Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады Акт расидыны бон – 29 май, бæстæйы историйы у сæйраг паддзахадон бæрæгбон. Уыцы ахсджиаг боныл зæрдиагæй бакуыстой Уæлдæр Советы фыццаг сæвзæрст депутаттæ. Уыдон дзуапп кодтой дуджы домæнтæн æмæ архайдтой сæ адæмы скуынæг кæнынæй фервæзын кæныныл. Ирыстонæн ацы ахсджиаг бон цы нысан кæны, уый фæдыл нын сæ хъуыдытæ дзурынц:

Джиоты Мурат – Постконфликтон фарстатæ бæстон кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын минæвар:

– Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвынады историйы бирæ нысани-уæгджын цаутæ æмæ нымæцтæ ис. Нæ паддзахаддзинад аразыны хъуыддаджы иууыл ахсджиагдæрыл æз нымайын Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад расидыны фæдыл 1992 азы 29 майы райсгæ Акт.

Советон Цæдисы фехæлдæй Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ цы агресси æвдыста, уый бахынцгæйæ хуссарирыстойнаг Адæмон депутатты областон совет 1990 азы райста хъысмæтæвзарæн уынаффæ – хуссарирыстойнаг автономон областæй Республикæ Хуссар Ирыстон расидын. Фæлæ цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон уæвынад кодтаид, уый тыххæй хъуыд саразын бирæ ахсджиаг политикон æмæ юридикон къахдзæфтæ. 1990 азы 9 декабры уагъд æрцыдысты æвзæрстытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Со-ветмæ, ома, нысан æрцыд ног паддзахады закъондæттынадон къухдариуæгад.

Йæ райдианы Хуссар Ирыстоны фæнд уыд сноггонд Советон Цæдисы сконды уæвын. Нæ бæстæйы къухдариуæгад архайдта, цæмæй нæ бæстæ уыдаид Цæдисы иу субъект. Уый фæстæ Советон Цæдис бынтондæр куы ныппырх, уæд йæ дыккаг бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Совет райста Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады фæдыл деклараци. Æмæ æввахс рæстæджы 1992 азы 19 январы уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады фæдыл референдум. Æвзæрстыты рæстæджы не ‘мбæстæгты 99 проценты разыдзинад равдыстой уый фæдыл. Æппæтадæмон хъæлæскæныны фæстиуджытæ цæмæй юридикон æгъдауæй фидар æрцыдаиккой, уый тыххæй 1992 азы 29 майы Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Совет райста Акт Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады фæдыл. Уый уыд, нæ паддзахад сфидар кæныны хъуыддаджы юридикон-барадон ахсджиаг къахдзæф. Ахсджиаг къахдзæф ма æрцыд арæзт уый фæстæ дæр. 1993 азы ноябры мæйы та ист æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны фыццаг Конституци. Уый нысан кодта афтæ, æмæ барадон хъуыддаджы нæ паддзахад фидаргонд æрцыд æмæ ахсджиаг цы у, уыцы юридикон къахдзæфтæ арæзт цыдысты нæ адæм æмæ Уæлдæр Советы руаджы, дунеон барадон нормæты бындурыл. Уымæ гæсгæ 29 май Хуссар Ирыстонæн паддзахад арæзтады у ахсджиаг бон– нæ бæстæ уыцы бон барадон æгъдауæй фидар æрцыд.

Историон æнæмæнгхъæуæг документ уæды рæстæджы ист цыд гуырдзиаг хотыхты нæрдимæ. 28-29 майы уагъд цыд Хуссар Ирыстоны историйы хъысмæтæвзарæн сесси. 28 майы сырæзт Хуссар Ирыстоны хицауад, уæд фæзынд ног министрадтæ, уыцы нымæцы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад (уыцы рæстæджы уый хуынд Æддагон ахастыты министрад). Уымæй Республикæ Хуссар Ирыстон райста паддзахадон хæдбардзинад бафидар кæныны хуызы Акт.

