Алцæуыл дæр лыстæггай куы ныхъуыды кæнæм, уæд кæуылты стыр  хицæндзинад ис абоны ирон адæм æмæ нæ фыдæлты æхсæн!.. Кæд ирон адæм фыдæй-фыртмæ Кавказы æндæр адæмты ‘хсæн цардысты, уæддæр сын бантыстис се’гъдæуттæ æмæ сæ дин бахъахъхъæнын, ныры дугмæ сæ æрхæццæ кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон туджы фидардзинадимæ уымæн ноджыдæр ахъаз фæцис, аланты байзæттæгтæ тæтæры æмæ Тимуры æрбабырстыты фæстæ хæхбæсты цалдæр æнусы дæргъы хибарæй кæй цардысты, уый. Æмæ кæд фæстæдæр сарæзтой хæстæг æмæ фидар бастдзинæдтæ сыхаг адæмтимæ, уæддæр ирæттæн сæ фылдæр абон дæр фидарæй хæцы сæ Фыдæлты Фарныл æмæ рагон æгъдæуттыл. Фæлæ, хъыгагæн, ныры дуджы кæуыл æмбæлæм, уыцы æгъдæуттæ бирæ цæмæйдæрты баихсыдысты…

Цæмæдæр гæсгæ, ныхас ирон æгъдауыл куы рхауы, уæд фылдæр хатт райдайынц ирон бæрæгбæттæ æмæ фынджы æгъдæуттæй. Уыдон дæр ахсджиаг куыд нæ сты. Фæлæ ноджы ахсджиагдæр æмæ вазыгджындæр та сты ирон адæймаджы царды уаг, æфсарм, йæ ахастытæ сыхбæстæ-хъæубæстæимæ, стæй бинонты æгъдау.

Паддзахадон закъæттæ ирон адæмы цардмæ æрцыдысты Уæрæсейæ, иудыууæ æнусы размæ. Æргом зæгъгæйæ та, æххæстæй абон дæр уыйбæрц нæ ахадынц æхсæнады царды, зæгъæм Ныгуылæн Европæйы æмæ Америчы куыд ахадынц афтæ. Æнусты дæргъы Иры дзыллæйæн æнæфæцудгæ уыдысты æндæр закъæттæ – Ирон Æгъдау, Æфсарм æмæ Фыдæлты Фарн. Æрмæстдæр уыдонмæ гæсгæ арæзтой сæ цард. Уыцы æгъдæуттæ уыдысты рæстдзинад æмæ æр-гомдзинады бындурыл, цардæн йæхи арæзт.

Алы ирон æхсæнады дæр (кæмтты, хъæуты) уыдис, æхсæнадон царды ахсджиаг уынаффæтæ кæм хастой, ахæм æмбырд – Ныхас. Уыдис сæм адæмон Тæрхон дæр. Æмæ кæд Ныхасмæ ас нæлгоймæгтæ иууылдæр цыдысты, уæд Тæрхон кæныны бар та уыдис иууыл дзырдарæхстдæр, фендджындæр æмæ хиуылхæцгæдæр лæгтæн. Цæвиттон, фидарæй зæгъæн ис – раджы заманты Иры кæмтты æмæ хъæуты цард адæмон демократийы бындурæвæрæн миниуджытæй цух кæй нæ уыдис.

Ныхасы хистæртæ бадтысты стыр дуртыл, кæцытæ-иу бирæ азты дæргъы пайда кæнынæй слæгъз сты, райстой-иу къæлæтджын бандоны хуыз. Ныхасы адæм бадтысты, кæмæн кæм æмбæлд, уыцы бынæтты. Хистæр хъуамæ бадтаид галиуæрдыгæй дыккаг бынаты. Йæ рахиз фарс, кæронæй – дыккаг хистæр. Иннæтæ хистæргай – галиуæрдыгæй. Уымæй уæлдай Ныхасмæ цыдысты æрыгон нæлгоймæгтæ дæр. Уыдонмæ бадыны бар нæ хаудис, æмæ æгъдаумæ гæсгæ лæууыдысты Ныхасæн йæ галиу кæрон. Кæстæртæ-иу цымыдисæй хъуыстой хистæрты ныхæстæм æмæ мысинæгтæм. Ныхасмæ адæм цыдысты канд уынаффæтæ хæссынмæ нæ, фæлæ кæрæдзийæн сæ хабæрттæ ракæнынмæ дæр. Ныхасмæ æрцæуæг адæмæй алкæмæ дæр хаудис ныхасы бар. Бахъуаджы рæстæг-иу хистæр уыцы бар ратта кæстæртæн дæр. Уыимæ, æрыгон лæг хъуамæ рацыдаид Ныхасы астæумæ, цыбырæй æмæ хуымæтæг, æнцонæмбарæн ныхæстæй радзырдтаид йæ зæгъинаг, стæй фæстæмæ йæ бынаты слæууыдаид. Кæстæртæ, Ныхасы хистæртæм хъусгæйæ, ахуыр кодтой дзырдарæхстдзинадыл, æгъдауыл, истой сæ Фарн. Ныхас уыдис ирон æхсæнадон парламент, кæцыйæн йæ уынаффæтæ уыдысты æхсæнады уæнгтæн æнæмæнгæй æххæстгæнинаг. Ныхасы æвзæрстой æхсæнадон царды ахсджиаг хъуыддæгтæ, лыг кодтой тудджынты бафидауын кæнын æмæ алыгъуызон быцæуаг фарстатæ. Уыдоны фæдыл уынаффæ хастой, æрмæстдæр ирон æгъдау куыд амоны, уымæ гæсгæ.

