Национ футболон къорды дыккаг хаймæ цæттæ кæныны фæлгæтты Дзæуджыхъæуы «Алани» туркаг Белекы акодта фæстаг хæларадон хъæзтытæ. Нырма уал 2:2 хыгъдæй ахъазыд латвиаг «Ауда»-имæ. Алайнæгты сконды 11-метрон цæфтæй пуртитæ бакъуырдтой Хæдæрцаты Батраз æмæ Ислам Машуков.

Стæй та Ирыстоны сæйраг футболон командæ 0:0 хыгъдæй ахъазыд Томскы «Томь»-имæ.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

25 февралы Стамбулы райдайдзæн уæгъдибар хъæбысхæстæй рейтингон турнир «Яшар Догу». Уым хайад райсдзæн Уæрæсейы æмбырдгонд командæ. Командæйы сконды æрцыд ивындзинæдтæ. Кæй фæрынчын сты, уый аххосæй турниры хайад нæ райсдзысты 74 уæзы категорийы архайæг хъæбысæйхæцджытæ – Олимпион чемпион Сидахъты Зауырбег æмæ «Гран-при Иван Ярыгин»-ы уæлахиздзау Уалыты Чермен. Иууыл уæззаудæр уæзы категорийы Стамбулы уагъдцæуæг турниры хайад райсдзысты ярыгинаг турниры призертæ Голоты Витали æмæ Теблойты Ацæмæз.

 

***

Уæгъдибар хъæбысхæстæй горæт Мæскуыйы чемпионаты 9 уæзы категорийæ цыппары фæуæлахиз сты Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Ерысты сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Куыдзойты Алан (70 кг), Бетанты Дэвид (79 кг), Хъарданты Ермак (86 кг) æмæ Дзугаты Дэвид (97 кг).

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.