«Бæгъиатæ»-йы суаруадзæн завод нымад цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны национ хъæздыгдзинадыл æмæ кусы йæ адæмы хæрзиуæгæн.

1989-90 азты хæстон архайдтытæ куы сытынг кодта сыхаг Гуырдзыстон, уæд, нæ республикæмæ Уæрæсейæ æмæ фæсарæнтæй цы уазджытæ цыд, уыдон-иу фæндаджы был «Бæгъиатæ» цы донгуырæнтæ ис, уырдыгæй куы банызтой, уæд-иу загътой: «Почему вы выливаете доллары в реку?». Фæлæ уыцы рæстæджы «Бæгъиаты» завод уæззау уавæры уыд. Базæронд æмæ æдзæллаг уавæрмæ æрцыд заводы сæйраг кондадон хахх. Уæддæр (мæрдты дзæнæты бадæд!) Хуыбылты Валерийы æххуысæй цыдæр амæлттæй 1990 азы заводы агъуыст цалцæг æрцыд. Самалчындæуыд, уæды азты барæнтæм гæсгæ, ног суаруадзæн хахх, æрластой йæ Италийæ. Хуыбылты Валери сæрмагондæй йæхæдæг контроль кодта куыстытыл, цæмæй æвæстиатæй скуса завод, кæцы уагъта, Хуссар Ирыстон рагæй фæстæмæ хъуыстгонд цы минералон-хосгæнæн донæй уыд, уый. Растдæр уæдæй фæстæмæ райдыдтой пластикон 1,5 литруат донгæрзты «Бæгъиаты» дон уадзын. Æмæ цас циндзинад, сæрыстырдзинад æрхаста ацы ногдзинад адæмæн!

Мах хорз хъуыды кæнæм, нæ сыхаг гуырдзиæгты аххосæй горæты цæрджытæ доны блокадæйы куыд бахаудтой. Доны хæтæлтæ-иу нын рæстæгæй-рæстæгмæ куы ныххуынчъытæ кодтой, цæмæй горæтмæ дон мауал хæццæ кæна. Æмæ-иу уæд нæ иунæг ирвæзынгæнæг ссис «Бæгъиаты» дон. Бирæ зын фæндæгтыл рацыд уæдæй нырмæ завод, рæстæгæй-рæстæгмæ-иу йæ куыст æрлæууыд, куы-иу, куы та аннæ æфсонæй. Уыд ахæм чиновниктæ дæр, æмæ сæ фæндыд заводы банкротыл банымайын, ома, дам, йæ хæрдзтæ не ’мбæрзы, цæмæй уый фæстæ паддзахадæй балхæдтаиккой завод æмæ дзы сæхи сæрмагонд куыстуат сарæзтаиккой…

Фæлæ, табу Хуыцауæн, завод абон дæр у паддзахадон! Къухдариуæг ын кæны фæлтæрд къухдариуæггæнæг Тедеты Роланд. Уый фæрцы завод лæууы йæ къахыл. Хицауады раз ыл цы хæстæ уыд, уыдон дæр цадæггай фиды.

«Бæгъиатæ» — нæ республикæйы бренд
«Бæгъиатæ» — нæ республикæйы бренд

2012 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты заводæн ног ифтонггæрзтæ балхæныны тыххæй рахицæн кодтой 23 милуан сомы. Æвæрд æрцыд ног суаруадзæн хахх æмæ ныртæккæ завод мæйы мидæг уадзы 400 000 литры бæрц, 1,5 литр 0,5 литры кæм цæуы, ахæм донгæрзты. «Кæй зæгъын æй хъæуы, дыууæ хуыз гæрзтæн, дыууæ хаххы хъæуы, фæлæ уыцы фæрæзтæ нæма ис», — зæгъы заводы директор.

