– Цæмæй ахуыргæнæджы къухты бафта хорз, раппæлинаг æнтыстытæ, уый тыххæй æрмæст предмет хорз зонын фаг нæу, фæлæ ма æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй ахуыргæнæг æмæ ахуыргæнинæгты ‘хсæн ахастытæ æмæ кæрæдзимбарынадмæ ма уа фау æрхæссæн. Ахæм хъуыдыимæ йæ ныхас мемæ райдыдта Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг æмæ бирæ æндæр хорзæхты хицау, Цхинвалы æхсæзæм астæуккаг скъолайы биологийы ахуыргæнæг Козаты Галинæ Герасимы чызг.

Галинæ райгуырд æмæ схъомыл горæт Цхинвалы. Хъомыл та кодта рæстæмбисцæрæг бинонты ‘хсæн. Йæ фыд Герасим къорд азты æнæзæрдæхудт куыст кодта хъæдгуысты комбинаты, йæ мад Феня та модæты ательейы æмæ сæ æртæ кæс-тæры ницы цух уагътой. Галинæ  æнтысгæйæ каст фæцис Цхинвалы æртыккæгæм астæуккаг скъола. Скъолайы хабæрттæй Галинæ абон бирæ цыдæртæ æрымысы. Арæхдæр – йæ ахуыргæнджытæ Абайты Эсмæ, Муладзе Маргаритæ æмæ æндæрты. Уымæн æмæ уыдон сæ ахуыргæнинæгтæн æрмæст ахуыргæнджытæ нæ уыдысты, фæлæ ма сæм кастысты ныййарджыты цæстæнгасæй. Скъолайы фæстæ Галинæ йæ ахуыр кæм адарддæр кæндзæнис, уый та аскъуыддзаг кодта, кæстæр кълæсты ма куы ахуыр кодта, уæд. Абон йæхæдæг дæр фæдис кæны, зæгъгæ, горæттаг уæвгæйæ, фылдæр уарзтон хъæууон цард, алыгъуызон зайæгойтæ, цæрæгойтæ, халсæрттæ æмæ дыргътимæ архайын. Мæнгæй нæ фæзæгъынц, зæгъгæ, кæстæртæ цы дæсныйад бауарзынц, цы фæндаг равзарынц, ууыл ацæуынц кæронмæ. Йæ хъуыдытæ æмæ фæндтæ æрдæгыл чи ныууа-дза, Галинæ дæр ахæм нæ разынд æмæ скъола каст цы аз фæцис, уыцы аз балæууыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты исæн къамисы раз. Бацæуæны фæлварæнтæ æнтысгæйæ радта æмæ ссис биологи æмæ хъæууон хæдзарады бындурты факультеты студент. Сæххæст Галинæйы бæллиц æмæ фыццаг бонæй фæстæмæ æрæвнæлдта, йæ разы цы хæстæ уыд, уыдон æххæст кæнынмæ. Лектортæ æмæ йæ ахуыргæнджытæ бамбæрстой, Галинæ иунæг фæлварæнмæ дæр æдзæттæйæ кæй не ‘рбацæуы, ахуырмæ æвзыгъд кæй у æмæ дзы сæрыстыр уыдысты. Æххæст кодта курсы старостайы хæстæ дæр.

Уæлдæр ахуырдзинад райсыны фæстæ Галинæ æгуыст бирæ рæстæг нæ баззад. Кусæг хъуыд областы ахуырады хайады. Кæд рæстæгмæ, уæддæр Галинæ ууыл нæ бамæт кодта, бацыд æмæ райдыдта кусын. Акуыста дзы цалдæр азы æмæ уый фæстæ æрвыст æрцыдис Цхинвалы районы Дменисы хъæуы астæуккаг скъоламæ. Фæстæдæр цы скъола æмæ коллектив бауарзта, уыдоны ‘хсæнæй ацæуын æй бæргæ нæ фæндыд, фæлæ фæивтой йæ бинонты цардуагон уавæртæ, хъуыд æй, цæ-мæй хæдзармæ уа æввахсдæр æмæ кусын райдыдта Цхинвалы æхсæзæм астæуккаг скъолайы. Уæдæй фæстæмæ рацыд дыууын иу азы. Уыцы азты Галинæ куыстмæ йæ хорз ахасты руаджы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгты раз скодта йæхицæн хорз кад, бауарзтой йæ æмæ йæ уый ноджы тынгдæр разæнгард кæны йæ хæстæ хуыздæр æххæст кæнынмæ. Арæх сæрыстыр æмæ цины æнкъарæнтимæ æрымысы йæ раздæры ахуыргæнинæгтæй бирæты, уæлдайдæр та – уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ чи  свæййы æмæ кæй æнтыстыты хабæрттæ æрыхъуысы, уыдон. Абон сæрыстыр æмæ буц кæмæй у, уыдоны ‘хсæн сты Харебаты Ирæ, Кокойты Аннæ, Дзæгъиаты Кристинæ æмæ бирæ æндæртæ. Уыдон ахуыр кæнынц Уæрæсейы уæлдæр медицинон ахуыргæнæндæтты æмæ сæ хъуыдытæ æмæ фæндтæм гæсгæ тагъд рæстæг баххæст кæндзысты Хуссар Ирыстоны медицинон уагдæтты кусджыты рæнхъытæ.

Галинæ 2020 азы хорзæхджын æрцыдис «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг»-ы кадджын номæй. Ацы хорзæхыл цахæм æнкъарæнтимæ сымбæлд, уый тыххæй та Галинæ банысан кодта, зæгъгæ, иуæй-иутæ фембæхсынц сæ циндзинады æнкъарæнтæ, ахæмты æз растыл нæ нымайын, уымæн æмæ хорзæх у хорз куысты фæстиуæг. Ацы хабар мæнæн фехъусын кодтой горæты ахуырады хайады кусджытæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыд мын æхсызгон æмæ стыр бузныг зæгъын, мæнæн ахæм хорзæх радтын чи сфæнд кодта, чи мын æй радта, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр.

Галинæ ма уæдмæ цы хорзæхтæ райста, уыдоны ‘хсæн сты «Хуссар Ирыстоны ахуырады кадджын кусæг». Лæвæрд ма йын æрцыдис ахуырады министрады Кады грамотæ дæр. 2011 азы та нымад æрцыд республикæйы хуыздæр ахуыргæнæгыл. 

ГÆЗЗАТЫ Иван  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.