2008 азы хæсты фæстæ нæ республикæмæ æрцыд тынг бирæ аразджытæ, алыгъуызон специалисттæ, фирмæтæ æмæ баиугæндтæ. Æрæвнæлдæуыд Цхинвалы уынгтæ, тротуартæ æмæ пырх хæдзæртты аразынмæ. Куыстытæ райдыдтой, алыран къахынц, змæнтынц… Хъыгагæн, бирæтæ æхца райстой, æнæбары цыдæртæ ацарæзтой æмæ республикæйы арæнтæй феддæдуар сты. Ныр сæ абон дæр æмбæлон органтæ агурынц, цæмæй сæ дзуапп æрдомой.

… Уый уыд 2015 азы райдианы. Республикæйы гуырæн хæдзары раз бандоныл бадын æмæ ме ‘мбалмæ æнхъæлмæ кæсын. Мæ цæст ахастон, Гуырæн хæдзары фарсмæ цы бæстыхай лæууы, уымæ. Уый ныр цалдæр азы æнхъæлмæ кæсы аразджытæм. Уыцы рæстæджы мæм æрбаввахс, иу 40 азы кæуыл цыдаид, ахæм фидæрттæконд нæлгоймаг, салам мын радта æмæ мæ цуры æрбадт. Йæ ныхæстæм гæсгæ йæ базыдтон, нæ цæгаттаг æфсымæртæй кæй у, уый. Базонгæ стæм. Уый уыдис Черджиты Барис. Райгуырд Дзæуджыхъæуы. 1996 азы каст фæцис Цæгат-Кавказы хæххон-металлургон университеты «Сæудæджерадон æмæ æмбæстагон арæзтад», зæгъгæ, ахæм профилимæ факультет æмæ райста инженер-аразæджы квалификаци. Куыста Цæгат Ирыстоны, стæй йæ 2015 азы рарвыстой Хуссар Ирыстонмæ. Дзæуджыхъæуы стыр арæзтадон куыстуатæй иу къорд рахицæн, схуыдтой йæ «Спецтепломонтаж-Юг» æмæ уый æрæв-нæлдта кусынмæ, æмæ уæдæй фæстæмæ Черджиты Барис кусы уым фадыджы хистæ-рæй. Райдианы йын йæ бæрны бакодтой, сывæллæтты республикон рынчындоны арæзтад кæронмæ бахæццæ кæнын. Хицауады домæнмæ гæсгæ ма ацы агъуыстмæ бафтыдтой ноджы иу уæладзыг æмæ ссис æртæуæладзыгон аив бæстыхай.

Барис æрæвнæлдта куыстмæ. Фыццаг рады уал уый бацархайдта арæзтады территори æрæхгæнынмæ. Хæдзары фисынтыл сæвæрдта цæтдарæн аппараттæ, дыууæрдыгæй фарс дзы æрлæууыдысты хъахъхъæнджытæ. Арæзтадон æрмæджытæ давын æмæ паплой кæнынæн кæрон æрцыд.

 Кусджыты ‘хсæн сæвæрдта фидар дисциплинæ. Нозтмæ æмхиц чи уыд, уыдон фыццаг бафæдзæхста, æмæ йæ кæнон чи нæ уагъта, уыдон куыстæй ссæрибар кодта.

Кусджытæ-иу раздæр кæд мæйгæйтты мызд нæ райстой, уæд ныр æрвылмæй дæр истой сæ мызд æмæ сæм куыстагур бирæтæ цыдысты. Ныр ам ахæм дæсны механизатортæ ис, кæцытæн сæ бон у машинæ æмæ трактор скъæрын дæр, арæхсынц экскаватор æмæ бетонласæн транспортон фæрæзтыл архайын дæр. Афтæмæй объекты арæзтад рæстæгыл фæцис. Абон республикæйы бирæтæ дис кæнынц ацы агъуысты рæсугъддзинадыл. Æмæ  æддейæ куыд у, афтæ у мидæгæй дæр. Сабитæн хос кæнынæн дæр алы уавæртæ дæр ис. Æмæ уыцы хæрзиуæгон хъуыддагмæ йæ хайбавæрд бахаста фадыджы хистæр Черджиты Барис дæр. Йæ кой апарахат арæзтадон къорд «Спецтепломонтаж-ЮГ»-æн. Ацы фирмæйæн хæс кæнын райдыдтой горæты иууыл ахсджиагдæр объекттæ. Фыццаг уал зæгъын хъæуы Гуырæн хæдзары тыххæй. Æниу йæ размæ хирургион комплекс, исæн хайад æмæ бирæ цыдæртæ арæзт æрцыдысты. Ныр та гуырæн хæдзары арæзтад фæуд кæны. Æмгъуыдæй йæ раздæр кæй ратдзысты эксплуатацимæ, уый дызæрдыггаг нæу. Ацы арæзтады æмрæнхъ «СТМ-Юг» куыста Хъайтарты уынджы цæрæн хæдзæрттæ аразыныл. Цалдæр бирæуæладзыгон бæстыхайы рафидауын кодтой Хъайтарты уынджы кæрон. Уæдмæ йæм æнхъæлмæ каст Гуыбаты æфсымæрты (раздæры Комаровы) уынджы цæрæн комплексы арæзтад дæр. Æмæ алчи дæр тæхуды кæны, ацы хæдзæртты чи цæрдзæн, уыдонмæ.

Цхинвалмæ нуазыны дон рауадзыны фарст тынг ахсджиаг куыст у. Бирæ азты дæргъы уый ссис проблемон нæ республикæйæн. Æмæ та ацы хъуыддаг дæр бахæс кодтой «Спецтепломонтаж-Юг»-æн. Барисы фенын æнцон нæ уыд. Рахау-бахау кодта иу объектæй иннæмæ. Йæ кусæн уæлæдарæс дæр, æвæццæгæн, стæм хатт раивы. Фæлæ Уанаты сыгъдæг дон рауадзыны сæйраг куыстытæ дæр фæуынхъус сты. Рæхджы дзы горæты цæрджытæ пайда кæндзысты. Æмæ бузныг кæмæн хъуамæ зæгъой, уыдонæй сæ иу у Черджиты Барис.

Нырма нын «Спецтепломонтаж-Юг» горæты бирæ æндæр ног объекттæй нæ зæрдæ кæй  барухс  кæндзæн, уый нæ уырны.

Джиоты Павел

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.