Телевизормæ бирæ кæсыны рæстæджы сывæллоны психикæйыл ныууадзы йæ фæд. Сывæллон экраныл кæй уыны, уый йе ‘мбарынады фыццаг планмæ куы рахизы, уæд ын райдайынц проблемæтæ.

Ис ахæм официалон термин – «телемани». Хуымæтæг дзырдæй – монцкаст телевизормæ куы свæййы царды сæйраг.

Чи зоны чидæртæ афтæ дæр зæгъой: «Цы ‘рцыд уымæй, сывæллон кинонывтæм æмæ мультиктæм кæй кæсы. Уым æвзæрæй цы ис?» Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ иу бакастæй ацы æнæазым цайдагъдзинад гæнæн ис, æвзæрæрдæм бандава сывæллоны æмбарынадыл, зæгъæм, адæймаг чиныг куы кæсы, уæд информаци сæры магъзмæ хæццæ кæны, йе ‘мбарынад куыд у, уыцы ритмæй æмæ бæрцæй. Чиныг кæсгæйæ,  уæ бон у кæцыдæр информаци ногæй бакæсат, ахъуыды йыл кæнат. Телевизормæ кæсгæйæ та гуылф кæнынц тынг бирæ информаци æмæ æнæконтролæй хæццæ кæнынц  æмбарынадмæ.

Хъыгагæн, нæ сывæллæттæ бавæййынц фылдæр хатт теле-манийы амæттæгтæ. Афтæ уы-мæн у , æмæ ныййарджытæн сæ бон нæу сывæллæттимæ иумийаг интерестæ ссарын, цæуыл ныхас кæной, кæннод та сын нæй рæстæг æмæ цæмæй ссæрибар уой, уый тыххæй сывæллæттæн амонынц телевизормæ.

Ныййарджытæй бирæтæ хъуыды дæр нæ акæнынц, 3-5-аздзыд сывæллон куыд уыны, æппæт æмбары афтæ, æнæкритиконæй. Сывæллонæн нæй йæхи сæрмагонд царды критери. Уымæ гæсгæ уымæн йе ‘ргъадты системæ  сфи-дар вæййы, телевизоры цы уыны, уымæ гæсгæ. Æмæ кæд экраныл иу суперхъайтар ницæй тыххæй фехсы иннæ суперхъайтары – уый нысан кæны æмæ афтæ æмбæлы…

Европæйаг бæстæтæй сæ фылдæры скъолаты рацæуынц сæрмагонд тренировкæтæ – куыд бахъахъхъæной сæхи æнæхъуаджы информацийæ. Ахуыр сæ кæнынц, цæмæй сын критикон ахаст уа, телеэкранæй цы хъусынц æмæ газетты цы кæсынц, уымæ. Психологты хъуыдымæ гæсгæ ахæм арæхстдзинад хъæ-уæг у, уымæн  æмæ уый æххуыс кæны психикон æмуæздзинад бахъахъхъæнынæн.

Сывæллонæн йе сконд афтæ у æмæ йæм æппæт дæр бахъары йе ‘ддаг бакастæй. Æрхъуыды кæнут, алкæмæндæр зонгæ чи у, ахæм мультфильмтæ: чи у уым иууыл худæгдæр, иууыл зынгæдæр? Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæрццаг хъайтар. Æмæ уый свæййы цæвиттойнаг бафæзмынæн. Сывæллон ын йæ мидис не ‘мбары æххæстæй æмæ царды бафæзмы, фылдæр цы бахъуыды кæны, уый.

Æмæ ма ноджы, телевизоры руаджы сывæллон цард æмбары пассивонæй. Уымæн экран фадат дæтты, базона æмæ фена бирæ ногдзинæдтæ, хабæрттæ, диванæй ма сыста, афтæмæй. Æцæгæйдæр, цæмæн хъæуы исчердæм ацæуын, истæмæй архайын, кæд æмæ мæнæ æппæт дуне ис, куыд армытъæпæныл, афтæ! Ныййарджытæн фыццаг рæстæджы афтæ æнцондæр у – нæ сæ бахъæуы сæ сывæллæттæн чингуытæ  бакæсын, театрмæ, кæнæ зоопаркмæ акæнын. Цæмæн, кæд æмæ æппæт дæр фенæн ис телевизоры? Проблемæтæ уæд райдайынц, сывæллæтты куынæуал фæфæнды чиныг кæсын æмæ фидарæй домынц мультикмæ кæсын.

Цы хъæуы аразын, сывæллон телеманийæ куы «фæрынчын» уа, уæд? Фыццаджыдæр ын, телевизоры баивут йемæ арæх ныхас кæнынæй. Телевизорæй йæ куы фæиппæрд кæнат, уæд æй уайтагъд уроктæ ахуыр кæнынмæ ма арвитут, кæнæ иунæгæй конструктор сæмбырд кæнынмæ, фæлæ бацархайут, цæмæй иумæ саразат исты.

Ноджы ма сывæллоны телевизорæй фæиппæрд кæныны иу фæрæз –  ахъазут йемæ театрæй. Спайда кæнут уæ сывæллоны уарзон мультфильмы хъайтарæй, æрымысут уæхи сæрмагонд сюжеттæ дæр, фæлæ уыдон хъуамæ уой хæлар, хъæлдзæг æмæ æнæмæнг хорз кæронимæ. Ацы хъæзтыты æххуысæй сывæллонмæ сывзæры хорз миниуджытæ.

Цал хатты сывæллон телевизормæ кæса, уал хатты нæ хъæуы хыл æмæ хъæр кæнын. Бацархайут сывæллонæн «телерепертуар» равзарыныл æмæ æдзух уæ хъус дарут, цæмæ цымыдис кæны æмæ цæмæ кæсы, уымæ. Ныртæккæ уæй кæнынц тынг бирæ дисктæ, мульфильмтæ – уроктимæ: фæсарæйнаг æвзæгтæй, математикæйæ, географийæ æмæ æндæртæ.

Иумæ куы кæсат телеалæвæрдтæм, уæд сыл уынаффæ кæнут, алчидæр хъуамæ зæгъа йæ хъуыды, райхалын хъæуы сывæллонæн, цы не ‘мбары, уый.

Зынаргъ ныййарджытæ, уæ зæрдыл дарут: сывæллонæн никæцы телеалæвæрд, кæнæ мультфильм нæ баивдзæн сымахимæ ныхас кæнын, рæстæг æрвитын. Ахъуыды кæнут: уый сыстыр уыдзæн æмæ сымах фæсмон кæндзыстут уыцы рæстæджы тыххæй, сымахæн уæ бон куы уыд, цæмæй уæ сывæллоны цур уыдаиккат алы минут дæр, фæлæ уыцы рæстæгæй не спайда кодтат. Уымæ гæсгæ, номхуын-дæй дæр абон ныууадзут уæ ахсджиаг хъуыддæгтæ æмæ уæ сывæллонмæ фылдæр хъусдард аздахут, бафæрсут ын чиныг, кæнæ атезгъо кæнут иумæ.

Уый дæхицæн дæр æмæ сывæллонæн дæр æрхæсдзæн æрмæстдæр æхцондзинад æмæ пайда.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.