СТЪОЛЫ ТЕННИС

Цыппар бронзæ майданы рамбылдтой хуссарирыстойнаг спортсментæ стъолы теннисæй Цæгат-Кавказы Федералон Зылды чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты Налцыччы. Чызджыты ‘хсæн командон хыгъды Цæгат Ирыстон-Аланийы æмбырдгонд командæйы сконды 3-аг бынат бацахстой Елбачиты Иринæ æмæ Кокойты Амандæ. Командæ 3-аг бынат бацахсыны тыххæй хъазты 3:1 хыгъдæй фæуæлахиз Дагъыстаны минæвæрттыл. Кокойты Амандæ ма 3-аг бынат бацахста къæйтты ‘хсæн ерысты дæр. Хуссар Ирыстоны минæвæрттæй ма ноджы иу бронзæ майдан  рамбылдта Бекъойты Эдвард. Уый дæр архайдта къæйтты ‘хсæн ерысты. Спортсменты бацæттæ кодтой тренертæ Джиоты Мириан æмæ Уалыты Иринæ.

БОКС

Ирон боксер Хетъеты Орнеллæ ссис Сербийы уагъдцæуæг дунеон турнир «Нацийы Кубок»-ы уæлахиздзау. Уый сыгъзæрин майдан рамбылдта 64 кг уæзы категорийы. Орнеллæ акодта цыппар тохы. Æрдæгфиналы рамбылдта Казахстаны минæвар Мария Бесебаевы, финалы та тыхджындæр уыд хорватиаг спортсмен Сара Косæйæ. 

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.