Алы дæсныйады фæзынд дæр баст у дуджы домæнтимæ. Уыдонæй иуæй царды домæнтæн дзуапп нал лæвæрдтой æмæ бынтондæр фесæфтой сæ нысаниуæг, æндæртæ та аккаг бынат æрцахстой нæ царды. Ахæмты æмрæнхъ ис дизайнер-модельеры дæсныйад дæр.

Ацы дæсныйад бирæ æнусты размæ фæзынд æмæ уæдæй нырмæ уый баййæфта  бирæ ивддзинæдтæ, бæлвырддæрæй та – дарæсы нысаниуæг æхсæнады кодта домгæдæр æмæ хуыйæджы дæсныйад ссис, кæцыфæнды дуджы дæр адæймагадæн æнæмæнгхъæугæ чи у, ахæм дæсныйад. Афтæ ма ацы дæсныйад ныры домæнтæм гæсгæ у æфтиагджын, хорз хуыйæг æгуыст никуы вæййы. Ацы дæсныйад чи равзары, уымæн йе ‘нтыст баст у, куыд æй уарза, уыимæ, йæ тырнындзинадимæ æмæ сæйраджыдæр та хъуамæ уа курдиатджын. Ахæм куыстуарзаг дæсны хуыйæгыл нымад у нæ горæты Цардуагон лæггæдты хæдзары хуыйджытæй сæ иу – Габуты Мадинæ.

Мадинæ райгуырд æмæ схъомыл ис Хуссар Ирыстоны, каст фæцис Цхинвалы 12-æм астæуккаг скъола, фæлæ йæ царды æмбис арвыста Хъыргъыстаны. Йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй ма кæстæр кълæсты ахуыргæнинаг куы уыд, уæд-иу æрвылбон дæр йæ фæндаг кодта Модæты ательейыл. Уым йæ мад Плиты Соня куыста хуыйæгæй æмæ-иу Мадинæ не ‘фсæст йæ мады хуыд дарæсыл цымыдис кæнынæй. Афтæмæй æрыгон чызг бауарзта хуыйын. Фæстæдæр райдыдта хуыйын йæ куклæтæн дарæс, æрымысыд-иу ног æмæ ног дизайн æмæ-иу сæ стæй бахуыдта.

Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ Мадинæ иучысыл рæстæг акуыста нæ горæты Цардуагон лæггæдты  хæдзары. Уæд æргомæй фæбæрæг ис æрыгон чызгæн ацы дæсныйадмæ йе ‘взыгъддзинад æмæ йæ нæ республикæйы уæды къухдариуæгад арвыстой ацы фадыджы йæ ахуырад фæбæрзонддæр кæнынмæ. 1985 азы Мадинæ æнтыстджынæй радта фæлварæнтæ Санкт-Петербурджы Модæты уæлдæр скъоламæ æмæ ссис ацы уагдоны конструктор-модельеры хайады студенткæ. Ацы ахуырадон уагдон кæд æнтыстджынæй каст фæцис, уæддæр  æрыгон куыстуарзаг чызг не ‘рлæууыд ууыл.  Фæстæдæр ма каст фæцис ноджы цалдæр ахуыргæнæндоны. 1989 азы  Санкт-Петербурджы Модæты  уæлдæр скъола каст фæуыны фæстæ Мадинæ æрыздæхт  Ирыстонмæ æмæ  фæстæмæ райдыдта кусын Цардуагон лæггæдты хæдзары. 1989 -1990 азты Хуссар Ирыстоны Гуырдзыстоны  фашистон хицауады аххосæй  уавæр æндыгъдæй æндыгъддæр кæй кодта æмæ. Мадинæйæн дæр нал уыд фадат йæ уарзон дæсныйад Ирыстоны райтынг кæнынæн, кæд æй тынг фæндыд, уæддæр. Аздæхт фæстæмæ Санкт-Петербургмæ æмæ уым райдыдта кусын. Мадинæ ам фембæлд æмæ фæстæдæр йæ цард баиу кодта хъыргъызаг лæппуимæ. Афтæмæй ирон чызджы йæ цардвæндæгтæ ахастой Хъыргъыстанмæ.

Габуты чызг кæд цалдæр дæсныйады райста æмæ йын уыд фадæттæ  æндæр куыст кæнынæн, уæддæр хуыйæджы дæсныйад нымадта, йæ зæрдæмæ æввахсдæрыл æмæ йын снывонд кодта йæ цард. Æцæгæлон бæстæйы дæр  ирон куыстуарзаг чызг нæ ныууагъта йæ уарзон куыст.  Уый нæ, фæлæ райтынг кодта  ацы фадыджы  амалиуæгадон архайд.

