Цхинвал ӕмӕ Знауыры районты хицӕн хъӕутӕм цы донхӕры къанау цæуы, уым дыууӕ боны дӕргъы дон нал рацыд. Цы уыд йӕ аххосаг, уый базоныны тыххӕй бахатыдтӕн паддзахадон унитарон куыстуат «Мелиораци»-йы хистӕр Хуыгаты Владимирмӕ ӕмӕ куыд радзырдта, афтæмæй дзы кодтой цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Цӕвиттон, Къуернеты хъӕумӕ ӕввахс дон къанауæй цыд фæрсæрдæм бетон рӕстӕджы цыдимӕ нал ӕххӕст кодта йӕ хӕстӕ ӕмӕ дзы хъардта дон. Хъуыд дзы бæстон куыстытæ бакæнын æмæ сæ «Мелиораци»-йы кусджытӕ сæххæст кодтой, йӕ бӕрзӕнд ӕртӕ метры кӕмӕн у, ахӕм къул. Уымӕй дарддӕр ма Къостайыхъӕуы цур донхӕры дон здæхы цадмӕ, стæй ма донӕй ифтонг кӕндзӕн, ӕрӕджы ам цы ног дыргъдон ныккалдтой, уый дӕр. Цӕмӕй дыууӕты домӕнтӕ дӕр ӕххӕст цӕуой ӕмбӕлон ӕгъдауӕй, ма ӕмбӕлой къуылымпыдзинӕдтыл, уый тыххӕй дзы арӕзт ӕрцыд дон уромæн æмæ уадзæн сӕрмагонд ифтонггарз.

ЗЫНГСИРВӔЗТ НЕ ‘РУАГЪТОЙ

 Ӕрӕджы, Тъбеты хъӕуы цӕрӕг йӕ брӕттыл бандзӕрста ӕмӕ йӕ рохуаты ныууагъта. Уыд хурбон ӕмӕ арты ӕвзӕгтӕ сӕхи хӕрдмӕ ивӕзтой, фӕстӕдӕр сӕхи ӕрбайстой сыхаджы цӕхӕрадонмӕ ӕмӕ цъӕнут кӕрдӕг ноджы тынгдӕр гуылф кӕнын райдыдта. Хӕдзары хицау Уалыты Фатимӕ зынгсирвӕзт куы ауыдта, уӕд ӕвиппайд ӕххуысмӕ фӕсидт Цхинвалы зынгхуыссынгӕнджытӕм. Куыддӕр сӕм фӕдисы цау фехъуыст, афтӕ фӕраст сты бынатмӕ. Фысым ӕнхъӕл дӕр нӕ уыд, афтӕ цыбыр ӕмгъуыдмӕ ӕрбалӕудзысты йӕ уӕлхъус ӕмӕ уайтагъд ӕрӕвнӕдтой сӕ хӕс ӕххӕст кӕнынмӕ. Цырд архайдтой зынг ахуыссын кӕныныл 1-ӕм патрулы зынгхуыссынгӕнджытӕ Джиоты Сослан, Джергаты Махар, Хъӕцмӕзты Гарик, Жажиты Вильям, Тадтаты Артур, радгӕс Бикойты Сослан. Зынг ахуыссын кодтой цыбыр ӕмгъуыдмӕ, науӕд тӕссаг уыд хӕдзарӕн дӕр. Уалыты чызг стыр райгондӕй баззад ацы адӕймӕгты архайдӕй ӕмӕ сын кӕны зӕрдӕбын арфӕтӕ.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.