Ног ахуыры азмæ бирæ рæстæг нал ис æмæ та нæ республикæйы цалцæггонд  цæуынц скъолатæ. Бæрæгæй разындысты, саразинаг сæ цы ис, уыдæттæ.

5-æм сентябрæй та æрбалæудзæн ног ахуыры аз æмæ цæмæй уымæ æмбæлон æгъдауæй сæхи бацæттæ кæной, ахуыр-хъомыладон куыст æппæт скъолаты дæр нывыл цæуа, ууыл та зæрдиагæй архайынц нæ республикæйы ахуырадон системæйы кусджытæ, афтæ ма ныййарджытæ дæр. Ахæм архайд æнкъардæуы Дзауы районы дæр æмæ лæмбынæгдæр хатдзæгтæ аразынц ивгъуыд ахуыры азы фæстиуджытæ æмæ сæ дарддæры бакæнинаг куыстæн. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ ацы аз коронавирусы аххосæй скъолаты  зæрдæйы фæндиаг ахуыр нæ ацыдис æмæ уый тыххæй стыр катайы мидæг сты, куыд ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ, афтæ ахуыргæнинæгтæ сæхæдæг дæр. Дзауы районы ныридæгæн цы куыст цæуы ног ахуыры азы æрбалæудмæ, уый тыххæй нын бæстонæй радзырдта райо-ны ахуыры хайады гæс Битеты Мария. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ныртæккæ районы сæйрагдæр хæс у 5-æм сентябрмæ скъолатæ бацæттæ кæнын æмæ сæ æмбæлон уагмæ æркæнын, афтæ ма ахуыр-хъомыладон фарстытæ скъуыддзаг кæнын, ахуыргæнæн программæтæ æрбæстон кæнын. «Хетæгкаты Къостайы номыл Дзауы астæуккаг скъолайы фарсмæ ацы аз арæзт æрцыдис ног спортивон зал. Уый у хорз хъуыддаг, ныр сывæллæттæн уыдзæнис, сæхи физикон æгъдауæй кæм цæттæ кæной, ахæм бынат. Скъолаты цалцæггæнæн-æндидзынгæнæн куыстытæн цы æхцайы фæрæзтæ рахицæн æрцыд, уыдон сæрмагондæй бахардз сты ацы спортивон залы арæзтадыл. Зæххæнкъуыстæй фæстæмæ Дзауы астæуккаг скъолайы нæ уыдис спортивон зал, нæдæр – актон зал æмæ æппæт мадзæлттæ дæр уагъд цыдысты уынджы кæнæ та – скъолайы къæлидоры. Мах ацы залы сырæзтыл тынг фæцин кодтам, уымæн æмæ нын уыдис æнæмæнгхъæуæг. Уый тыххæй стыр бузныг зæгъæм нæ бæс-тæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн æмæ хицауадæн, нæ уавæры кæй бацыдысты æмæ нын капиталон спортивон зал кæй сарæзтой, уый тыххæй. Районы æндæр ахуырадон уагдæттыл куы дзурæм, уæд та банысан кæндзынæн уый, æмæ алы аз дæр не скъолаты кæй цыдысты цалцæггæнæн куыстытæ æмæ нæ ацы аз уадиссаг ницы аразын бахъуыдис. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис нын чысыл саразинæгтæ æмæ сæ ног ахуыры азмæ бабæстон кæндзыстæм. Зæгъын мæ фæнды уый, æмæ нæ районы æппæт ахуырадон уагдæттæ дæр кæй уыдзысты цæттæ ног ахуыры азмæ материалон æгъдауæй», – загъта Битеты Мария. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй районы скъолаты нæ фаг кæнынц ахуыргæнæн чингуытæ алкæцы предметæй дæр æмæ уый тыххæй цæуы куыст. «Дистанцион ахуыры рæстæджы хæрдыл цы æхцайы фæрæзтæ сэкономи кодтам, уыдонæй самал кæндзыстæм, скъолаты цы ахуыргæнæн чингуытæ нæ фаг кæны, уыдон. Чингуытæ цы предметтæй нæ фаг кæнынц, уыдоны номхыгъд нæм ис æмæ рæхджы ацы фарст скъуыддзаг æрцæудзæнис. Куыд æндæр рæтты, афтæ махмæ дæр не скъолаты кусынц библиотекæтæ. Скъоладзаутæ библиотекæтæй цы чингуытæ райсынц, уыдон ахуыры азы фæуды фæстæмæ æрбахæссынц. Ныртæккæ ахуыргæнæн чингуытæ сты зынаргъ æмæ сæ балхæнын бирæтæн зын вæййы, уымæ гæсгæ чингуытæ, хуыздæр у æмæ æфснайд цæуой библиотекæйы.

Цалцæггæнæн куыстытæ бакодтой Дзауы сывæллæтты цæхæрадоны. Уым æнæмæнг хъуыдис цалцæггæнæн куыстытæ бакæнын куыд мидæгæй, афтæ æдтейæ дæр. Ныр фесты æмæ сæхи цæттæ кæнынц рауагъдон изæрмæ. Карантины тыххæй ацы мадзæлттæ рæстæгыл уагъд не ‘рцыдысты æмæ сывæллæттæн та хъæуы бæрæгбон саразын. Иннæ ахуырадон уагдæттæ иууылдæр сты цæттæ ног ахуыры азмæ. Ныртæккæ мах райстам Хицауады уынаффæ сывæллæтты хæлцад сорганизаци кæныны фæдыл лимиттæ фæфылдæр кæныны тыххæй. Уый дæр у позитивон хъуыддаг, уымæн æмæ хæлцадон продукттæ сты зынаргъ», – банысан кодта районы администрацийы ахуыры хайады гæс.

Бæрæг куыд у, афтæмæй ав-густы мæйы кæрон уагъд цæудзæнис ахуыргæнджыты республикон конференци æмæ районы ахуыры хайад дæр уырдæм сæхи цæттæ кæнынц. Битеты Мария нын куыд загъта, уымæ гæсгæ конференцийы, сæйраджыдæр, фарст æвæрдзысты, цæмæй ног ахуыры азы мауал раздæхой онлайн ахуыртæм. «Махæн, ахуыргæнджытæн, иууыл ахсджиагдæр фарст абон у, цæмæй æппæт дæр саразæм уый тыххæй, æмæ ма-уал раздæхæм, цы баййæфтам, уыцы онлайн ахуыртæм. Цæмæй нæм ахуырад цæуа традицион режимыл –  скъоладзау фæсивæд ахуыр кæной скъолаты. Ис мын хъæбулты хъæбултæ æмæ ма стæй куыд ахуыргæнæг, афтæ мæ бон у фидарæй зæгъын уый, æмæ ахæм ахуыр кæй нæ нымайын гъæдджын ахуырыл, уый. Сентябрæй куы рахизæм ахуырмæ, уæд, фыццаджыдæр, хъуамæ сфæлхатт кæнæм, ивгъуыд аз цы уроктæ цыдысты, уыдон. Уымæн æмæ сывæллæттæ сæ программæйы аззадысты фæстейæ. Ног ахуыры аз, 5-æм сентябры райдайдзыстæм, уый размæ куыд ахуыр кодтам, ахæм режимы æмæ дарддæр та, æвæццæгæн, уавæрмæ гæсгæ», – банысан кодта Битеты Мария. Уый ма нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй ног ахуыры аз скъолаты кæстæр кълæстæн къуыри иу хатт амондзысты шахматтæй хъазын, кæцы стыр ахъаз у сывæллæтты интеллектæн, хъуыдыкæнынадæн æмæ сæры магъзæн.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.