«Æцæгæлон бæстæмæ æрцæугæйæ, мæн уыцы адæм райстой тынг зæрдæхæларæй. Мæ куыст райтынг кæнынæн мын кæд тынг бирæ цæлхдуртæ  уыд, æгæрыстæмæй, мын кæд иунæг хуыйæн машинæ  дæр нæ уыд, уæддæр уыцы хæлар-зæрдæ адæмы æххуысæй мæнæн бантыст мæ царды сæйраг бæллиц сæххæст кæнын», – загъта Мадинæ. Уый куыд загъта, афтæмæй  уал сæйраджы-дæр бахатыд, йе ‘мкъай цы университеты куыста, уый къухдариуæгадмæ, цæмæй йын баххуыс кæной. Уыдон ын рахицæн кодтой, университетмæ æввахс  цы сывæллæтты раздæры цæхæрадон уыд, уый агъуыст  æнæаргъæй.  Ахуырадон уагдоны студенттæй  кæй фæндыд, уыдонæй та æрæмбырд кодта къорд æмæ æрбайгом кодта цæттæгæнæн курсытæ. Уыдон ын цы æхцайы фæрæзтæ  фыстой, уыдонæй Мадинæ самал кодта хуыйæн машинæтæ æмæ æндæр хъæугæ хуыйæнгæрз-тæ, курсанттæй та бацæттæ кодта кадртæ.  Афтæмæй, ирон чызджы къухдариуæгадæй,  райтынг ис Хъыргъыстаны  Модæты центр «Золотая долина», кæ-цы ныртæккæ ис  дунеон модæйы  бæрзонддæр æмвæзадыл.

20 азы дæргъы Мадинæ йæ удыл ‘науæрдгæйæ, парахат кодта хъыргъызаг  национ костюм æмæ йын бантыст тынг бирæ. «2008 азы хæсты рæстæджы ныппырх ис мæ мады хæдзар, йæхæдæг та фæрынчын.  Ацæргæ сылгоймаг у, сæххæст ыл ис 90 азы, æмæ йын хъуыд баххуыс кæнын йæ хæдзар сæндидзын кæнынæн. 20 азы дæргъы Хъыргъыстаны цы центрыл бафыдæбон кодтон, уый ныууагътон, мæхæдæг кæй  цæттæ кодтон, уыцы æрыгон специалистты бæрны йæ ныууагътон æмæ рацыдтæн Ирыстонмæ. Фыццаг бонтæй фæстæмæ райдыдтон  архайын, цæмæй бакусон æрыгон фæлтæрæн мæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ бацамоныныл, сæйраджыдæр та ирон национ дарæс хуыйыныл. Хъыгагæн, 9  азы дæргъы мын нырма ницы бантыст.  Иуæй, нæ республикæйы  къухдариуæгадæй нæ райстон æмбæлон æххуыс, иннæмæй та – фæсивæды ‘хсæн нæ разынд, хуыйæджы куыстæн аккаг аргъ чи скæна, ахæмтæ», – загъта Габуты чызг.

Кæцыфæнды нацийæн дæр йæ сæйрагдæр бæрджытæй сæ иу у национ дарæс æмæ йæ мах дæр ма хъуамæ сафæм. Мадинæ куыд зæгъы, афтæмæй фæстаг рæстæджы райсы бирæ закъазтæ фæсивæдæй ирон национ дарæс хуыйынæй. Афтæ ма сæ фæфæнды ирон орнаменттæ дарæсы хицæн хуызтыл бахуыйын. «Ахæм закъазтæ нæм ныртæккæ вæййы тынг арæх, фæлæ мах райсæм æрмæстдæр чысыл сабитæн национ дарæс хуыйыны закъаз-тæ. Уымæн æмæ махæн нæй фадат, цæмæй нæ хатæны æрæвæрæм фаг хъуымац æмæ æндæр хуыйæн æрмæджытæ»,- загъта Мадинæ.

Ныртæккæ Мадинæ кусы Цардуагон лæггæдты хæдзары æмæ йæ йæ уавæртæ кæд нæ амонынц, уæддæр æй ныфс ис, кæй йын фæзындзæн æмбæлон æххуыс нæ паддзахады æрды-гæй æмæ уый руаджы бæстон-дæрæй кæй бакусдзæн ирон национ дарæс хуыйыныл.

Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.