Æгъдауджын уæвын у ахæм миниуджытæй сæ иу, кæцытæн кад кæнынц адæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы миниуæг йæхæдæг йæхигъæдæй нæ фæзыны, фæлæ у раст хъомылады фæстиуæг. Сабийы æгъдауджын уæвыныл ахуыр кæнын райдайын хъæуы, цалынмæ скъоламæ нæ бацæуы, уæдмæ, цæмæй йын дарддæр суа йæ уагахасты нормæ.

Æмбарынад «æгъдауджын уæвынæн» нæй бæрæг бæлвырдгæнæн. Адæймаджы æгъдауджын рахонгæйæ, мах ахъуыды кæнæм, уый кæй æххæст кæны уагахасты иумæйаг райсгæ фæткойтæ, раарфæ кæны, фæнды йæ искæмæн баххуыс кæнын, цахæмфæнды уавæры дæр аргъ кæнын зоны йæ алыварс уæвджытæн.

Æгъдауджын сывæллон нын дзуры «бузныг» æмæ «табуафси», салам дæтты хистæртæн, йе ‘мбалмæ бахаты, цæмæй йын хъазæн радта, йемæ адих кæны шоколады. Æгъдау уæвын разыны хистæртæн кад кæныны, æхсæнадон бынæтты уагахасты фæткойтæ æххæст кæныны. Гоймаджы ахæм миниуæг æнæмæнгхъæуæг у сывæллоны социалон адаптацийæн, уымæ гæсгæ иттæг ахсджиаг у уымæ скъолайы агъоммæ кары æгъдауджын уæ-вынмæ тырнындзинады æнкъарæнтæ æвзæрын кæнын.

Куыд хъæуы хъомыл кæнын æгъдауджын сывæллоны?

Сывæллон хъомыл кæнын æрмæст зондамонæн ныхæстæ, æнтыстыты тыххæй дзы раппæлын, галиу миты тыххæй та йæ бафхæрын не сты. Фыццаджыдæр, хъомыладон процесс биноныг цæуы бинонты ‘хсæн хи цæвиттон æвдисыныл. Сымах нæ бахъæудзæн алыгъуызон методикæтæ агурын, кæцыты амонынц, сывæллоны куыд ахуыр хъæуы æгъдауджын уæвыныл, дæхæдæг аргъ кæнын куы зонай дæ алыварс уæвджытæн, уæд. Сывæллæттæ бонæй-бонмæ сæ хъус дарынц, ныййарджытæн сæ кæрæдзимæ цахæм ахастытæ ис, уымæ æмæ сæ райсынц, куыд нормæ, афтæ. Кæд мад æмæ фыд æвзæр ныхæстæ фæдзурынц, кæмæдæр гуымирæй сдзурынц, æххуыс кæй хъæуы, ахæм адæймæгтæн сæ иувæрсты ахизынц, уæд сывæллон дæр ахæм уагахаст банымайы растыл æмæ уый дæр дарддæр афтæ кæндзæн. Кæд æмæ ныййарджытæ бынат радтынц ацæргæ адæймæгтæн, мидбылхудгæ салам радтынц зонгæтæн, уынгты брæттæ не ‘ппарынц, уæд сывæллон райсдзæн уагахасты ахæм хуыз.

Кæй зæгъын æй хъæуы, æгъдауджын уæвын хъуамæ уа аразгæ нæ, фæлæ зæрдæбынæй.

Ныхæстæ «бузныг», «дæ райсом хорз», «хатыр», «æгас цу» хъæуы дзурын æхсызгонæй, зæрдæбынæй, кæннод сæ нысаниуæг сафынц. Сывæллонæн бамбарын хъæуы, уыцы ныхæстæ афтæ ахс-джиаг цæмæн сты æмæ сæ зæрдæбынæй цæмæн хъæуы дзурын.

Хицæн фæткойтæ зæрдылдарын ныййарджытæн феххуыс уыдзæн скъолайы агъоммæ кар сабийы æгъдауджын уæвыны æнкъарæнтыл хъомыл кæнынæн.

Сывæллоны æфхæрын нæ хъæуы, «бузныг» кæнæ «табуафси» куынæ зæгъа, уæд. Гæнæн ис, сывæллон фæдыгъуырццæг, фæтыхст  кæнæ йæ ферох, цы аразын хъæуы, уый. Гæнæн ис фефсермы æмæ хуыздæрыл банымадта ницы зæгъын. Сывæллоны ма хонут æнæхъомыл. Хуыздæр у, йемæ уавæрыл æруынаффæ кæнын, йæ уагахасты аххосаг раргом  æмæ йын бамбарын кæнын, куыд хъуыд бакæнын, уый. Цæвиттонтæ агурын хъæуы мультфильмты æмæ сывæллæтты литературæйы. Сывæллæтты хъæуынц цæстуынгæ ситуацитæ, цæмæй хуыздæр бамбарой æмæ бахъуыды кæной пайдайаг информаци. Сывæллонимæ кæсут мультфильмтæм, кæсут, æвæрццаг хъайтартæ кæм ис, ахæм чингуытæ. Равзарут ахæм уавæртæ, кæцыты уыцы хъайтартæ аразынц раст архайдтытæ æмæ сæ æнæмæнг хорзыл банымайут. Уæд сывæллон бамбардзæн ахæм ракæндтæ æмæ ахæм уагахастæн æвæрццаг аргъ кæй кæнынц хистæртæ.

Раппæлын хъæуы сывæллонæй, æгъдауджын уæвыны цайдагъдзинæдтæ куы уынын кæна, уæд. Уæззау хызынимæ адæймагæн дуар бакодта, зæрдыл ын не ‘рлæу-уын кæнгæйæ, салам радта хъомылгæнæгæн кæнæ йæ хæлармæ авæрдта хъазæн – ахæм рæстæджыты дзы æнæмæнг раппæлын хъæуы.

Ахуыр хъæуы æмдзæвгæтæ, æгъдауыл чи ахуыр кæнынц, ахæм ныхæстимæ. Скъолайы агъоммæ кары сывæллæттæ бирæ тагъддæр бахъуыды кæнынц информаци, хъазыны хуызы йæ куы равдисынц, уæд.

Сывæллоны хъомыл кæнын хъæуы æргомзæрдæдзинады æнкъарæнтыл. Искæйы æнкъарæнтæ дих кæнынæн абон уæлдай стырдæр нысаниуæг ис. Кæд æмæ сывæллон йе ‘мбæлтты, йæ бинонты уæнгты циныл цин кæнын æмæ хъыгыл та хъыг кæнын фæразы, уæд æнцон бамбарæн у æгъдауджын уæвыны миниуæджы ахсджиагдзинады бамбарын.

Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта

Дзебысаты Г.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.