Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрады сæрмагонд къорд – Сæрмагонд тæссагдзинады ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны фæдыл центр «Лидер» ныр цыппæрæм хатт æрæвнæлдта нæ республикæйы территори хæлæн æмæ цардæн тæссаг æрмæджытæй сыгъдæг кæнынмæ. Ацы хатт та кусынц Цхинвалы районы Зары хъæумæ хæстæг территори сæдас кæныныл. 2016 азы ацы отряд ахæм æрмæджытæй ссыгъдæг кодтой Хуссар Ирыстоны 50 гектары территори, сæдас кодтой 352 предметы.

2017 азы басгæрст æрцыд 30 гектарæй фылдæр территори æмæ сæдас кодтой 105 хæлæн тæссаг æрмæджы. 2018 азы та сыгъдæг æрцыд 32,5 гектары территори «Паук» -ы бæрзæнды æмæ Ног Куырдтаты районы территорийыл. Уым рабæрæг 306 тæссаг хæлæн æрмæджы, кæцытæ лæвæрд æрцыдысты хуссарирыстойнаг фарсмæ скуынæг кæныны нысанæн.

Сæ ныхæстæм гæсгæ, уымæй размæ бакæнгæ куыстытæм абар-гæйæ, ацы бынат у иууыл вазыгджындæр.

Къорды къухдариуæггæнæг Алексей Завадскийы ныхæстæм гæсгæ Зары бæрзæнд у иууыл тæссагдæр бынат минæтæй сæдас кæныны хъуыддаджы. Абоны онг ам сыгъдæг æрцыдысты 12, 8 гектары фæзуат. Рабæрæг æмæ дзы æдас æрцыд 124 хæлæн предметы.

«Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытимæ иумæ ссардæуыд æмæ куынæг æрцыд хæлæн æрмæджытæ. Сæрмагондæй, ацы фадыджы бæрæг æрцыд фистæг æфсады ныхмæ минæтæ. Уыдоны ‘хсæн сты алыгъуызон нысаны минæтæ, кæцытæ æвзæрын кæнынц цардæн тæссагдзинад – ПМН – 2, ОЗМ -72, ПОМЗ, æмæ МОН – 50. Уыдон се ‘ппæт дæр æдас æрцыдысты нæ саперты руаджы», – дзырдта Алексей.

Ацы аз цы куыст кæнынц центр «Лидер», уый фæстиуæгæн ныр дыккаг хатт сæдас кодтой, цы хæлæн æрмæджытæ рабæрæг кодтой, уыдон. Алексей Завадскийы ныхæстæм гæсгæ цы 20 гектары хъуамæ ссыгъдæг кæной, уымæн йæ фылдæр хай ныридæгæн сæдас кодтой.

«Ацы бынат зынвадат кæй у – иуæй хæххон, аннæмæй – хъæдбынат, уый куыст вазыгджын кæны. Уымæ нæ кæсгæйæ сапертæ æвдисынц бæрзонд профессионализм æмæ сæ разы цы æвæджиаг хæс ис, уый æххæст кæнынц намысджынæй», – банысан кодта къорды командир.

Алексей ма куыд загъта, афтæмæй сæ куысты практикон æгъдауæй ницы проблемæтæ ис, æрмæстдæр зындзинад æвзæрын кæны бынаты рельеф. Æмæ ноджы æнæнхъæлæджы цы гранаттæ рабæрæг кæнынц,  æмæ спырх кæнынæй нырма тæссаг чи сты, уыдон. Уымæ гæсгæ саперты хъæуы æдасдзинады домæнтæм стыр хъусдард здахын.

«Хуссарирыстойнаг сапертæ дæр нын кæнынц стыр æххуыс, уый нæ, фæлæ кæнæм æнгом æмархайд æмæ цы æрмæджытæ бæрæг æрцæуынц æмæ уый фæстæ куынæг, уыдон фæдыл кæцыфæнды фарстыл дæр уынаффæ кæнæм уыдонимæ», – банысан кодта Завадский.

Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты центр «Лидер»-ы отряд Хуссар Ирыстоны территорийыл кусдзæн 80 боны. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ цы бынаты кусынц, уым æдзух сæ фарсмæ ис Тагъд  æххуысы машинæ, бахъуыды рæстæджы æнæмæнгхъæуæг æххуыс бакæныны ны-санæн.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.