Ныры дуджы стæм куыстуатыл ис сæмбæлæн, æндæр куыстуæттимæ йæ бастдзинæдтæ кæмæн нæ фехæлдысты, базарадон уавæрты конкурентхъом продукци уадзын кæмæн æнтысы, иудзырдæй, æххæст хъомысадæй чи кусы, ахæмыл. Уый уæлдай тынгдæр хауы нæ республикæмæ, кæцыйæн йæ сæудæджерадон объекттæ хæсты æмæ змæст, хæццæ дуджы аххосæй раууатмæ æрцыдысты. Уыдонæй иутæ бынтондæр нал уæвынц, иннæтæн та абон дæр сæ къæхтыл слæууын, сæ астæу сраст кæнын сæ бон нал у.

Ацы хъуыддаджы амондджын разынд йæ хъысмæт Бæгъиаты суары заводæн. Æмæ абон махæн нæ горæты магазинты нæ республикæйы æмæ уымæн æддейæ дæр базаргæнджыты раз цæст æнæмæнг схæцы, куыстуаты ном чи хæссы, уыцы минералон дон «Бæгъиатæ»-йыл. Йæ хосгæнæн хийæдтæ рагæй зындгонд сты фæлхасгæнджытæн. Йе «’ххуыс» ын банкъарынц хроникон гастриттæ, колиттæ, ахсæны хæлмагниз кæмæн вæййы, йæ маст кæмæн фæриссы, доныхуыппимæ баст низтæн, организмы буарадты ивд куы фехæлы, гепатит æмæ панкреатиты рæстæджы. Æмæ канд уыдонæн нæу хъæуæг нуазинаг. Æнæниз адæймаг дæр нæ базивæг кæны ацы суарæй аназынмæ.

Ныр та, цæмæй сæ ногазон фынгтæ уæлдай рæсугъддæрæй рафидауой, уый тыххæй Бæгъиаты суары заводы къухдариуæгад сфæнд кодта йæ продукцийы хицæн парти бæрæгбонон этикеткæимæ рауадзын. Этикеткæйæ фæлхасгæнджытæм мидбылхудгæ кæсынц Митын дада æмæ Митын чызг, сцæттæ йæ кодтой ставропойлаг дизайнертæ. Ахæм этикеткæимæ кæй рауагътой, уыцы партийы гуырахст у 100 мин пластикон ботлæйы 1,5 æмæ 0,5 литруат  чи сты, ахæмтæ. Уыдон ныридæгæн фæзындысты тæрхджытыл æмæ сын балхæнæн ис.

Бæрæгбонон фынг баст вæййы Ног азы æрбалæудимæ, ахъаз фæкæны адæймагæн бæрæгбонон зæрдæйы равг æвзæрын кæнынæн æмæ нæ уарзон минералон дон ахæм хуызы кæй фæзындзæн нæ ногазон фынгтыл, уымæй ноджы фæхуыздæр уыдзæн, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ зæрдæйы равг.

Йæ рауагъды нысан дæр, заводы директор Санахъоты Алан куыд зæгъы, афтæмæй, сæйрагдæр уый уыд. Афтæ ма, йæ хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ фæахъаз уа Ног азы агъоммæ фылдæр минералон дон ауæй кæнынæн. Ахæм маркетинггон амалæй бирæ зындгонд компанитæ пайда кæнынц, кæцытæ уадзынц минералон дæттæ, дыргъы дæттæ æмæ æндæр ахæмтæ. Бæгъиаты суары завод ма бæрæгбонон парти рауагъта Республикæйы бонмæ дæр æмæ, Санахъойы фырт куыд загъта, афтæмæй сæ продукцийы сæрмагонд партитæ уадздзысты æндæр бæрæгбонтæм дæр.

Уымæй дарддæр ма куыстуаты æрæджы сæвæрдтой ног ифтонггæрзтæ сæрмагонд фæрсудзæнтимæ, кæцыйы руаджы минералон дон сыгъдæг цæудзæн алыгъуызон æнæпайда микроэлементтæй æмæ зынгæ фæхуыздæр уыдзысты куыд йæ хиæдтæ, афтæ йæ гъæд дæр.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.