Æрæджы нысан кодтам Куадзæны – Чырыстийы райгасы бон, ӕмӕ ацы бон куы  ‘рлӕууы, уӕд цыма дуне йӕ риуы дзаг сулӕфы, афтӕ фӕзыны адӕймагмӕ. Адӕм уӕд ӕрымысынц, а-дунейыл цы уынӕм, уымӕй ӕмӕ нӕхицӕй стырдӕр уӕвӕг кӕй ис. Стыр хицӕуттӕ дӕр ратонынц сӕ зынаргъ рӕстӕгӕй, ӕмӕ уырдыг фӕлӕууынц кувӕндӕтты Чырыстийы уаз номы раз.

Уӕдӕ кӕд афтӕ у, ӕмӕ Чырысти ӕцӕгӕй райгас, ӕмӕ йыл алчидӕр сӕтты, уӕд цы амындтӕ ныууагъта, уыдонӕй дӕр цыдӕртӕ зонын ӕмбӕлы.

Ӕниу зӕрдӕйӕн тынг хъыг у, ныгуылæны хъомысджын паддзахадты раздзӕуджытӕ уый номӕй пайда кӕнгӕйӕ, йæ хъуыддӕгтӕй бынтон дард кӕй лӕууынц. Фӕлӕ цы гӕнӕн ис, Плиты Гацыры загъдау, дуг йӕ бон калы.

Ацы ныхӕстӕ мӕм тынг ахсджиаг кӕсынц, уымӕн ӕмӕ ныртӕккӕ дуне ӕрхӕццӕ ис, ныр цалдӕр азы цы ӕмтъерыйы кой кӕнӕм, уымӕн йӕ тӕккӕ къуырцдзӕвӕнмӕ. Дзырдтам ма йыл, дунейы хъомысджынтӕ бӕстӕ аныхъхъуырынмæ бæл-гæйæ, ницæуыл ауæрдынц,  удзиæнттæй дæр сæрхызт не сты. Дунейы уавӕр ныртӕккӕйы хуызӕн ныггуыппӕввонг никуы уыди. Америчы гарзджын тыхтӕ Сирийы алфӕмбылай цоппай кӕнынц. Уӕрӕсейы хицауад, Сирийы ӕмӕ ӕндӕр ӕфхӕрд адӕмты цӕдисон уӕвгӕйӕ, дунейы зӕрдӕйы цавдыл йӕ хъомысджын къух куынӕ дарид, уӕд цы уыдаид, цымӕ? Фӕлæ уæддæр алы уавæрæй дæр рахизæн вæййы, ӕмӕ хорз уаид, адӕм тасы уацары куынӕ бахауиккой. Ӕмӕ уымӕн исты амал ис, зæгъгæ, чидæртæ бафæрсдзысты. Ис! Политикон фæндаг. Фæлæ уымæн дæр бындур агурын хъæуы ӕмӕ чи агуры, уый ссары.

Фыццаджыдӕр уал уый, ӕмӕ Америчы сӕргълӕууӕг, йӕхи Хуыцауыл ӕууӕндӕг хонгӕйӕ, ӕнӕмӕнг уынаффӕ кӕндзӕн ӕцӕг Хуыцауыл чи ӕууӕнды, ахӕмтимӕ. Ахӕм адӕм та, куыд Америчы, афтӕ йе’мцӕдисон бӕстӕты дӕр тынг бирӕ ис. Уыдон ын хӕст райдайа, уый никуы бацамондзысты. Ӕниу рагон скӕсӕйнаг уынаф-фӕгӕнӕг Ахитоффел ахӕм дзырддзӕугӕ уыд, ӕмӕ йын йӕ уынаффӕтыл Хуыцауы уынаффӕтау ӕууӕндыд йӕ паддзах, фӕлӕ рацыд рӕстӕг, ӕмӕ йӕ иу рӕстӕджы ницӕмӕуал æрдардта æмæ байхъуыста æндæры уынаффæмæ.  Уый афтӕ у, фӕлӕ уӕддӕр зӕрдӕ фӕлӕууынӕн хорз у ацы ныфс.

Дыккаг та уый, ӕмӕ ныртӕккӕ хӕст зонгӕ зонын ничи райдайдзӕн, уымӕн ӕмӕ развӕлгъау бӕлвырд у, уӕлахиздзауӕй дзы кӕй ничи рацӕудзӕн. Уый хауы Уӕрӕсейы ныхмӕлӕуджытӕм, Уӕрӕсе та йӕхӕдӕг хӕстмонц никуы уыди. Уӕдӕ, ӕрмӕстдӕр кӕд сайды фӕуой, ома, ядерон хӕцӕнгарз ницы тӕссаг у, махмӕ уый нӕ бауӕнддзӕн, кӕннод уыцы хъуыддагмӕ къух зын бакӕнӕн у.

