Зынгæ поэт, тæмацгæнæг, литературон критик, публицист æмæ стыр адæймаг Бестауты Гиуæргийы райгуырдыл 90 азы кæй сæххæст, уый цытæн ныр къуырийæ фылдæр уагъд цæуынц алыгъуызон мадзæлттæ. Æмæ уый афтæ дæр хъуамæ уа, уымæн æмæ Бестауы хуызæн адæймæгты æрдз стæм хатт радты. Ахæм стыр курдиатджын адæймæгты нæмттæ сæ диссаджы адæймагдзинад æмæ сфæлдыстадæй цæрæнбонтæм цæргæйæ баззайынц адæмы зæрдæты. Ирон адæм сæрыстыр хъуамæ уой, Бестауы хуызæн гоймæгтæ сын Стыр Хуыцауы цæст кæй бауарзта, уымæй. Æгъатыр мæлæт æй не ‘хсæнæй куынæ атыдтаид, уæд ын, кæй зæгъын æй хъæуы ноджыдæр фылдæр  бантыстаид сфæлдисын, фæлæ хъысмæтæн цы загъдæуа.

Ацы стыр лæджы юбилейон райгуырæн боны фæрсты нæ ахызтысты нæ горæты Æвзæнгты республикон библиотекæйы кусджытæ дæр. Уыдон сæ директор Тототы Ленæйы сæргълæудæй, стыр поэт æмæ стыр адæймаджы ном ссарыны тыххæй сорганизаци кодтой сæрмагонд къуым æмæ ныр цалдæр боны дæргъы сæ чиныгкæсджыты, куыд æвзонг адæймæгты, афтæ хистæр кары адæмы дæр зонгæ кæнынц поэты цардвæндаг æмæ хъæздыг сфæлдыстадимæ.

Сæрмагонд къуымы æвæрд æрцыдысты Бестауты Гиуæргийы чингуытæ «Тæлмацтæ» (2003), «Публицистикæ», «Уацмыстæ», «Æрвнæрд», Цыбырты Людвигы чиныг – Георги Бестауты. «Шаги в бессмертие», Бестауы фырты тæлмацæй «Шота Руставели» æмæ æндæртæ. Йе ‘мдзæвгæтæй скъуыддзæгтæ, куыд зæгъæм: «Мæн нæ фæнды уазæгæй цæрон, ахæссон сыджытмæ риуы арт. Мæн нæ фæнды, горæты кæрон, Рох уæлмæрды аскъуыйа мæ цард!». Сæрмагонд къуымы къулыл конд сты зынгæ курдиатджын поэтыл Хъодалаты Герсан, Харебаты Леонид, Цæрукъаты Алыксандр æмæ æндæр поэттæ цы æмдзæвгæтæ ныффыстой, уыдон. Ис дзы Бестауы тыххæй фыст æрмæджытæ цы газетты уыдысты, уыдон дæр.  Афтæ ма дзы фенæн ис алыгъуызон архивон къамтæн.

Бузныджы ныхæстæ зæгъын хъæуы уагдоны коллективæн ахæм мадзæлтты фæрцы сæ чиныгкæсджыты зынгæ гоймæгты цардвæндаг æмæ сфæлдыстадимæ кæй зонгæ кæнынц, уый тыххæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.