Хуссар Ирыстоны сæнусон кодтой хъайтар Æгъуызарты Аслан Феликсы фырты рухс ном.

16-æм ноябры Цхинвалы 6-æм астæуккаг съолайы къулыл цытджын æгъдауæй конд æрцыд  мемориалон фæйнæг Ирыстоны хъайтар Æгъуызарты Асланæн. Уый фæмард 2008-æм азы августы уæззау бонты,   скъолайы кæрты знаджы ныхмæ тохы. Уымæн Фыдыбæстæмæ уарзондзинад йæ дадзинты кæй абухта, уый бæрæг уыд йæ фæндвидар хъуыддæгтæй, бархионæй кæй бацыд хæсты цæхæрмæ, æмæ йæ удыл нæ ауæрдгæйæ, æхсæнгарз йæ къухмæ кæй райста, уымæй.  Æххуыс кодта, 6-æм скъолайы ныккæнды знагæй йæхи чи бааууон кодта, уыцы цæрджытæн, фæлæ йæхæдæг  дæр фæцис мæлæтдзаг цæф. 27 аздзыд Аслан хъæбатырæй фæмард 9-æм августы.

Æгъуызарты Асланы номыл мемориалон фæйнæг бакæныны цытджын церемонийы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы депутаттæ Виктор Водолацкийы сæргълæудæй, Цæгат Ирыстон – Аланийы депутаттæ, нæ республикæйы æхсæнады минæвæрттæ, Асланы хæстон æмгæрттæ, йæ ныййарæг мад æмæ йæ хо.

Фыдохы митинг бацæуæн ныхасæй байгом кодта Кокойты Тарзан. Уый, фыццаджыдæр, банысан кодта æмæ адæмы зæрдыл æрлæууын кодта 2008-æм азы уæззау бонтæ: Ирыстоны хъахъхъæнджытæ æнгом куы æрбалæууыдысты æмæ сæ къухтæм хæцæнгæрзтæ куы райстой райгуырæн Хуссар Ирыстоны бахъахъхъæныны сæраппонд, æппæт уыдæттæ. Цыбыртæй ма радзырдта, Аслан Цхинвалы зæххыл йæ мæлæт цы ‘гъдауæй ссардта æмæ хъæбатырæй кæй фæмард, уый тыххæй. «Аслан 2008-æм азы августы хæсты рæстæджы ацы скъолайы кæрты хæствæллад цæрджыты хъахъхъæнгæйæ, йæ сæр нывондæн æрхаста æмæ хъæбатырæй фæ-мард знаджы нæмыгæй. Аслан у йæ радтæг Ирыстоны æцæг патриот,   Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг æмæ йын мах, кæддæриддæр, мысдзыстæм йæ рухс ном», – загъта Кокойты Тарзан.

Æмзæрдæдзинадыды ныхæстæ æмæ тæфæрфæстимæ, хъайтар Æгъуызарты Асланы хиуæттæм, афтæ ма æппæт æрæмбырдуæвджытæм æрсидт нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли. «Æз дзурын зынаргъ Асланы ныййарæг мад, хиуæттæ æмæ йæ хæстон æфсымæртæм. Ныр абон махæн тынг зын ссарæн сты уыцы рæвдауæн æмæ зæрдæфидаргæнæн ныхæстæ, фæлæ æз сæрыстыр дæн, ахæм хъайтартæ æмæ нæм патриоттæ кæй басгуыхы, уый тыххæй. Абон мах æвдисæн стæм уымæн æмæ нæ хъайтарты рухс нæмттæ æнусон кæй сты æмæ сæ кæй никуы рох кæндзыстæм. Æз тæфæрфæс кæнын, Асланы амæлæтыл сæ зæрдæтæ тынг кæмæн фæрыстысты, уыдонæн, уæлдайдæр та кæмæй фæхъуыдис, уыцы бинонтæн. Бузныг зæгъын Асланы ныййарджытæн, ахæм номхæссæн хъæбул кæй схъомыл кодтой æмæ уый йæ Фыдыбæстæйы сæрвæлтау йæ сæр нывондæн кæй æрхаста, уый тыххæй», – загъта Президент Бибылты Анатоли.

Æгъуызарты Асланы тыххæй ма ныхасы рацыдис Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы депутат, Хъазахъы æфсæддон æхсæнад «Всевеликое войско Донское»-йы атаман хъазахъæгты инæлар Виктор  Водолацкий, кæцы банысан кодта ирон адæм, Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй райдайгæйæ, 2008-æм азы августы хæстон архайдтыты онг, цы хъайтардзинад æвдыстой, уый. Уый æрсидт, цæмæй Асланы хуызæн хъайтартæ рох макуы уой æмæ сын сæ рухс ном кæддæриддæр арой. Уæрæсейаг депутат ма арфæ ракодта Ирыстоны адæмæн, цæмæй макуыуал феной хæст æмæ фæллой кæной сабыр арвы бын, хъуыса æрмæстдæр  сывæллæтты худын.

