Ныр мæйæ фылдæр нæ горæты цæрджытæ тыхсынц, нуазыны дон гъæдджын кæй нæу, стæй къуылымпытимæ кæй цæуы, уымæй.

Цæмæн ахæм уавæр сæвзæрыд, уый базоныны тыххæй бацыдыстæм «Водоканал»-ы куыстуатмæ. Проблемæ ацы куыстуаты кусджытæ бæттынц уалдзыгон миттад æмæ дон кæй размæнты, уыимæ. Уымæ гæсгæ изæры дон лæвæрд æрцæуы горæты хуссар хаймæ, райсомæй та – цæгат хаймæ.

 «Водоканал»-ы хистæр Цхуырбаты Алан афтæ зæгъы: «Сæйраг хахх – Едысы доны магистраль никуы æрлæууы. Дыууæ резервуары нын лæууы Тулдзы къохы, иу дзы цæуы 5 мин кб. онг. Боныгъæдæй бирæ кæнгæ у, куыддæр къæвдабонтæ вæййы, афтæ дон дæр змæстæй райдайы цæуын».

Уыцы проблемæйыл дзырдта Едысы донæмбырдгæнæны резервуармæ хъусдарæг Дзесты Игорь дæр. Уый куыд зæгъы, афтæмæй Едысы доны гуырахст фылдæр вæййы æрмæстдæр июлы мæйæ октябры мæймæ. Стæй та, зæгъгæ, къаддæр райдайы. Уыцы рæстæджы йæм баиу кæнынц Дзомагъ æмæ Брытъаты доны магистралон хæххытæ. Куыд зонæм, афтæмæй та, дам, уыцы хæтæлтæ сты гом æмæ змæст дон дæр уымæн фæцæуы.

 Ацы аз горæтмæ хъуамæ æрхæццæ уыдаид Уанаты дон, фæлæ цæмæдæр гæсгæ, уыцы куыстытæ фæкъуылымпы сты.

«Нывæзтмæ гæсгæ 2019 азы ноябры мæйы хъуамæ баиу уыдаит Уанат-Цхинвалы дон. Дон хъуамæ æххæссыдаид горæты æмбисыл, æмæ уæд Едысы дон фæсæрибар уыдаид æмæ горæт донхъуаг нал æййафит. Цæмæй дон æххæссыдаид горæтыл, уый тыххæй бафæлвæрдтам, Дменисы хъæумæ цы дон цæуы, уый дæр рæстæгæй-рæстæгмæ горæты доны хæтæлмæ æрбаиу кæнынмæ. Фæлæ, уым доны хæтæлтæ ивд не ‘рцыдысты, уымæ гæсгæ стыр æлхъывдадимæ дон куы рацæуы, уæд атонынц хæтæлтæ», – загъта Цхуырбаты Алан.

Уый ма загъта, зæгъгæ, кæд июны мæйы Уанат-Цхинвалы донуадзæн хæтæлы дыккаг этап сырæза, уæд уый горæтæн дæтдзæн 15 мин куб дон æмæ уæд уавæр бæрæг фæхуыздæр уыдзæн.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.