Киноконцертон зал «Чермен»-ы ауагъд æрцыдис нæ республикæты иумæйагахуырадон уагдæтты ахуырдзауты гала-концерт. Концерты хайад райстой ацæугæ аз декабры мæйы Хуссар Ирыстоны телерадиокомпани «ИР» æмæ Ахуырад æмæ зонады министрады æмæ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы æххуысæй цы зарæггæнджыты æхсæзæм фестиваль «Хонæм сценæмæ», зæгъгæ, ауагъта, уый хайадисджытæ.

Концерт уагъта Ахуырад æмæ зонады министрады сæйраг специалист Гæджиты Аннæ.

Гала-концерт сæ зарæг «Мæн нæ фæнды æмæ ма уа хæст»-æй байгом кодтой Колыты Аксойы номыл Аивæдты падзахадон лицейы ахуыргæнинæгтæ. Уыдоны фæстæ сценæмæкæсджытæ цины æнкъарæнтимæ хъуыстой зарджытæ: «Бауарзæм нæ кæрæдзи, ирæттæ», «Восточная», «Моя Россия», «Кавказ», «Фыдыбæстæ» æмæ æндæртæм. Æххæст сæ кодтой Плиты Олег, Плиты Ланæ, Зассеты Сослан æмæ Пæррæстаты Анна-Мария.

Дзауы скъола-интернаты ахуыргæнинаг Гаглойты Владиславæн лæвæрд æрцыдис фестивалы «Сæйраг приз». Уымæй дард-дæр ма сценæйыл сæ зарджытæ хорз сæххæст кодтой Цхинвалы фыццæгæм, фæндзæм, иуæндæсæм æмæ Знауыры астæуккаг сколаты зарæггæнджыты къордтæ. Сæ хорз арæхстдзинады тыххæй Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали арфæйы гæххæттытæй схорзæхджын кодта сæ аивадон къухдариуæггæнджытæ æмæ ахуыргæнджыты – Гæззаты Фатимæ, Зенашвили Ингæ, Джиоты Ингæ, Гатыгкоты Дианæ, Магкоты Маринæ æмæ æндæрты.

Концерты фæстæ фестиваль «Хонæм сценæмæ»-йы фæуæлахизуæвæг коллективты – фыццæгæм, фæндзæм æмæ иуæндæсæм астæуккаг скъолаты зарæг-гæнджыты къордтæн хорзæхтæ радтой Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы На-али æмæ Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элисо, дыккæгæм мызыкалон скъолайы директор Алборты Дианæ æмæ ацы скъолайы ахуыргæнæг Сиукъаты Тамерлан.

Банысан ма кæндзынæн уый дæр, æмæ раздæры фестивалты кæд хайад истой фылдæр коллективтæ, уæд ныр та дзæвгар фæхуыздæр фестивалы хайадисджыты арæхстдзинад, сценæйыл сæ ралæуд.                                                                                  

 Гӕззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.