Хъайтары номарæн мадзалы стыр бузныг зæгъынмæ Асланы хиуæт-тæн, фыццаджыдæр, йæ ныййарæг мадæн, ныхасы рацыд 6-æм астæуккаг скъолайы директор Людмила Александрова. Уый æрымысыд августы хæстон цаутæ æмæ банысан кодта Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджыты патриотизм. «Райгуырæн зæхх цыфæнды амæлттæй дæр бахъахъхъæнын уыд ирон хъæбатыр лæппуты сæйраг хæс. Бузныг Асланы ныййарæг мадæн, ахæм хъайтар лæппуйы тыххæй. Хъайтар махæй уымæй хицæн кæны,   кæд ын мæлæтæй тас вæййы, уæддæр ацæуы йæ риуы æмбæрц æмæ равдисы сгуыхтдзинад. Адæймаг цæры уæдмæ, цалынмæ йæ мысой. Мах дæр нæ хæсыл нымайæм, цæмæй-иу нæ ахуыргæнинæгтæн æрæмысæм Аслан æмæ уый хуызæн хъайтарты нæмттæ», – загъта скъолайы директор.Æгъуызарты мыггаджы номæй Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад æмæ æмбæстæгтæн, афтæ ма скъолайы  педколлективæн загъд æрцыдысты бузныджы ныхæстæ, сæ мыггаджы хъайтарæн сын ахæм кад кæй кæнынц, уый тыххæй.

Æгъуызарты Асланы мемориалон фæйнæг байгом кæныны церемонийы фæстæ йын  æрæмбырдуæвджытæ хастой дидинджытæ. Хъæбатыр хæстоны мад Фардзинты Ритæ радзырдта журналисттæн, йæ лæппуйы цахæмæй бахъуыды кодта æмæ сын йæ амæлæтæй цы стыр маст ныууагъта, уыдæтты тыххæй. Уый æнкъард æмæ æрхæндæгæй мысыд, Аслан ма сæ хæдзары фидыц куы уыдис, уыцы рæстæджытæ. «Аслан кæддæриддæр уарзон уыдис йе ‘мгæрттæн. Уыдис йе ‘мбæлттыл æнувыд. Мæнæ искуы йæхи бамбæхса, уый никуы уыдис. Беслæны теракт куы æрцыдис, уæддæр æртæ боны не ‘рцыдис хæдзармæ. Æз-иу æм хæцыдтæн, йæ риуы ‘мбæрц кæй цыдис ахæм хъуыддæгты, уый тыххæй. Тæрсгæ йын кодтон кæд-дæриддæр. Искуы-иу исты æрцыдаид, уæд-иу æнæмæнг хъуамæ уым уыдаид. Мæхæдæг рынчындоны кусын æмæ-иу мæм арæх æрбахастой ахæм хабæрттæ, зæгъгæ та дæ лæппу дысон кæйдæр йæ хъæбысы æрбахаста. Хуссар Ирыстоны æхстытæ куы райдыдтой, уæд æм телефоны дзурын æмæ йæ фæдзæхсын, зæгъгæ та ма ацу уырдæм дæр. Аслан мæм худгæйæ дзуры, зæгъгæ, Пятигорскы мæ хъуыддæгтæ ис æмæ хъуамæ уырдæм ныууайон. Афтæ сусæгæй ацыд Цхинвалмæ æмæ мæм цалдæр боны фæстæ та æрбадзырдтой, Аслан хæсты фæмард, зæгъгæ. Æз уый æнхъæл нæ уыдтæн æмæ мын мæ лæппуйæн ахæм кад скæндзысты, ахæм, цытджын æгъдауæй йын йæ рухс ном кæй æрæмысдзысты. Æз бузныг зæгъын, мæ хъæбулæн мын чи лæггад кæны, æппæт уыцы адæмæн, ацы мадзалы организацигæнджытæн», – зæгъы рыстзæрдæ ныййарæг.

Æгъуызарты Аслан йæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд нæ республикæйы иууыл уæлдæр хæстон хорзæх «Уацамонгæ»-йы орденæй, стæй майдантæ «Во славу Осетии» æмæ «Серебряный крест»-æй.

Йæ ном никуы уыдзæн рох йæ раттæг адæмæй.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.