыр ут, – сабыр кодта йæ фысты Цопан.

Фæлæ фыстæ нæ æмæ нæ ахуыр кодтой куыйтыл. Уый нæ, фæлæ-иу изæрыгон кæртмæ комгæ дæр нал кодтой, æгас бинонтæй-иу сæ тыххæйтты фæмидæг кодтой. Æмæ мæнæй-ма, куыйтæ сæм æдзух сæ рохтæ ивæзтой. Ахæм рæстæджы-иу сæ Цопан ноджы сæппæлыд:

– Гъе, уæ мæрдтыл лæууат, кæд цæй цуанмондаг стут.

Фыстæн се ‘нцойад бынтон фесæфт. Ома, куыйты ‘рдæм иу къахдзæф уæлдай саразой? Нæ! Куыйтæ та куыннæ федтой, фæлæ ахæмтæ! Æмæ цы! Кæм хъуамæ федтаиккой Элкхаунд мыггаг куыйтæ?

Афтæ сыл цалдæр боны рацыд. Уыдон – кæртæн иуæрдыгæй, куыйтæ та – иннæрдыгæй. Цопан æнхъæлмæ каст, кæд æрцахуыр уыдзысты кæрæдзийыл, фыстæ сæм æввахсдæр кæд балæудзысты. Куыйтæ та цы, уыдон баст уыдысты, кæртæй цы чысыл зæххы гæппæлыл цыд сæ бар, ууыл-иу арæх кæрæдзиимæ хъазыдысты, уæдæ сæ сæ куыстытæ домдтой.

Иу изæр, куы æрталынг, уæд та хъазыныл схæцыдысты. Иу дзы инннæйы хъуырцæджы бын йе ‘фсæр фæцавта æмæ дзыхы февзæрыд. Хъуырцæг сæракæй уыд, сæрак та – цармæй æмæ йæ æхсызгонæй æууилынтæ куы сисид. Æмæ йæ ахауын кодта. Куыдз цæмæй зыдта, йе ‘мбалы ссæрибар кодта, стыр хорздзинад ын кæй ракодта. Кæцы ссæрибар, уый райдианы хъуыддаг нæ бамбæрста, фæлæ йыл йæ рæхысы хъæлæба куынæуал цыд, йæ уачъи йын куыницыуал хъыг дардта, уæд иуæрдæм агæпп кодта, стæй – иннæрдæм. Сæрибар куыдз! Æмæ дын фысты ‘хсæн куы смидæг уаид. Уыдон фæпырх сты æмæ кæрты дыууæрдæм лидзынтæ систой. Иуы дзы рацахста, йæ хурхмæ йын февнæлдта  æрфæлдæхта йæ. Уый фæстæ – иннæйы, стæй – аннæйы… Тарст фыстæй баст куыдзы рæзты дæр куыннæ ралидзы æмæ дзы уый дæр дыууæйы æрфæлдæхта. Афтæ фысты ныццагътой, стæй сæрибар куыдз æмбонды сæрты агæпп ласта – йæ баст æмбалæн бузныг æмæ хæрзбон дæр нал загъта, афтæмæй афардæг.

Райсомæй раджы Цопан рахызт йæ хæдзары тыргъмæ, йе скъæты кæртыл йæ цæстытæ куы сны-дзæвдысты, уæд дисгъуызæй хæдзармæ йе ‘фсинмæ дзуры:

– Сона, ракæс-ма, ракæс, дæлæ цытæ уынын. Нæ фыстæ цыма дысон цæлы фынджы фарсмæ бадтысты, уыйау дæлæ куыд ныддæргъытæ сты.

– Дæ-дæ-дæй, æвæццæгæн, нын нæ фысты бирæгътæ ныццагътой! – куы сæ ауыдта, уæд йæ уæр-джытæ хойгæ хъарæгау кодта Сона.

– Цæй бирæгътæ, мæ куыйты цур уыдонмæ бирæгътæ æрбауæндыдаиккой, – бакодта ма Цопан æмæ йæхи айста йе скъæты ‘рдæм.

Кæсы йæ фыстæм Цопан æмæ дзы иуы мидæг дæр уд нал ис. Æрмæст ма, цы куыдз дзы баззад, уый зивæггæнгæ слæууыд йæ къæхтыл æмæ æхсызгонæй йе уæнгтæ, стæй та йæ тугæйдзаг ком айвæзта. Цопан бацыд, иннæ куыдз кæцы рæхысæй баст уыдис, уымæ æмæ йæ систа йæ къухмæ, æркаст хъуырцæгмæ æмæ бамбæрста, цы ‘рцыд, уый. Раздæхт фæстæмæ хæдзармæ, йæ винтовкæйы сифтыгъта бирæгъмарæн нæмыгæй æмæ чысыл фæстæдæр хъæуы сæумæрайсомæй анæрыд гæрах  фысты фарсмæ йæ къæхтæ адаргъ кодта куыдз дæр.

Ныр  ацу  æмæ  базон,   Цопан  а-фæззæджы йæ хæдзармæ цытæ æрласта – Элкхаунд мыггаг куыдзы къæбылатæ, æви бирæгъы лæппынтæ?

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.