Кæд 1,5 литр авджы аргъ уыд бынаты 18 сомы, уæд ныр та схызт 26 соммæ. Уымæн йæ аххоссаг у хомыс фæсарæнтæй ласт кæй цыд. «Ам доныл дзырд нæ цæуы. Минералон донæн куыд зонæм, афтæмæй фагæй фылдæр у. «Бæгъиатæ»-йы дон кæм кæнынц, уымæн йæ сæйраг компонент у префонмæ. Уымæн та зынгæ фæфылдæр йæ аргъ. Фæфылдæр ис этикеткæ, колпачек æмæ иумæйаг тыхтон полиетилены аргъ дæр. Уыдон фылдæрбæрцæй заказ цыдысты фæсарæнты. Стæй ма «Бæгъиатæ»  уагъд цæуы иу компрессорæй, кæцы у Польшæйы уагъд. Иу рæстæджы нæ куыстуат бынтондæр йæ куыст æрурæдта. Фæлæ бацархайдтам бадзырд саразын минералон дон «Аландон»-ы фирмæимæ. Уыдон æххуысæй уагътам нæ дон. Фæлæ уыцы иурæстæг агуырдтам ифтонгад Уæрæсейы алы регионты. Æрæджы нæ къухты бафтыд дæрдджын компрессор æмæ ныр рахызтыстæм, ууыл кусынмæ. Æргътæ нырмæ дæр хъуамæ фæфылдæр уыдаиккой, фæлæ нæм фæсауæрц æрмæг бирæ уыд æмæ сæ рафаг кодтам», – зæгъы Санахъоты Алан.

«Аландон»-ы фирмæйы сæргълæууæг Босыкты Владимир та куыд зæгъы, афтæмæй иу рæстæджы фирмæ йæ куыст æрурæдта. Фæлæ ныр бацархайдзæнис ногæй бахизын Уæрæсейы базармæ, цæмæй йæ продукци экспортмæ æрвита. Фæстаг рæстæджы  Уæрæсейы базары минералон дæтты æргътæ фæфылдæр сты 100 процентæй фылдæр.

Владимиры ныхæстæм гæсгæ сæм ис заказтæ Мæскуы æмæ Курскы областæй. «Бæгъиатæ» æмæ «Аландон» ныртæккæ ласт цæуы Цæгат Ирыстон-Аланимæ. Цæмæй экспорт дарддæр цæуа, уый тыххæй та хъуамæ кусой паддзахадты базарадон палатæтæ. «Ам, республикæйы, ис базарадон минæварад, уый бындурыл бакæнын хъæуы базарадон компани. Уымæн та хъуамæ уа æфтауцдæттæ, траспорт, цæмæй парахат кæна нæ дон дуканитыл. Уый æрмæст доныл ма хъуамæ куса, фæлæ Хуссар Ирыстоны мидæг ноджыдæр цы æндæр продукттæ уагъд цæуы, уыдоныл дæр. Уыцы куыст райдайын хъæуы Цæгат Ирыстон-Аланийæ æмæ стæй ацæуын хъæуы дарддæр Уæрæсейы регион æмæ æндæр æфсымæрон республикæтæм», – зæгъы Босыкты Владимир.

Дыууæ заводы сæргълæууæг дæр куыд зæгъынц, афтæмæй заводтæн дæр йæ бон у аскъуыддзаг кæной ацы фарстатæ, фæлæ сæ абон нырма сæ фадæттæ нæ амонынц.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.