Нæ республикæйы бирæ æнæкуыст зæххытæ ис, уымæ гæсгæ фадат ис хъæууон-хæдзарадон продуктты бирæ хуызтæй хъæздыг тыллæг æркæны-нæн. Афтæ уыдис цалынмæ дуг нæ фæивта, уæдмæ. Бынæттон халсæрттæ æмæ дыргътæй канд нæхи нæ ифтонг кодтам, фæлæ ма сын сæ зынгæ хай уæй кодтам паддзахадæн. Ластам сæ уæй кæнынмæ Гуырдзыстоны базармæ. Хъыгагæн, ныр афтæ нал у, хæсты фæстиуæгæн нæ хъæууон хæдзарад раууатмæ æрцыд æмæ йын бирæ азты дæргъы æндидзын нал æмæ нал æнтысы. Фæлæ фæстаг азты уæддæр цадæггай ивы хуыздæрæрдæм. Рес-публикæйы районты хицæн æмæ хицæн рæтты фæзындысты ахæм арен-датортæ, кæцытæ сæ æркæнгæ продуктты рахæссынц фæлхасгæнджыты размæ æмæ сæ уыдон дæр æхсызгонæй æлхæнынц.

Ныртæккæ нæ базары цы бынæттон дыргътæ æмæ халсæрттæ уæй цæуы, уыдонæн сæ зынгæ хай уæй кæнынц Цхинвалы районы Дменис, Сатихъар æмæ Хелцуайы хъæуты цæрджытæ.

Ацы комы цæрджытæй дыууæ лæппу ацы аз сæ тыхтæ бафæлвæрдтой картоф-куысткæнынады. Уыдон, Рехийы хъæды бын цы сæрибар зæхх уыд, уым байтыдтой картоф. Ацы зæххы фадыджы-иу кæддæр колхоз байтыдта картоф æмæ-иу сын тугыл аскъуыд. Ныр дыууын азæй фылдæр уым ницыуал тыд цыд. «Зæхх тракторæй бахуым кодтам, тракторист дис кодта, зæхх куыд æнцонгуысткæнинаг у, ууыл. Чысылæй фæстæмæ уарзын зæххы куыст. Мæхи цæхæрадоны æркæнын алцы дæр. Дæхи тыхæй, дæхи къухтæй кæй æркæнай, уый уæлдай хæрзаддæр у», – зæгъы лæппутæй сæ иу Уалыты Таймураз.

Лæппу кæд кусаг у, уæддæр иунæгæй 3 гектар картоф байтыдтаид, уымæ йæ ныфс нæ хаста. Æмæ иу бон йæ хъуыды фергом кодта йæ хорз æмгар Мамытаты Зелимæн. Техникæ сæ къухы кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ Зелим чысыл базивæг кодта. Фæлæ йын Таймураз загъта, зæгъгæ, абон бирæтæ катай кæнынц куыст сын кæй нæй, фæлæ, дам, дæ кусын куы фæнда, уæд дын æнæмæнг разындзæнис куыст. Мах дæр, зæгъ бафæлварæм. Цæмæй цæрын фæразай, уый тыххæй дæ цардæн хъуамæ аразай дæхæдæг фадæттæ. Æмæ уыцы фадæттæй та æххæстæй куы пайда цæуа, уæд алцыдæр вæййы фаг.

Лæппутæ кæрæдзи бамбæрстой æмæ уалдзæджы бавнæлдтой куыстмæ. Кæрæдзийæн ныфсытæ æвæрдтой, байтауæм, кæд, зæгъ, уæйы фаг нæ уой, уæддæр нæхицæн баззайдзысты. Экологион æгъдауæй сыгъдæг продукт та алкæйы дæр хъæуы.

Уалдзæджы бирæ рæстæг æвзæр боныгъæдтæ кæй ахаста, уымæ гæсгæ картоф садзынæй цъус фæфæстиат сты лæппутæ. Боныгъæд кургæйæ нæу, маст кодтой, фæлæ куыддæр фæбонтæ ис, афтæ бавнæлдтой сæ куыстмæ. Хæххон, бæрзонд рæтты уазалдæр кæй у, уымæ гæсгæ-иу картоф фæстæдæр скъахтой. Ныр, раздæрау, уазæлттæ нал кæны æмæ картоф дæр ныртæккæ у йæ къахыныл. Йе ‘мбис сын фесты къахт. Ныр алы сабат-хуыцаубон уыдон раласынц сæ продукци базармæ æмæ сæ уæй кæнынц цæрджытæн. Зæгъын хъæуы уый, æмæ картоф кæд нырма кæронмæ къахт нæу. Уæддæр дыууæ куыстуарзаг лæппуйæн ныридæгæн сæ зæрдæ рухс кæны сæ куыстæй. Фыццаг аз бакодтой ацы куыст, фæлæ райстой хъæздыг тыллæг. Сæ зæрды ис фидæнмæ дæр ацы куыст бакæ-нын, уырны сæ азæй-азмæ сæ куыст хуыздæр кæй цæудзæнис.

«Хъæутæн ныууадзæн нæй. Уым цард куы æндидза, куы уа фосдарæн, хъæу-уонхæдзарадон культурæтæ бакусыны фадат, уæд пайда у хъæууон зæхгуыстæн æмæ горæты цæрджытæн дæр. Нæ хъæутæ кæй æдзæрæг кæнынц, уый мын тынг зын у. Диссаг мæм уый кæсы æмæ хъæутæй æнцон цæрæн кæм у, уырдыгæй дæр сæхи кæй æппарынц горæтмæ. Цы ис горæты дæр æгуыстæй! Науæд хъæутæ куы раафтид уой, уæд уый сæфты хъуыддаг у. Хæлц, бæркад хъæутæй цæуы æмæ æнцонтæй уадзæн нæй фыдæлты уæзгуытæн. Адæймаг фердæхынæн куы уа, уæд йæхи æркæнгæ хойраг æмæ халсæрттæй дæр фæцæрдзæнис. Ирыстоны алы хъæуы дæр ис ахæм фадæттæ», – дзырдта Уалыты Таймураз.

Раст зæгъы Таймураз. Æцæгæйдæр, хорз уаид, цы фадæттæ нын ис, уыдонæй куы пайда кæнид алчидæр. Нæ горæты цæр-джытæй, æвæццæгæн, стæм разындзæнис хъæуы фыдыуæзæг кæмæн нæй æмæ сæ бынтон рохуаты ныууадзæм, уый раст нæу. Кæд уæйы фаг нæ, уæддæр дæ улæфтбонты бацу æмæ дзы бакус дæхицæн, зымæгваг. Цæмæй ма æлхæнай алыгъуызон химикаттæй хъомылгонд халсæрттæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.