Нæ горæты рагондæр медицинон объекттæй сæ иу у туберкулезон диспансер. Уый арæзт æрцыд 1936 азы æмæ бынтондæр дзуапп нал лæвæрдта нырыккон домæнтæн. Азæй-азмæ цыдис æдзæллаг уавæрмæ,  згъæлдысты йæ къулты сæрстытæ мидæгæй, скалцæг йæ астæрд дæр æмæ хъизæмарæй мардысты, канд рынчынтæ нæ, фæлæ медперсонал дæр. Ахæм уавæры уыд  йæ алыварс территори дæр. Цы рагон æмбонд ыл уыд, уый ныппырх æмæ йæ кæрты фенæн уыд, сæрибарæй чи хызтысты, уыцы хæдзарон фосы.

2017 азы 1 декабрæй æрывнæлдтой ацы уагдоны аразынмæ. Йæ лабораторитæ æнæмæнгхъæуæг кæй сты алыгъуызон анализтæ аразыны тыххæй, уымæ гæсгæ уал райдыдтой уымæй.

Раивтой бæстыхайæн йæ уæлхæдзар, сфидар ын кодтой йæ бындур, ныххафтой къултæн сæ сæрстытæ, скалдтой зæронд астæрдтæ æмæ сæ ныббетон кодтой, байсæрстой къултæ, сæвæрдтой пластикон дуæрттæ æмæ рудзгуытæ. Объекты арæзт æрцыд хъæрмад, бауагътой йæм дон. Æвæрд дзы æрцыдис уæлæмхас донæмбырдгæнæн бак, цæмæй донхъуаг ма фæуой.  Медперсоналы фæндонмæ гæсгæ объекты мидæгæй арæзт æрцыд уæлæмхас хатæнтæ лабораторитæн. Уыдон уыдзысты фараст. Кусджытæ, ныртæккæ хатæнты къултæ сæрдынц ахорæнтæй, æвæрынц полтыл плиткæтæ.

Уыцы иурæстæджы хæрзарæзт цæуы йæ кæрт дæр, æх-гæд цæуы йæ алыварс территори дæр.

Æппæт ацы куыстытæ æххæст кæны подрядон организаци “ЮгстройИнвест”. Подрядон организацийы сæргълæууæг Къадзты Ацæмæз куыд зæгъы, афтæмæй уыдис Самарæйы æмæ уым ныззакъаз кодта, дезинфекци чи кæндзæнис, ахæм ифтонггæрзтæ, цæмæй канализацион хаххмæ ма бахауой, рæуджыты низ чи зынын кæнынц, уыцы «Кохы палочкæтæ» æмæ æдас уой горæты цæрджытæ дæр.

Æдæппæт  куыстытæ   фæуыдзысты дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ. Стæй тубдиспансеры кусджытæ сæ куыст райдайдзысты хæрзвадат уавæрты.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.