Нæ паддзахады сырæзты историйы банысангæнæн ис æртæ ахсджиаг цауæн:

1.1990 азы 20 сентябры – Республикæ Хуссар Ирыстон расидыны бон;

2.1992 азы 29 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хæдбардзинады Акт расидыны бон;

3.2008 азы 26 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хæдбардзинад Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй нымад кæй æрцыд.

Уæдæ 1990 азы 20 сентябры цы паддзахад расидт æрцыд, уый 1992 азы 29 майы юридикон æгъдауæй фидар æрцыд æмæ дунеон нымад та райста 2008 азы 26 августы.

Æз зæрдиаг арфæ кæнын ацы ахсджиаг боны цытæн алкæмæн дæр, Хуссар Ирыстоны алы æмбæстагæн дæр, уадз æмæ алчи дæр амонд-джынæй цæрæд нæ бæстæйы

Битеты Мария – Дзауы районы администрацийы ахуырады хайады сæргълæууæг:

– Ацы цау хорз хъуыды кæнын, куыд æмæ цы уавæрты уагъд цыд ацы процесс, уый. Æппæт ирон прогрессивон тыхтæ архайдтой бæстæйы хæдбардзинад расидыныл. Хорз хъуыды кæнын Гуырдзыстонæй æрбацæугæ тыхтæ Пацъайы хъæуы сæрмæ цы плакат конд уыд, «Цвети Осетия моя!!!» уый раппарынмæ куы хъавыдысты, зæгъгæ, ирæттæн бар нæй ахæм плакаттæ æвæрынæн. Гуырдзиæгтæ автобусы йемыдзагæй бацыдысты зæронд хидыл. Æз ме ‘мкъай Битеты Хъамболимæ сæ размæ рахызтыстæм æмæ нын семæ быцæу ныхас бацайдагъ. Уыцы бынатмæ ноджы батымбыл сты не ‘мхъæуккæгтæ, фæндагыл цæуджытæ, æмæ гуырдзиæгтæ куы бамбæрстой, сæ фæнд нæ сæххæст уыдзæн, уæд сæхи айстой.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинады Акт исыны хъуыддаджы хайадисджытæй уыд Хъамбол дæр. Уыд Уæлдæр Советы фыццаг сæвзæрсты депутат. Хæдбардзинады Акт у Ирыстоны историйы ахсджиаг райда-йæн, уырдыгæй райдыдта нæ бæстæйы хæдбардзинады рæс-тæджы нымад. Абоны онг дæр æз мæ сæрæй ныллæг кувын уыцы адæмы раз, кæцытæ уæззау рæс-тæджы ныфсхастæй куыстой ва-зыгджын æмæ ахсджиаг уынаффæтæ рахæссыныл æмæ расидтысты Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Уыцы фæндвидар лæппуты удуæлдай тохы руаджы абон мах цæрæм хæдбар паддзахады.

1988 азы нæ курсытæм арвыстой горæт Тбилисмæ. Мах уырыссаг æвзаджы къорды уыдыстæм, хайад дзы истой бирæ нациты минæвæрттæ. Лекци нын чи каст, уый нын афтæ, ома, ныртæккæ бирæтæ сæхи нæ æмбæстæгтæ хонынц, фæлæ уый афтæ нæу – «Гуырдзыстон æрмæст гуырдзиæгты у». Уæдæ рагæй æнæуынон цæстæй кастысты гуырдзиæгтæ сæ алфæмблай нациты минæвæрттæм, уæлдайдæр, ирæттæм. Æмæ уыцы рæстæджытæ, уæззау бонтæ чи æвзæрста, уыдонæн æмæ махæн уый уыд ахсджиаг æмæ хъысмæтхæссæн документ.

Ныртæккæ нæ бæстæйы скъолаты æмбæлон ахуыр нæ цæуы, фæлæ ацы ахсджиаг документ амоныны хъуыддаджы фæстæ нæ лæууы районы ахуырады хайад, йæ нысаниуæг æмæ ахсджиагдзинад æмбарын кæнынц скъоладзау фæсивæдæн. 

Ирыстоны алы æмбæстагæн дæр ахæм бæрæгбоны мæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад, æнтыстытæ æмæ нæ бæстæйы размæцыд.

  Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.