Ацы заводы «Бæгъиаты» донæй дарддæр уагъд цæуы минералон дон «Дзау» дæр. Дыууæ суары дæр хъæздыг сты алыгъуызон минералтæй, кæцытæ ахъаз сты адæймаджы æнæниздзинадæн. Ацы суæртты уникалондзинад хъуыстгонд у суанг фæсарæнты дæр — Пятигорскы курортологийæн цы зонад-иртасæн институт ис, уырдæм суадоны донæй цы анализ æрвыст æрцæуы, уы-дон алы хатт дæр æвæрццаг хатдзæг саразынц йе скондæн. Ныртæккæ «Бæгъиаты» продукци, сæйраджыдæр, реализаци цæуы республикæйы. 1,5 литрæн йæ оптон аргъ у 14 сомы, 0,5 литрæн — 9 сомы. Æцæг ахæм аргъмæ горæты магазинты нæ балхæндзынæ дон, уымæн æмæ коммерсанттæ уый уæй кæнынц 20 соммæ. Завод «Бæгъиаты» дон цы аргъмæ уæй цæуы, уырдæм хауынц донгарзы калькуляци, транспортон хæрдз-тæ, электроэнергийы æмæ куыстмызды хæрдзтæ. Æцæгæй та ацы донæй пайда исы амалиуæггæнæг, кæцы йæ æлхæны заводæй.

Горæты цæрджытæй бирæтæй ис фехъусæн, ома, минералон доныл хæццæ цæуы хæрыны содæ, уымæ гæсгæ, дам, иуæй-иухатт вæййы хатт йæ ад вæййы æндæр. Фæлæ заводы къухдариуæгад уый нымайы хахуырыл. Уымæн æмæ заводы уыцы хъуыддаджы сæр æппындæр нæ хъæуы. Суар уыйбæрц гуырахстæй цæуы, æмæ йæ иу æмбисæй дæр нæ цæуы пайдагонд, йæ фылдæр цæуы цæугæ-донмæ. «Доныл æвзалытуаггаз хæццæ цæуы æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй йæ хиæдтæ фæхуыздæр уой. Цы пропорциты хæццæ цæуы суары донмæ, уый та адæймаджы æнæниз-дзинадæн ницы зиан хæссы. Суаргуырæнтæй иуы фарсмæ ис æрдзон æвзалытуаггаз дæр, фæлæ цæмæй уый комкоммæ донмæ иугонд æрцæуа, уый тыххæй хъæуы сæрмагонд ифтонгад», — зæгъы Тедеты Роланд.

«Бæгъиат»-ы заводмæ хæстæг æдæппæт ис 16 суаргуырæны, уыдонæй алкæмæндæр ис хицæн æмæ хицæн хиæдтæ, йæхи химикон сконд. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæй алкæ-мæй дæр пайда куы цæуид, уæд уый стыр ахъаз уаид канд заводæн нæ, фæлæ ма æгас республикæйæн дæр. Фæлæ куыд зонæм, афтæмæй уый комкоммæдæр баст у финансон фæрæзтыл.

Ныр та уал паддзахадон унитарон куыстуат «Бæгъиат»-ы завод æрæвнæлдта нуазыны дон «Суадон» 19 æмæ 5 литруат пластикон дон-гæрзты уадзынмæ. Ныридæгæн уый фæндаг ссардта канд Хуссар Ирыстоны магазинтæм нæ.

Заводы директор куыд зæгъы, афтæмæй заводæн сæрмагонд хахх кæй нæма ис ахæм донгæрзтæн, уымæ гæсгæ нырма ам куыст цæуы лæгдыхæй, сæрмагонд хахх балхæнын сæ къухты куы бафта, уæд сæ продукцийы гуырахст дæр фæфылдæр уыдзæнис. «Ныридæгæн бадзырд сарæзтам хуыйæн фабрикæ „БТК-4“-йы къухдариуæгадимæ, цæмæй сæм ласæм „Суадон“. Нæ зæрды ис æндæр уагдæттимæ дæр ахæм бадзырдтæ саразын. Бынатмæ дон нæхæдæг ласдзыстæм», — зæгъы Тедеты Роланд.

Тедейы фырт ма нын куыд загъта, афтæмæй 2014 аз «Бæгъиат»-ы дон экспортæн уагъд æрцыд 22,4 % бæрц, 2015 азы фæфылдæр уыцы нымæц — 36,5 %. Ныртæккæ ам кусы 45 адæймаджы бæрц, сæ куыстмызд та у 14-15 мин сомы.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.