2017 азы цы егъау Инвестицион проекттæ æххæст æрцыд, уыдонæй сæ-иу уыд «Ирыстоны дыргъдæттæ». Ацы проекты фæдыл куыстытæ куыд æххæст цыдысты æмæ стæй йæ куыст цæмæн банымæг, уый тыххæй нын лæмбынæг радзырдтой Экономикон райрæзты министрады.

Инвестицион проекты руаджы сырæзт Присы хъæуы 50 гектарыл дыргъдон, сагъд дзы æрцыд 160 000 фæткъуыйы талатæ. Уыдон уыдысты фондз сорты. Проекты инициатор уыд Ростовы областæй профессионалон дыргъгуыстгæнæг инвестор Константин Ластович. Экономикæйы реалон секторы рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты амалиуæггæнæгæн лæвæрд æрцыд 200,64 милуан сомы. Инвесторæн йæхи фæрæзтæ та уыдысты 60,1 милуан сомы.

Проекты фæлгæтты фæткъуыйы талатæ æрластой Сербийæ. Константин Ластович куыд амыдта, афтæмæй бынæттон талатæй уымæн не спайда кодтой æмæ уыдон хæрдмæ æгæр рæзынц. Инвестор æрласта сæрмагонд шлангтæ дæр, баныгæдтой сæ мæры  афтæмæй бæлæстæ донхæр цыдысты. Ластовичмæ фидæны тыххæй бирæ хъуыдытæ уыд. «Ирыстоны дыргъдæтты»-йы территорийыл хъуамæ арæзт æрцыдаид завод, цыран куыстаиккой дыргътæй продукци уадзыныл – дыргъы натуралон дæттæ, джемтæ. Инвестор хъуамæ ноджыдæр сарæзтаид, 3 мин тоннæйы бæрц дыргътæ, æмæ халсæрттæ кæм цыдаид, ахæм æфснайæн – ангар. Зæрдæ ма æвæрдта фæстæдæр кæй рауæрæх кæндзæнис йæ проект æмæ кæй сараздзæнис талахъомылгæнæндон, цæмæй бынæттон цæрджытæ амал кæной талатæ.

Экономикон райрæзты министрады ма куыд зæгъынц, афтæмæй райдианы амалиуæггæнæгæн йæ хъуыддæгтæ хорз цыдысты. Фыццаг дыууæ аз цы тыллæг æркодта, уый æмбис реализаци æрцыд бынаты. Иннæ хай та Уæрæсейы Федерацийы. Ницы зындзинæдтæ йын уыд, таможнæйыл хизгæйæ дæр, фæлæ йæ кусын нал бафæндыд. Экономикон райрæзты министрадæн нал лæвæрдта хыгъд, йæ бакæнгæ куысты фæдыл. Министрад йæ хæсыл банымадта инвесторы хъуыддаг Арбитражон тæрхондонмæ бадæттын. 2018 азы проекты авторæн Хицауадæй цы субсидитæ хицæн æрцыд – 19,5 милуан сомы, уыдон хъуамæ раздæхтаид фæстæмæ. Ныртæккæ уыцы хъуыддаг ис приставтæм æмæ йæ процедурæ куыд у, уымæ гæсгæ, 19,5 милуан сомы æрбаздæхдзысты паддзахады бюджетмæ.

Инвесторæн кредиты хуызы æхцайы фæрæзтæ цы «Инвестицион агентад» радта – 000 «ТДА Тульский», уый уыцы бартæ йæхимæ райста. Куыддæр 000 «ТДА Тульский»-йæн йæ 176,9 милуан сом аздаха инвестор, афтæ дзы йæ бартæ ист æрцæудзысты æмæ «Ирыстоны дыргъдæттæ» уæй цæудзысты аукционы.

Æппæт ацы тæрхондонон процедурæтæ кæронбæттæн-мæ куы бахæццæ уой, уæд Хуссар Ирыстоны хицауад дæр хайад райсдзæн аукционы. Уыцы фарстытыл дзырд цыд, æрæджы нæ республикæмæ Уæрæсейы Федерацийæ цы делегаци æрцыд Фæсарæйнаг бæстæтимæ æхсæнрегионалон æмæ культурон бастдзинæдты фæдыл УФ-йы президенты управленийы къухдариуæггæнæг Игорь Масловы сæргълæудæй,уыимæ фембæлды рæстæджы. Инспекцион азылды рæстæджы уыдонæн РХИ-йы президент загъта: «Ныртæккæ фæткъуыбæлæстæ сты æдзæллаг уавæры. Инвесторæн йæ хъуыддæгтæ йæхи фæндиаг нæ ацыдысты. Æмæ нал цæуы Ирыстонмæ. Ацы дыргъдонæн мах агурæм æндæр инвестор, фæлтæрдджын чи уа æмæ дыргъдон чи сæндидзын кæна, ахæм. Мах фæнды, цæмæй ахæм исчи разына не ‘хсæн æмæ курæг стæм ацы хъуыддаджы нæ фарсмæ балæууат».

                                                                            УАЗÆГТЫ Марфæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.