НОГ  ХИЦАУАД  ÆМÆ  ЙÆ  ХÆСТÆ

Цæгат Ирыстоны хицауиуæггæнæг органты стыр ивддзинæдтæ кæй æрцыд, разамонджытæн сæ фылдæр хай кæй раивтой, уый бирæ алыхуызон ныхæстæ расайдта, уыимæ – æнæхъуаджы дам-думтæ дæр. Цæмæн афтæ? Уыцы фарст бирæты тыхсын кæны. Адæм хъуамæ рæстдзинад зоной.  Уымæ гæсгæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав дзыллон хабархæссæг фæрæзтимæ цы пресс – конференци сарæзта, уым радзырдта ног хицауады куысты дарддæры нысантыл.

Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй фембæлд хицауад æмæ министрадты раздæры разамонджытимæ æмæ сын арфæ ракодта цалдæр азы сæ æнæзæрдæхудт куысты тыххæй. “2016 азы ног Хицауад  кусын куы райдыдта, уæд нæ размæ лæууыд стыр зындзинæдтæ. Нæ уыд бюджеты æхца. Цалдæргай азтæ æрдæгарæзтæй лæууыдысты бирæ бæстыхæйттæ, ахсджиаг объекттæ, адæм бирæ рæстæг нæ истой социалон æххуыстæ. Уæды Хицауад зæрдиагæй бавнæлдтой сæ размæ æвæрд хæстæм, куыстой æнæрынцойæ. Сæ фæрцы къухы бафтыд бирæ æнтыстытæ, сæххæст кодтам бирæ вазыгджын хъуыддæгтæ. Фæлæ, рæстæг цæуы æмæ домы стырдæр нысæнттæ, хъæуы абоны домæнтæн дзуапп дæттын”.

Республикæйы Сæргълæууæг ма куыд банысан кодта, афтæмæй министртæн стыр мызд нæй, сæ размæ та лæууы бирæ домæнтæ. Фæлæ ног разамонджытæ фылдæр хъуамæ кусой патриотизмы бындурыл. Мах сыл æууæндæм æмæ нæ уырны, адæм дæр сын аккаг аргъ кæй скæндзысты.

Пресс – конференцийы ма раныхас кодтой Хицауад æмæ министрадты ног разамонджытæ: Коммуналон хæдзарады, æртаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæм, Фæллой æмæ социалон рæзты министр Хуыбиаты Барис, Физикон культурæ æмæ спорты министр Гæбулты Владимир, Культурæйы хæзнатæ хъахъхъæнын æмæ сæ пайда кæныны комитеты сæрдар Æгайты Эмилия æмæ иннæтæ. Уыдонæй алчидæр бæлвырд радзырдта йæ къабазы ахсджиагдæр хъуыддæгты тыххæй, йæ размæ æвæрд хæсты, йæ куыстмæ цавæр ногдзинæдтæ бахæссынмæ хъавы, стæй, иумæйагæй, куыст куыд рацаразынмæ хъавы, уыдæтты тыххæй.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.