ХИЦАУАДЫ НОГ СКОНД

Ацы бонты республикæйы хицаудзинады структурæты æрцыд бын-дурон ивынддзинæдтæ. Хицауад æмæ министрадты разамонджытæн сæ фылдæр ивд æрцыдысты.

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæгæй нысангонд æрцыд акционерон æхсæнад «Бавария»-йы генералон директоры хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег.

Хицауады Сæрдары ног хæдивджытæ сты: Цæгат Ирыстоны Паддзахадон нысаниуæджы æлхæнинæгтæ кæныны управленийы хицау Фадзайты Æхсарбег, Феде-ралон  службæйы булкъон Томайты Ирбег, Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон уынаф-фæгæнæг Дзанайты Барис æмæ Мæздæджы районы раздæры сæргълæууæг Анатолий Поляков.

Стыр ивындзинæдтæ æрцыд министрадты дæр. Цæгат Ирыстоны на-цион ахастдзинæдты министр Хадыхъаты Сосланы баивта историон зонæдты кандидат Цуциты Аслан; РЦИ-Аланийы экономикон рæзты министр Гулуты Олегы бынат лæвæрд æрцыд Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы экономикæйы управленийы хицау Томайты Хъазыбегæн; Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады сæргъ æрлæууыд Михаил Ратманов; РЦИ-Аланийы арæзтад æмæ архитектурæйы министры бынат бацахста Икъаты Русланбег; Культурæйы министр Атайты Мадинæйы бынат бакодтой РЦИ-Аланийы адæ-мон артист Сихъоты Тимуры бæрны; Цæрæнуæтон-коммуналон хæдзарады, æртаг æмæ энергетикæйы министр Игорь Шаталовы баивта акционерон æхсæнад «Промбурвод»-ы директор, майдан «Ирыстоны Намысæн»-ы кавалер Сохъуырты Альберт; Исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министрæй фидаргонд æрцыд Тедеты Руслан; Сæудæджерад æмæ транспорты министр сси Хайдарбек Бутов.

Кæцыдæр министрадты разамонджыты хæстæ уал рæстæгмæ æххæст кæндзысты: Ахуырад æмæ зонады – Азимова Ирина; Финансты министры хæстæ – Исахъты Олег; Æр-дзон фæрæзтæ æмæ экологийы – Мамиаты Чермен.

Рæхджы сæ хъысмæт бæрæг уыдзæн Фæллой æмæ социалон рæзты (Хъесаты Игорь), Хъæууонхæдзарады (Дзиццойты Риммæ), Мидхъуыддæгты (Дмитрий Гутыря) æмæ Спорты (Бæройты Хасан) министрадтæн дæр.

Бафиппайын хъæуы уый æмæ уæлдæр амынд ног разамонджытæй бирæтæ нырмæ сæ уыцы хæстæ рæстæгмæ кæй æххæст кодтой.

Ног разамонджытæ снысанчындæуыд комитеттæм дæр: РЦИ-Аланийы Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар сси зындгонд журналист Дзгойты Ольга; Карз нозты æмæ спирты продукцийы зилдухы управленийы разамонæг – Хидирты Батрадз; Паддзахадон нысаниуæджы æлхæнинæгтæ кæныны управленийы разамонæг – Илаты Олег; Информацион технологитæ æмæ бастдзинады управленийы разамонæг  Дмитрий Шадян.

Æрæджы ма ивд æрцыд фæсивæдон Парламенты сконд дæр. Йæ сæрдар Сагеты Тимур, стæй парламенты уæнгтæй цалдæрæй барвæндæй ацыдысты сæ куыстæй. Парламенты Сæрдары бынатмæ уыд æртæ кандидатурæйы: Гаглойты Азæмæт, Биасты Тасолтан æмæ Максим Бирюков. Уыдонæй фылдæр хъæлæстæ райста Гаглойты Азæмæт æмæ æрлæууыд Парламенты сæргъы. Йæ хæдивæг у Биджелты Берта.

Ахæм бындурон ивындзинæдты тыххæй Хицауады уæнгтимæ йæ фембæлды рæстæджы республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав арфæ ракодта хицауады раздæры уæнгтæн сæ зæрдиаг архайды, республикæйы рæзтмæ сæ хайбавæрды тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй республикæйы разамындæй бирæтæ сæ куыстæй ацыдысты барвæндæй. Йæ ныхасмæ гæсгæ, республикæ нæма рахызт йæ уæззау уавæрæй, тынг бирæ кусын хъæуы. «Уырны мæ, раздæры разамонджытæ сæ фæлтæрддзинад кæй амондзысты ног разамонджытæн. Курæг уæ дæн, кæмфæнды куы кусат, уæддæр хъуыды кæнут Ирыстоны фидæныл», – загъта Битарты Вячеслав.

Битарты Вячеславы ныхасмæ гæсгæ, дарддæр куыст цæудзæн районты хицаудзинады фæтк аивыныл, сæ разамонджыты æмæ администрациты куыст баиу кæныны фæдыл.

Джусойты Нина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.