Адæймаджы кад æмæ намысы бæрæггæнæнтæ ирæттæ сæхицæн сбæлвырд код-той незамантæй фæстæмæ. Уæд хъæздыджытæ æмæ мæгуыртæ нæма уыдис, иуылдæр уыдысты æмбар, æмсæр. Алы адæймаг дæр йæхи нæ хицæн кодта йæ мыггагæй, йæ хъæубæстæй, аудыдта сыл, куыд йæхи бинонтыл афтæ. Æмæ уыцы æхсæнад дæр йæ хæсыл нымадта, цæмæй фидарæй хъахъхъæна  алкæй бартæ дæр. Ирон адæймаг кæддæриддæр, йæ кад æмæ йæ намыс хъахъхъæнгæйæ, хъахъхъæдта йæ мыггаг æмæ йæ хъæубæсты кад æмæ намыс дæр…

Нæ фыдæлтæ стыр æфхæрдыл нымадтой лæдзæгæй кæнæ ехсæй цæф. «Лæдзæгæй, дам, куыйты нæмынц». Ома, ныццæвæг  кæй ныццæвы, уый  куыдзыл нымайы. Æмæ ахæм быцæу кæддæриддæр цыдис лæгмæрдтæм. Уымæй уæлдай ма ирон лæг æфхæрдыл нымадта, исчи йын йæ худмæ бавнæлдтаид, уый дæр. Хæххон адæмы зондахастмæ гæсгæ, лæджы худмæ æвналæн нæй. Лæгæн йæ иннæ уæлæйы дарæс цаудгомау куы уыдаид, уæддæр худ хъуамæ уыдаид бæстон æмæ аив. Арæх-иу, нæлгоймаджы тæппуд рахонынæн, загътой: «Ды худ хæссыны аккаг нæ дæ, сылгоймаджы кæлмæрзæнæй йæ раив». Лæджы худ ирон адæмы æхсæн нысан кæны лæгдзинад, хъару, ныфс. Æмæ йæм хъуамæ искæйы къух ма хæццæ кæна. Нæ ныббарстаид ирон лæг, исчи йын ныхасæй йæ мады, йæ бинойна-джы, йæ хиуæтты, йæ мæрдты куы бафхæрдтаид, уæд.

Рагон ирон царды æгъдау адæмы ахуыр кодта сæрыстырдзинадыл, намыс хъахъ-хъæныныл æмæ æфхæрдæн æнæбароныл. Ирон лæг кæддæриддæр йæ маст иста йæ бафхæрæгæй. Уый уыдис царды æгъатыр домæн – маст исын, туг исын. Иунæг æфхæрд дæр хъуамæ æнæ аккаг дзуаппæй ма баззадаид. Фæлæ алцы дæр арæзт æмæ æххæст цыд æгъдауы барæнтæм гæсгæ. Ныр та кæрæдзийæн фидистæ кæнын æмæ цъыфкалæнтæм фæвæййæм!..

Цымыдисаг у ирон адæмы цæстæнгас адæймаджы æфсарммæ. Ирон адæм хатгай æфсæрмыйагыл фæнымайынц ахæм хъуыддæгтæ, кæцытæм æндæр адæмтæ кæсынц бынтон уæлæнгай æмæ куыдфæндыйы цæстæй. Адæймаджы æфсарм фыццаджыдæр бæрæг кодта йæхи хистæрты раз, стæй адæмы æхсæн дарын куыд зоны, уымæй. Хæрзæгъдау адæймаг хъуамæ хистæрты ныхасæн аргъ кодтаид, стæй сын хъуамæ лæггад кодтаид кæмдæриддæр. Хистæры раз кæстæр бадгæ нæ кодта, йæ ныхас ын нæ иста. Хистæры фæнд-иу кæстæртæ æнæкъуылымпыйæ æххæст кодтой. Дзæгъæлы-иу нæ загътой нæ фыдæлтæ: «Хистæрæн йæ фындз асæрф, æмæ йæ зондæй бафæрс». Ома, хистæр йæ фындз ныссæрфынхъом дæр куынæуал уа, уæддæр дæ йæ зонд бахъæудзæн. Уæдæ хистæр дæр кæстæрты раз йæхи хъуамæ дардтаид, куыд æмбæлы, афтæ, йæхи сæ цæсты ма хъуамæ бафтыдтаид.

