28-æм апрелы Чырыстон уырнынадмæ гæсгæ нысан цыд Зазхæссæн.
Мады Майрæм æмæ Рухс Æртæиууон аргъуанты ацы бæрæгбон банысан кодтой цытджын æгъдауæй.

Дыууæ аргъуанмæ дæр райсомæй адæм цæуын райдыдтой, бирæтæ сæ сывæллæттимæ. Аргъуантæм бахизæнты æхсæнадон фæтк хъахъхъæдтой барадхъахъхъæнджытæ.

Мады Майрæмы аргъуаны иерей, фыд Иаков литурги ауадзыны фæстæ радзырдта Зазхæссæны бæрæгбоны нысаны тыххæй: «Чырыстийы бæрæгбонтæн рагæй фæстæмæ нæ адæм стыр нысанниуæг лæвæрдтой. Уымæн æмæ уыдон сидынц фарнмæ. Нæ фыдæлтæ æууæндыдысты Хуыцау  æмæ зæдтыл, дзуæрттыл. Бæрæгбонты руаджы – иу сæ сæ уæззау цард æрбайрох, фæзынд-иу сæм хорз цардмæ тырнындзинад, фæфидар-иу ис сæ ныфс. Чырыс­ти Иерусалиммæ куы бацыд, уæд ыл адæм æмбæлдысты пальмæйы къалиутимæ «Осанна! Осанна!» хъæргæнгæйæ. Уый та нысан кодта, зæгъгæ, дæ нымайæм нæ Хуыцауыл. Махмæ пальмæтæ нæ зайы, уы­мæ гæсгæ Зазбæлас æмæ Хæрисы къалиутæ сты Хуыцаумæ æмæ нæ кæрæдзимæ уарзондзинады нысан. Сæйраг у уарзондзинадæй макуы сцух уæвын».

Литургийы фæстæ фыд Иаков Зазбæлас æмæ Хæрисы къалиутæ бапырх кодта сыгъдæг донæй, саргъуыдта сыл æмæ  уый фæстæ бар радта адæмæн, цæмæй сæ сисой, ахæссой сæ сæ хæдзæрттæм æмæ сын сæ фарн хъахъхъæной иннæ ацафонмæ.

Мады Майрæмы аргъуанмæ кувынмæ цы адæм æрцыд, уыдон Дзуарджын цыд сарæзтой аргъуаны алыварс. Раздæр-иу Дзуарджын цыд кодтой Згъудеры ссæуæны цы дзуар ис, уырдæм. Зазбæласы къалиутыл дæр-иу уым саргъуыдтой, фæлæ ацы аз уыцы фадат нæ уыд. Уымæн æмæ зæронд хидыл цæуынц арæзтадон куыстытæ æмæ йыл æдæрсгæйæ ахизæн нæма ис.

Мархойы иууыл карздæр къуыри

Мархойы фæстаг къуырийы уæ тынгдæр хъахъхъæнын хъæуы хи канд хæрдæй нæ, фæлæ алыгъуызон æвзæрдзинæдтæй дæр. Ком суадзынц Куадзæны бон, хуры фыццаг тынты фæзынды размæ. Раздæр-иу Куадзæны размæ ‘хсæв скодтой гуыл, сфыхтой рæвдуæттæ, сæ хæдзæры цы нæлгоймæгтæ уыдис, уыдон нывæрзæн-иу сæ сæвæрдтой. Райсом раджы чындзытæ цыдысты донмæ æмæ дзы æнæдзургæйæ хастой сæ хæдзæрдтæм, цæмæй æфсин скæна бæрæгбонон хыссæ. Куадзæны акæнын хъуыд кусæрттаг. Нывонд уæрыкк-иу куы аргæвстой æмæ-иу фыдызгъæл куы сцæттæ ис, уæд-иу бинонты хистæр фынджы уæлхъус скуывта. «О, Чырысти! Курæг дæ дæн дзæнæты нын бынат скæн. Дзурынц, зæгъгæ, ацы мæнг дунейы дæ номыл ком чи дардта, уыцы удтæн æцæг дунейы ды саккаг кæныс дзæнæты бынат. Мах дæр дæ кадæн дардтам ком. Нæ фидæны фæл­тæртæн дæр дæ дзæнæтæй бахай кæн».

Уый фæстæ Куадзæны бон адæм цыдысты кæрæдзимæ. Æрбацæуæгæн дæттой фых рæвдуан, уый йæ хъуамæ бахордтаид æмæ загътаид «Чырысти! Мæ комдард дын барст фæуæнт», зæгъгæ.

