Рæхджы Хуссар Ирыстонмæ фæуазæг уыдзæн Михаил Годенкойы номыл Красноярскы паддзахадон кафты академион ансамбль. Уый тыххæй раздæр фехъусын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Зæгъойты Рада. Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уырыссаг ансамбль Галаты Барисы номыл кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-имæ иумæ Цхинвалы ратдзысты концерт. Дыууæ сфæлдыстадон коллективы сæ арæхстдзинад хуссарирыстойнаг адæмæн æвдисдзысты Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры сценæйыл. Цымыдисон уыдзæнис ацы концертмæ бакæсын æмæ сын саргъ кæнын.

Михаил Годенкойы номыл Красноярскы паддзахадон кафты академион ансамбль у Красноярскы крайы филармонийы раззагондæр сфæлдыстадон коллективтæй сæ иу, æмæ у рагон. Йæ сырæзтæй абоны онг цы сфæлдыстадон фæндæгтыл цæуы, уыдон алыгъуызон уыдысты, кæддæриддæр сын ис æнтыстытæ, адæм сын уарзынц се сфæлдыстад. Бирæ азты дæргъы ансамблы сæргъ лæууыд æмæ йын иттæг хорз къухдариуæгад кодта Советон Цæдисы адæмон артист, СССР-ы паддзахадон премийы лауреат, Советон Цæдисы Социалистон куысты хъайтар Михаил Семены фырт Годенко. Курдиатджын æмæ куыстуарзаг къухдариуæггæнæджы рæстæджы цы кафтытæ сæвæрдтой, уыдон бирæ азты дæргъы нæ сафынц сæ популярондзинад. Кафтытæ æвæрд сты сыбыраг фольклоры бындурыл æмæ сæ зыны сыбыраг бæстæйы адæмы удыхъæд, цард, традицитæ æмæ миддуне. Годенко цы ансамблæн æрæвæрдта бындур, уый Уæрæсейы никæцы кафджыты коллективты хуызæн у æмæ йæ хæццæ дæр никæимæ фæкæндзынæ. Сæ алкæцы концерт дæр вæййы, раст, цыма, адæймаг хореографион спектаклмæ бакæсы, афтæ, кæцыйы сæрмагонд бынаты ралæууынц музыкæ, сæ кафты схемæ, се уæнгты айст, мидис æмæ бæрзонд æмвæзадыл æххæст аивад. Ансамбль арæх сæххæст кæны рагон æмæ нырыккон хореографи аивæй кæм баиу вæййынц, ахæм номыртæ. Сæ иууыл цымыдисондæр номыртæ сты: «Сибирь моя», «У колодца», «Казачий пляс», «На птичьем дворе» æмæ æндæр ахæмтæ.

Красноярскы паддзахадон кафты академион ансамблæн дунейы 70 бæстæйæ фылдæры уыд триумфалон æнтыстытæ.

Йæ фыццаг аивадон къухдариуæггæнæг Я. Коломейский уыд курдиатджын музыкант æмæ сыбыраг кафты фольклор хорз чи зыдта, ахæм сфæлдыстадон адæймаг. Йæ фæстæ 1956 азы ансамблы аивадон къухдариуæггæнæг ссис  К. Мусин. Фæстæдæр, 1963-æм азы та ансамблмæ æрбацыд Михаил Семены фырт Годенко æмæ йæ архайд тынг фæзынд ансамблы размæцыды хъуыддагыл. Годенкойы къухдариуæгадæй 28 азы дæргъы коллективæн бантыст сæвæрын 150 хореографион номыры. Михаил Годенко коллективимæ кæй сæвæрдта, йæ уыцы фæстаг шедевр хуыйны «Вечерний звон». 1990-æм азы курдиатджын хореограф Годенко йæ цардæй куы ахицæн, уæд ын йæ хорз æмбал, Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны культурæйы сгуыхт кусæг А. Давидовичы сæвæрдтой ансамблы къухдариуæггæнæгæй. Йæ къухдариуæгадæй коллективæн бантыст ансамблы профессионалон æмвæзад бахъахъхъæнын. 1955 азы Уæрæсейы культурæйы министрады уынаффæмæ гæсгæ ансамблæн се ‘нтыстытæ æмæ сæ архайды тыххæй радтой академион ансамблы кадджын ном. 2009-æм азы та ансамблæн радтой сæрмагонд статус, куыд Красноярскы крайы культурон бынтæ хъахъхъæнæг зынаргъ объект, афтæ.

ЦХУЫРБАТЫ Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.