Стыр худинагыл нымадтой нæ фыдæлтæ хæддзуйæ (æнæхуындæй) куывдмæ, чындзæхсæвмæ кæнæ хистмæ цæуын. Ома, æрвитгæ йæ ничи ракодтаид, фæлæ ахæм адæймагæн алчи дæр цæстæнгасæй æвдыста, афтæ худинаг кæй у. Нæ адæм ма ныр дæр фæдзурынц: «Дæ гуыбыны фæдыл макуы ацу! Уый ууыл дзурæг у, æмæ ирон лæгæн сæйрагдæр уыдысты йе ‘гъдау æмæ йе ‘фсарм. Фынджы уæлхъус ирон лæг йæхи куыдфæндыйæ нæ дардта. Хъуамæ йæ алы ныхас æмæ йæ алы ми дæр уыдаиккой нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæм гæсгæ, нывыл. Фынгыл-иу бадтысты дæргъвæтин рæстæг, фæлæ хæргæ бирæ нæ кодтой. Бирæ хæрын ирон адæммæ худинагыл нымад уыд. «Хуынды фæцу æфсæстæй, дæ хæдзармæ æрбацу стонгæй» – дзырдтой-иу раздæр. Ирон лæг стыр худинагыл нымадта, æххормаг кæй у, уый зæгъын. Искæмæ-иу уазæгуаты фæндаггон куы бацыдис, уæд-иу ын фысымты бирæ лæгъстæ кæнын бахъуыдис, исты ма нæм ахæр, зæгъгæ.

Ноджы стырдæр худинаг та уыдис карз нуæзтæй бирæ нуазын. Фынджы уæлъхъус нуæзтой ирон бæгæны кæнæ арахъ. Æмæ-иу кæд фæхъæлдзæг сты, уæддæр дзы расыг лæгыл фембæлæн нæ уыдис – алчи йæ бæрц зыдта, йæхи худинагмæ нæ уагъта. Расыггæнаг æрыгон лæппуйæн йæ чызджы ничи раттаид, бонджын мыггагæй куы уыдаид, уæддæр.

Адæмы ‘хсæн æгадыл нымад уыдис тæппуддзинад. Уæлдай нæ уыдис, тудджыны раз равдыста йæхи тæппудæй, æви хæсты быдыры – лæг худинаг кодта йæхи дæр æмæ йæ мыггаджы дæр. Тæппуддзинад равдисын æмæ гадзрахатæй рацæуыны ‘хсæн хъауджыдæр нæ уыдис. Ахæмтыл-иу арæх бакодтой хъоды, худинаджы зарджытæ-иу сыл скодтой.

Нæлгоймагæн æгадыл нымад уыдис адæмы ‘хсæн буары рыст æвдисын. Кæуынæй уæлдай сæм нæ кастис. Ирон æгъдаумæ æмæ фыдæлты фарнмæ гæсгæ, адæм кад кодтой æргомдзинадæн æмæ фидар ныхасæн. Раджы заманы къухфыст бадзырдтæ нæ уыдис. Лæджы ныхас уыдис цыфæнды бадзырды гæххæттæй фидардæр. Ирон лæг ныхас радта, уæд ыл дызæрдыг кæнын ницæмæн хъуыдис.

Уымæй стырдæр тых та уыдис ард бахæрынæн. Мæнг ард бахæрыны хъуыды никæйы сæрмæ æрцыдаид. Зæгъæм, искæйы азым кæнынц исты фыдракæнды, уæд-иу ын адæмы раз ард бахæрын кодтой. Æмæ йын уый фæстæ йæ рæстдзинадыл дызæрдыг хъуамæ мачиуал кодтаид. Ирон адæм тынг бæрзонд æвæрдтой æууæнк. Æнæууæнкдзинад æфхæрдыл нымад уыдис.

Алы адæмтæм дæр алыгъуызон цæстæнгас ис, хорз цы у æмæ æвзæр цы у, уыдæттæм. Хатгай уыцы дыууæ хъуыддаджы ‘хсæн бæрæг хахх ракæнæн нæ вæййы. Ирон адæммæ рагæй дæр бæлвырд уыдис, æвзæр æмæ сæм худинагыл нымад цы у, уый. Адæймаг кæд æхсæнады уæнг у (мыггаг, сыхбæстæ, хъæубæстæ), уæд хъуамæ йæхи афтæ дара, цæмæй уыцы æхсæнадæн æмæ йæ алыварс адæмæн æнад, æцæгæлон чи у, ахæм митæ ма кæна, ома йæхи æнæгъдау ма дара. Уырдæм хауы ныхасы уаг дæр. Худинагыл нымад уыдис, ирон лæг йæхи хъуыддæгтæ æхсæнады хъуыддæгтæй бæрзонддæр сæвæрдтаид, уый. Ахæмты дæр-иу бахъуыд дзуапп радтын æхсæнады раз Ныхасы, кæнæ Тæрхоны.

ЧЕХОЙТЫ Каринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.