Куадзæны бон æмнбæлы æви нæ уæлмæрдмæ цæуын? Ацы фарстæн дæр нын сдзуапп кодта Мады Майрæмы динамонæг фыд Иаков.

«Куадзæн у удсыгъдæггæнæн бæрæгбон. Раздæр-иу æм ирон адæм сæхи цæттæ код­той стырæй, чысылæй.  Сыгъдæг зæрдæйæ, алкæйдæр фæндыд уыцы бон куыдхуыздæрæй, хъæлдзæгæй, райзæрдæйæ æрвитын. Уый тыххæй бæрæгбоны фын­г­тæ æвæрдтой, уыдысты алы хæринæгтæй дзадджын. Уæлдай цин иу ыл кодтой сывæллæттæ. Сæ бæрæгбонон дарæсы уыдон алыгъуызон ахорæнтæй æйчытæй-иу хъазыдысты.

Куадзæны бæрæгбон ирон адæмы царды стыр бынат ахста. Чырыстон дин пара­хат­гæнджытæ йæ Йесо Чырыстийы номимæ хуымæтæджы нæ бастой. Æнæуи дæр ирон рагон дины æмæ чырыстон бæрæгбæттæм иудзинæдтæ бирæ ис. Уыцы бон фæцин кæнынц, Чырысти кæй райгас, ууыл. Къуырийы фæстаг бон ирæттæ хонынц – Хуыцауы бон. Ирæттæй дæр чырыстон диныл хæст чи у, уыдонæн дæр Куадзæн баст у Йесо Чырыстийы райгасы бонимæ.

Бæрæгбонты бæрæгбон – Куадзæн

Чырыстийы райгас у аргъуаны æдзухон бæрæгбон, зæрдæрухсгæнæн æвидигæ цин. Йæ ирвæзынгæнæг фæстиуджытæ – зындон æмæ мæлæтыл уæлахиз, адæйма­джы удæнцой, Сыгъдæг Уды æрæрвыст æмæ Хуыцауы Аргъуаны сырæзт. Чырыстийы райгасы фæстæ милуан адæймæгтæ æндæр цæстæй кæсын райдыдтой Хуыцаумæ, дунемæ æмæ сæхимæ. Кæд Йесо Чырыстийы уæлахизыл алы ран не ‘ууæндынц, стæй йæ кæд алчи не ‘мбары, уæд­дæр зæххы цъарыл йæ ахадындзинадæн аргъ нæй, æнусон у.

Дзуарылтыгъд бавзарæг, амæлæг æмæ райгасуæвæг  Йесо у  Хуыцауы дзуапп     адæймаджы сæйраг фарстытæн: цæ – амæлæтыл – фæуæлахиз уæвын. Уыцы уæлахиз не ‘ппæты сæрвæлтау райста Чырысти. Æнусты дæргъы адæймаг тыхсти, мæлæтæн лæвæрд кæй у, уыцы хъуыдыйæ, нæйæ фæндыди ууыл сразы уæвын, фæлæ иунæг куырыхон лæг дæр адзалы ныхмæ мадзал не ссардта, адæмы мæлæтæй нæ бахызта. Уый бафтыд æрмæстдæр Чырыстийы къухы. Сæ сæрвæлтау мæлæт райсгæйæ, уый адæмы фервæзын кодта се ‘нусон знагæй. Ууыл хъуыды кæнгæйæ алы адæймагæн дæр æмбæрстгонд у йæ цард æмæ йæ мæлæты мидис. Хуыцау нæ уымæн сфæлдыста, цæмæй нæхи фæндонæй архайгæйæ, мах ам, зæххыл, тырнæм хуыздæр уæвынмæ æмæ афтæмæй бындур æвæрæм нæ фидæны цардæн. Чи йыл æууæнды, уыдонæй алкæмæн дæр йæ зæрдæйы сты Чырыстийы ныхæстæ «Мæныл æууæндæг мæлгæ куы акæна, уæддæр райгас уыдзæн. Мæныл æууæндæг никуы амæлдзæн…» (Ин 11-25,26)

Ирвæзынгæнæджы райгасы фæрцы адæймаг æцæгæйдæр райгас вæййы бынтон æндæр хуызы. Ногæй та цæрын райдайы, суыны, уæлæрвтæм фæндаг байгом вæййы, рухс фæуæлахиз вæййы саудалынгыл,  уæздзинад – тæригъæдыл,   рæстдзинад – мæнгдзинадыл.

