Плиты Серго Ясоны фырты чиныг «Зарӕджы зӕлтӕ» бакӕсгӕйӕ рахатыдтӕн ахӕм миниуджытӕ: ис дзы бирӕ ахсджиаг фарстытӕ, сомбон, кӕстӕр фӕлтӕры дарддӕр хъомыл кӕнынӕн.

Фыццаджыдӕр фыссӕг равдыста мады уарзондзинад, лӕггад ӕмӕ фыдӕбӕттӕн бафидӕн кӕй нӕ ис. Ӕвзонг фӕлтӕрӕн чиныджы ӕрмӕг амонӕг у, цӕмӕй ма рох кӕной ныййарӕджы лӕггад.

Ӕвзонг фыссӕг уыдта 1989 азӕй-1995 азмӕ цы зынгхуыст лӕппутӕ байсӕфт нӕ «хорз» сыхӕгты къухӕвнӕлдӕй, уыдон ныййарджыты дудгӕбӕттӕ, куыд дзынӕзтой, куыд додой кодтой сӕ хъӕбулты фӕстӕ, сӕ ингӕнтыл. Ацы ӕбуалгъ хабӕрттӕ стыр арф хъӕдгӕмттӕ ныууагътой фыссӕджы зӕрдӕйы ӕмӕ аив, хъавгӕ равдыста мады уарзт, йӕ хъармзӕрдӕ ӕмӕ фыдӕбон.

Арӕхстджынӕй кӕстӕр фӕлтӕрӕн ӕмбарын кӕны мады лӕггад ӕнцон бафидӕн кӕй нӕ у.

Фӕдзӕхсы рӕсугъд ӕмӕ фӕлмӕн ӕвзагӕй кӕстӕрты, цӕмӕй ма фӕриссын кӕной мады фӕлмӕн ӕмӕ уарзӕгой зӕрдӕ.

Иттӕг рӕсугъд хъуыдыйӕдтӕй фыст ӕрмӕджы ӕвдыст цӕуы хистӕр кары адӕмӕн фыссӕг стыр кад кӕй кӕны, стыр аргь сын кӕны сӕ ахадгӕ сфӕлдыстадон куыстытӕн. Амӕн та ирд бӕрӕггӕнӕн у ӕмдзӕвгӕ «Номдзыд Къоста»: «Ирӕн кӕй райгуырдис номдзыд Къоста:

 

Уый нын нӕ кадыл схӕцыд бӕрзонд.

Ирӕн йӕ ивгъуыд, йӕ фидӕн фыста,

У нын цӕвиттойнаг абон йӕ зонд!»

Кӕнӕ ӕмдз. «А. Уасойӕн»:

«Уаз лӕджы Ирӕн сфӕлдыста номдзыдӕй,

Адӕмфӕлдисӕг Бӕрзонддӕр Хуыцау!

Сарӕзта зонады диссӕгтӕ сонт удӕй,

О, Хуыцау, рауадз ма иу ахӕм цау!».

Кӕстӕр фӕлтӕрӕн та амоны, кӕй сӕ нӕ хъӕуы рох кӕнын, кӕй сын хъӕуы ӕххӕст кӕнын сӕ фӕдзӕхст.

Райгуырӕн зӕхх ӕмӕ мадӕлон ӕвзагыл ӕлгъ чи кӕны, уыдонӕн та кӕны уӕзданӕй уайдзӕф ӕмдзӕвгӕ «Ам иронау дзурӕм мах»-ы.

 

«Ирӕй мӕн нӕ хӕссы къах,

Ам фыдӕлты взаг-паддзах.

Ир, ӕргом дӕ хъуыды зӕгъ,

‘Взагмӕ фаухӕссӕг у сӕгъ!

Хъуамӕ дзура ам кӕстӕр,

Иры взагыл уа фӕлтӕр!»

Ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонды ма ис ахӕм ахсджиаг фарст дӕр, цы ран фыссӕг уайдзӕф кӕны ахӕм ирон адӕмы хистӕр кары адӕмӕн, кӕцытӕ сӕхи нӕ тыхсын кӕнынц сӕ Райгуырӕн бӕстӕйы, сӕ ирон ӕвзаджы сомбоныл. Нӕ разӕнгард кӕнынц ӕвзонг фӕлтӕры, уӕлдӕр зонадон къӕпхӕнтӕм схизынмӕ.

Чиныджы ӕрмӕг у вазыгджын, ӕмӕ ахсджиаг. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фыссӕджы зӕрдӕйы монц райхалын – ахсджиаг фарст у, уымӕн ӕмӕ дзы адӕмы размӕ хаст цӕуы алыгъуызон сусӕг, фӕлӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ирон адӕмы зын ӕмӕ ӕвадат царды уавӕртӕ.

Рауагъд ӕрмӕгыл зыны, фыссӕг раздӕры стыр зындгонд фысджытау кӕй у иузӕрдион йӕ Райгуырӕн бӕстӕйыл, йӕ мадӕлон ӕвзагыл, кӕй нӕ кӕсы йе сфӕлдисӕг адӕммӕ уазал цӕстӕй:

 

«Мӕ раттӕг Ир, мӕ сонтуарзты фыдызӕхх,

Ныййарӕг мадау уарзон дӕ мӕнӕн.

Фыдӕлты фарн, фӕстӕмӕ нӕм ӕрыздӕх,

Ӕмӕ кӕрӕдзи уарзгӕйӕ цӕрӕм».

Ноджы дӕр ма зӕгъын, чиныджы ӕрмӕг у цымыдисон, алыгьуызон хъомыладон фарстытӕ ӕвдыст кӕм ӕрцыдысты ахӕм мидисимӕ, ӕвдисы нын , мады ӕнӕкӕрон  уарзт, ирондзинад, Райгуырӕн бӕстӕ, мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ ӕгъдау иууыл бӕрзонддӕр ӕмӕ цӕсты гагуыйау хъахъхъӕнинаг кӕй сты, уый.

Кӕстӕр фӕлтӕрӕн у зондамонӕн ӕмӕ фӕзминаг хъуыдытӕ чи хӕссы ахӕм бӕркадджын хуын, кӕцыйы ӕвӕстиатӕй хӕццӕ кӕнын хъӕуы ӕвзонг фӕлтӕры къухтӕм: хистӕр кълӕсты ахуырдзаутӕм, студенттӕм.

Арфӕйаг уӕд Плийы-фырт, бирӕ дын бантысӕд, дӕ хуынтӕ фылдӕрӕй фылдӕр цы кӕной.

ДЖИОТЫ Раисӕ,

ХИПУ Ирон литературæйы

 кафедрæйы лаборант

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.