Ӕртыккаг, мӕнмӕ гӕсгӕ, у ӕппӕты ахсджиагдӕр. Рагзагъд. Бирӕ ис рагзагъдтытӕ дунейы фидӕны тыххӕй, ӕмӕ кӕмӕн куыд йӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, афтӕ сыл ӕууӕнды, йӕ цард, йӕ фидӕн уыдоныл амайы. Чидӕр ӕууӕнды Вангайыл, чидӕр Майайы адӕмыхатты рагзагъдыл, чидӕр Ти Би Джошуайыл, фӕлӕ Чырыстийы куы бафарстой, кӕд уыдзӕн дунеон хӕст (æцæг æй уыдон афтæ нæ хуыдтой, фæлæ йæ хуыздæр бамбарыны тыххæй æз афтæ схондзынæн), уæд уый загъта: «Фехъусдзыстут хӕстыты тыххӕй ӕмӕ хӕсты кӕйттӕ, фӕлӕ-иу ма фӕтӕрсут, уымӕн ӕмӕ уый нырма кӕрон нӕу». Раст зӕгъгӕйӕ, мӕнӕн ацы ныфсӕвӕрд тынг стыр фидардзинады хос у, уымӕн ӕмӕ хӕсты кӕйттӕ тынг хъусӕм, фӕлӕ нӕ хъӕуы тӕрсын, уымӕн ӕмӕ уый нырма фӕстаг хӕст нӕу. Уӕдӕ кӕд уыдзӕн фӕстаг хӕст, зӕгъгӕ, куыднӕ бафӕрсдзыстут. Уый тыххӕй та Чырыстийы апостол Павел фыссы: «Мачи уӕ фӕсайӕд уымӕй, цыма ныридӕгӕн ӕрцыди уыцы бон (ома, сӕфты бон), уымӕн ӕмӕ не ‘рцӕудзӕн, цалынмӕ…» Не ‘рцӕудзӕн уыцы бон, цалынмӕ зӕххыл цы ахсджиаг процесстӕ цӕуы, уыдон ӕрбӕстон уой. Зӕгъӕм, рӕстытӕ ӕмӕ зылынтӕ авзӕрой. Махӕй алчидӕр дойны кӕны рӕстдзинадмӕ, ӕмӕ иу дуджы рабӕрӕг уыдзысты раст ӕмӕ зылын. Уымӕн ӕнӕуӕвгӕ нӕй. Уымӕй дарддӕр ма зӕххыл хъуамӕ ӕрлӕууа  сабырад. Уымӕ дӕр дойны кӕнынц нӕ удтӕ. Хъуамӕ мауал уа зӕххыл фӕткхалӕн, фыдракӕнд, уымӕн ӕмӕ дуне змӕст ӕмӕ ӕмтъеры куы уа, уӕд раст ӕмӕ зылын чи равзардзӕн! Зӕххыл рӕстдзинад куынӕ фӕуӕлахиз уа, уӕд цы уыди дунейы сфӕлдисыны нысан, цы уыдысты мингай фӕлтӕрты фыдӕбӕттӕ, агурӕнтӕ, зонадон ӕргомдзинӕдтӕ! Рӕхджы ӕрмӕджы ӕхца нал уыдзӕн. Ныртӕккӕ дунейы стыр горӕтты хицауадтӕ архайынц «Умный город»-ы системӕмӕ рахизыныл. Уый фӕрцы электрон картӕты ӕвӕрд ӕрцӕудзысты бирӕ хицауадон хъуыддӕгтӕ. Бирӕ рӕстӕг нӕ бахъӕудзӕн адӕймаджы буары электрон микросхемӕ сӕвӕрынмӕ дӕр. Ныртӕккӕ дӕр бирӕ бӕстӕты кусынц биороботтӕ саразыныл… Ӕмӕ цымӕ цы бар дарынц ацы хъуыддӕгтӕ рӕстытӕ ӕмӕ зылынты авзарынмӕ?

Ӕгӕрдӕр-ма дарынц! Рӕстытӕ уыдӕттыл не сразы уыдзысты. Рӕстытӕ ӕмӕ зы-лынтӕ куы фӕбӕрӕг уой, алчи йӕ равзӕрды нысан куы бамбара, уӕд алчидӕр уыдзӕн йӕ хъысмӕтӕй райгонд, алчидӕр райсдзӕн, цы мызд ӕм ӕм-бӕлы, уый. Дуне та сӕххӕст кӕндзӕн, цӕй тыххӕй йӕ сфӕл-дыстӕуыд, уый. Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй дун-дунейы хъысмӕты кӕройнаг тӕпп ӕрӕ-вӕрынӕн тынг раджы у. Мæлæтыл хъуыдыйæ та цардыл хъуыды пайдадæр у. Дунейы кӕрон æмæ фæстаг хæст кӕд уыдзӕн, уыцы фарстыл хъуыды кӕнын ницы ахъаз у адӕймаджы удыхъӕды рӕзтӕн.

Ацы цалдӕр ныфсы ӕвӕрын мӕхицӕн ӕмӕ сӕ мӕ цӕст уарзы сымахӕн дӕр. Кӕй фӕнды рӕстдзинад зонын, уый та йӕ ӕнӕмӕнгдӕр ссардзӕн. Тæрсын нæ хъæуы. Чи тӕрсы, уый ӕмбылды кӕны, уый цагъар свӕййы. Ныртӕккӕйы дуджы та ӕрвонг ӕмӕ хӕдбар уӕвынӕй хуыздӕр амал нӕй.

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.