Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрады сæрмагонд къорд – Сæрмагонд тæссагдзинады ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны фæдыл центр «Лидер» ныр цыппæрæм хатт æрæвнæлдта нæ республикæйы бæрæг территори хæлæн æмæ цардæн тæссаг æрмæджытæй сыгъдæг кæнынмæ. 2016 азы дæр ацы отряд ахæм æрмæджытæй ссыгъдæг кодтой Хуссар Ирыстоны 50 гектары территори, сæдас кодтой 352 предметы.2017 азы басгæрст æрцыд 30 гектарæй фылдæр территори æмæ сæдас кодтой 105 хæлæн тæссаг æрмæджы. 2018 азы та сыгъдæг æрцыд 32,5 гектары территори «Паук»-ы бæрзæнды æмæ Ног Куырдтаты районы территорийыл. Уым рабæрæг 306 тæссаг хæлæн æрмæджы, кæцытæ лæвæрд æрцыдысты хуссарирыстойнаг фарсмæ   скуынæг кæныны нысанæн.

Ацы аз та центр «Лидер»-ы сапертæ сæ ахсджиаг куыст адарддæр кодтой Зары хъæуы бæрзæндыл. Ацы ран сыгъдæг хъуамæ æрцæуа 20 гектары зæхх хæлæн æрмæгæй. Ацы бынат тæссагдзинад æвзæрын кæны, уымæн æмæ 2008 азы онг ацы бынæтты æвæрд цыд минæтæ. Зары фæндаг махæн царды фæндаг кæй уыд æмæ йын стратегион нысаниуæг кæй уыд, уымæ гæсгæ знаджы тыхтæ бирæ хæттыты фæлвæрдтой йæ бацахсыныл, æмæ дзы уымæ гæсгæ æвæрд цыд минæтæ. Августы хæстон цауты фæстæ уыдон ссыгъдæг кæнынæн фадат кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ уæрæсейаг сапертæ ныридæгæн бакодтой развæдсгарæн куыстытæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, уымæй размæ бакæнгæ куыстытæм абаргæйæ, ацы бынат у иууыл вазыгджындæр.

Къорды къухдариуæггæнæг Алексей Завадскийы ныхæстæм гæсгæ, Зары бæрзæнд у иууыл тæссагдæр бынат минæтæй сæдас кæныны хъуыддаджы. Ам сын æххуыс кæнынц, ацы бынаты службæ чи хаста, уыцы æфсæддон службæгæнджытæ.

«Территори бæрæг цæуы робототехникон фæрæзты руаджы æмæ æрмæст уый фæстæ куыстмæ æрæвналынц сапертæ. Ацы куыстыты пайда цæуы агурæн æмæ хихъахъхъæныны ног хуызы фæрæзтæй, уыцы нымæцы робототехникон комплекс, хæлæн æрмæджытæй механикон уавæрты бæрæг бынат сыгъдæг кæнынæн», – банысан кодта Алексей.

Æппæт уыдæтты руаджы фадат ис сæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынæн. Ныридæгæн ценрты сапертæ ссыгъдæг кодтой 1,6 гектарæй фылдæр территори, цыран ссардæуыд хæлæн æрмæджытæ дæр. Уыдоны хсæн сты алыгъуызон минæтæ, кæцытæ æвзæрын кæнынц цардæн тæссагдзинад.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.