Абон, æмæ æрмæст абон нæ, фæлæ цалдæр æнусы нæ адæмы сæйрагдæр хæс у дыууæ Ир баиу уой æмæ уæм Уæрæсейы сконды. Ацы фарсты фæдыл мæнæ цы зæгъынц нæ абоны хистæр кары æмбæстæгтæ.

Æлборты Анатоли. Кæй зæгъын æй хъæуы абон, нæ адæмæн иууыл ахсджиагдæр фарст у, цæмæй баиу уой дыууæ Ирыстоны æмæ уæм Уæрæсейы сконды. Ацы ахсджиаг æмæ аскъуыддзагкæнинаг фарстмæ нæ адæм рагæй бæллынц, дзырд дæр-иу ыл цыдис, фæлæ та-иу баззад аскъуыддзагкæнинагæй. Абонау уæд дæр се ‘хсæн уыд ныхдуртæ чи æвæрдта, ахæмтæ дæр.

Тагъд мæ 85 азы фæуыдзысты мæхирдыгæй. Цъус нæ фехъуыстон æмæ федтон ацы царды. Бамбæрстон, нæ адæмæн ацы ахсджиаг фарст æрбæстон кæнынæн ныры хуызæн бирæ саразын никуы бантыст. Нæ адæмы абоны хуызæн никуы хъæуы, цæмæй æрбангомдæр уæм, хуыздæр байхъусæм, бæстæ æмæ мах тыххæй дзуапп чи дæтты, уыцы адæймæгтæм. Афтæ куы бакæнæм уæд нæ тых уыдзæнис фылдæр æмæ цыфæнды зынтæ басæттын та – æнцондæр.

Пухаты Арат. Стыр æмæ бæрзонд бынæтты никуы куыстон, фæлæ æппынæдзух мæ хъус дарын дунейы æрцæугæ цаутæм. Уыцы нымæцы, кæй зæгъын æй хъæуы, бæстон мæ хъус дарын нæ бæстæйы цаутæм дæр. Раст куы зæгъон уæд, мæн нæ уырны æмæ ма абон Ирыстоны цæрджытæй искæй нæ фæнды æмæ баиу уæм нæ цæгаттаг хотæ æмæ æфсымæртимæ. Алкæй дæр фæнды, фæлæ иутæ, æвæццæгæн, сæхи интерестæ æвæрынц бæрзонддæр. Уый, кæй зæгъынæй хъæуы, нæу раст. Цæмæй Ирыстон хызт уа Гуырдзыстоны ‘рдыгæй радон геноцидæй, уый тыххæй нæ ахæм æмбæстæгты хъæуы бæстондæр ахъуыды кæнын. Æмбæлы сыл цæмæй сæ рæстæгмæйы рæсугъд царды бæсты равзарой сæ адæмты дарддæры тæхудиаджы царды фæндаг.

Хъуылымбегты Герсан. Чи фæнды цас фæнды ныфсытæ ма æвæра, уæддæр мæн нæ уырны æмæ Хуссар Ирыстон Цæгат Ирыстонмæ куынæ баиу уа, уæд та цалдæр дæс азы фæстæ, нæ адæм, радон хатт ма бахауой хæстон уавæрты. Æз алы хатт дæр карзæй дзурын, дыууæ Иры баиу кæныны ныхмæ чи фæдзуры, уыдоны тыххæй. Уымæн æмæ уыдон кæнæ цард æххæстæй не ‘мбарынц, кæнæ та барвæндæй архайынц, цæмæй та Ирыстонмæ Гуырдзыстон тых хæсса.

Зонын, ныфсхаст æмæ хъæбатыр адæм стæм, фæлæ нæ цæмæн хъæуы æмæ уыцы хорз миниуджытæ хардз кæнæм хæстон архайдтыты, кæд æмæ ис гæнæн, пайда сæ кæнæм хуыздæр цард саразыны хъуыддæгты.

Тыбылты Владимир. Кæй зæгъын æй хъæуы абон махæн, æмæ æрмæст махæн нæ, фæлæ Цæгат Ирыстонæн дæр дыууæ Ир баиу кæнын у ахсджиагдæр фарст. О, фæлæ ма уыйау ахсджиаг у нæ адæмты æнæниздзинад дæр. Афтæ уымæн зæгъын æмæ нæ бирæтæ, куыд æмбæлы, ахæм аргъ нæ кæнынц кæрæдзийæн. Нæ зонын цæмæн афтæ, фæлæ нæ бирæтæн уæздан æмæ рæвдыд ныхæстæй схуыст æмæ æфхæрæн ныхæстæ «садджындæр» сты. Æмæ уый, кæй зæгъын æй хъæуы, хъыг дары нæ æфсы-мæрон иудзинадæн. Тынг мæ фæнды, цæмæй кæрæдзимæ нæ хорз æмæ æмбаргæ ахастыты тыххæй куы хъусиккам æндæр адæмтæй дæр. Кæрæдзимæ нын ахæм ахастытæ куы уа, уæд нын цыфæнды стыр хъуыддæгтæ саразын дæр уыдзæнис æнцондæр. Уыцы нымæцы – нæ адæмты æнусон бæллиц сæххæст кæнынæн дæр.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.