Хуыцауы уарзондзинадимæ райгас уæвын – ахæм у адæймаджы царды мидис. Фæлæ махæн уыцы стыр нысан нæ къухы нæ бафтдзæн, дунейы ирвæзынгæнæг кæй сæрвæлтау фæхъизæмар кодта, кæй сæрвæлтау амард æмæ райгас ис, нæ уыцы хиуæттæн хатыр кæнын æмæ уыдоны уарзын куыннæ сахуыр уæм, уæд. Кæрæдзийы æнцой балæууæм мах дæр æмæ кæрæдзийæн ма бахæлæг кæнæм нæ хорз хъуыддæгтæ, нæ фæлмæн ныхæстæ, нæ хъарм æнкъарæнтæ. Райгасуæвæг Чырысти нын нæ зæрдæты ссудзын кæнæд фæл­мæндзинад, нæ зæрдæты нын сахуыр кæнæд барын.

Бæрæгбæтты бæрæгбон – Чырыстийы райгас – иууыл кадджындæр бæрæгбон. Уаз, цин æмæ бæрзонд æнкъарæнтæ Куадзæны хорзæх алкæйдæр уæд! Ацы табуйаг бон уын мæ зæрдæ зæгъы стыр амонд æмæ стыр хæрзтæ, уды хъару æмæ сабыр цард, æнæниздзинад æмæ бирæ цæрæнбон», – радзырдта фыд Иаков.

Куадзæн куыд нысан кодтой рагон ирон адæм. Уый тыххæй дзуры кувæг лæг Къæ­бысты Суликъо.

«Куадзæны размæ – иу, (раздæр фылдæр адæм, ныр – къаддæр) уæлдайдæр та хистæр кары адæймæгтæ, авд къуырийы дæргъы дардтой ком æмæ-иу стæй куадзæны райсом сæ ком суагътой. Комуадзæнæй у йæ ном дæр – Куадзæн. уый алы хатт дæр вæййы хуыцаубоны æмæ у бæрæгбон. Йæ хæдфæстæ къуыри та ирон адæм кæнынц Мæрдты Куадзæн. Алчи мардæн йæ Куадзæны хай уыцы бон ныххæлар кæны.

Уæлмæрдмæ зилын, мæрдты ном арын, хойраг, нозт, дыргъ, адджинаг сын хæлар кæнын ирон адæм сæ уæз хæсыл нымадтой æмæ нымайынц абон дæр.  Уымæн фæзæгъынц, хъæубæсты, бинонты фарн базонын дæ кæд фæнды, уæд уал сын, фыццаджыдæр, сæ уæлмæрæрдмæ бацу. Æнæфснайд, æнæзылдæй йæ баййæфтай, уæд зон: сæ фарн фæцудыдта, фæкъахыр. Бинонтæ уый адыл ныллæуынц мæгуыры фæндагыл – удыхъæд, зонд, æнгомдзинад æмæ мулкæй.

Мæ фыды фыд зондджын, куырыхон лæгыл нымад уыд, æмæ-иу афтæ амыдта махæн, йæ кæстæртæн: «Афæдзæн ис æрдзы мидæг цыппар афоны – уалдзæг, сæрд, фæззæг, зымæг. Фæлæ, нæ ирон адæмы цардæн та йæ афæдзы афонтæ нымад цæуынц цыппæргай мæйтæй. Уыдонæй иу у Цыппурсæй Куадзæнмæ, дыккаг Куадзæнæй Майрæмы Куадзæнмæ, æртыккаг Майрæмы Куадзæнæй Цыппурсмæ.

Куадзæн, Майрæмы Куадзæн æмæ Цыппурс – ацы æртæ бæрæгбонæй алкæй агъоммæ дæр ирон адæм дардтой ком. Куадзæны агъоммæ авд къуырийы Майрæмы Куадзæнмæ – цыппæрдæс боны. Цыппурсмæ – цыппор боны. Цыппурс дæр уымæн хуыйны. Ком дарай æви нæ дарай, ирон адæмæй алчидæр йæхицæн хæсыл нымадта ацы бæрæгбæтты агъоммæ, æнæмæнг, йæ мæрдты ном ссарын, сæ уæлмæрдтæ сын бафснайын. Афтæмæй нæ уæлмæрдтæ афæдзы дæргъы зылдхъуаг никуы уыдысты.

Куадзæнмæ сæ зымæджы быронæй ссыгъдæг кæнæм, Майрæмы куадзæнмæ – сæрдыгон кæрдæгæй, цыппурсмæ – фæззæджы рыг æмæ хæтæлтæй. Æмæ мæрдтæ дæр хæрзаудæн кæнынц удыгæстыл».

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.