Рæхджы Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры репертуар фæхъæздыгдæр уыдзæн ног спектаклæй. Театрдзаутæн ныр та цæттæ кæнынц зындгонд ирон драматург, режиссер Хуыгаты Георы пьесæмæ гæсгæ спектакль «Сау нымæт». Уый тыххæй нын фехъусын кодта театры пресс-службæ.

«Ацы проект реализацигонд цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрады заказмæ гæсгæ æмæ финансон æххуысы руаджы. Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй спектаклы æвæры Дыгуры театры сæйраг режиссер Джелыты Хъазбег, кæцы у Б. Щукины номыл театралон ахуыргæнæндоны рауагъдон. Уымæн ацы куыст фыццаг нæу нæ театры, 2021 азы хуссарирыстойнаг сценæмæкæсджытæн сæвæрдта Мольеры уацмысмæ гæсгæ спектакль «Дон Жуан». Нæ театры репертуары фылдæр хъуамæ уой ирон драматургты спектаклтæ æмæ ууыл куыст цæуы. Режиссеры хъуыдымæ гæсгæ спектакль хъуамæ æвæрд æрцæуа марты мæйы кæрон», – банысан кодтой пресс-службæйы.

Хуыгаты Георы пьесæ «Сау нымæт» у арфхъуыдыджын, философон уацмыс. Йæ рæстæджы йæхæдæг драматург Цæгат Ирыстоны ирон театры сценæйыл сæвæрдта ацы спектакль. Æвдыст дзы цæуы уарзондзинад, иузæрдиондзинад, мæнгарддзинад. Æппæт хъайтарты хсæн архайы æрмæст иунæг адæймаг – фыййау, иннæ архайджытæ та сты фос æмæ сырдты фæлгонцты, сæ миниуджытæ та хæстæг сты адæймаджы миниуджытæм.

Спектакль «Сау нымæт»-ы ролтæ æххæст кæндзысты Мамиты Григори, Куымæридтаты Батрадз, Хуыгаты Дзамболат, Хуыгаты Альбинæ, Таугазты Дзерассæ æмæ æндæртæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.