Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины барамындæй инæлар-лейтенант Калоты Хасан хорзæхджын æрцыд Жуковы орденæй «бæстæйы хъахъхъæнынхъомдзинад сфидар кæныны хъуыддаджы йе сгуыхтдзинæдты æмæ йе службæйон архайды стыр æнтыстыты тыххæй», – хъусын кæны Ossetia News.

Калоты Хасан у Коллективон æдасдзи-нады тыххæй Бадзырды Организацийы Баиугонд штабы хистæры фыццаг хæдивæг (ОДКБ). Ирон инæлар хайад иста Цæгат Кавказы æмæ дыууæ хатты та Сирийы хæстон архайдтыты, 2015-2016 азы куыста Донбассы. Хорзæхджын у Æхсардзинады, «Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй», «Æфсæддон сгуыхтдзинæдты тыххæй», «ССР Цæдисы Гарзджын тыхты райгуырæн бæстæйон службæ кæныны тыххæй» ордентæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.