Æхсæнадон-политикон змæлд «Адæмон ныхас»-ы сырæзтыл 30 азы сæххæсты цытæн медиа-центр «Ир»-ы цы тымбыл фынг ауагъдæуыд, уым ныхас цыд Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæзтады æхсæнадон змæлд «Адӕмон ныхас»-ы ролы тыххæй.

Мадзалмæ хуынд чи æрцыд, уыдоны ‘хсæн уыдысты «Адæмон ныхас»-ы уæнгтæ Абайты Зарæ, Битарты Зойæ, Гобозты Вячеслав,  Кокойты Геннади, Коцты Константин, Цоциты Зарæ, Пæррæстаты Сæрмæт,  æмæ уæды рæстæджы чи цыд, уыцы цаутæн æвдисæнтæ.

Медиа-центры сæргълæууæг Гаглойты Иринæ радзырдта 30 азы размæ 1988 азы ноябры æхсæнадон змæлды сæвзæрды тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ацы змæлд арæзт æрцыд ирон адæмы ныхмæ Гуырдзыстоны агрессивон политикæйы ныхмæ.  Ныхасгæнæг зæрдыл æрлæууын кодта «Адæмон ныхас»-ы сырæзты размæйы цаутæ – Горбачевы рацарæзты аххосæй цы цаутæ æрцыд, уыдон.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, рацарæзт йæ рохтæ суæгъд кодта Гуырдзыстоны националисттæн.

«Гуырдзыстоны кæрæдзийы фæдыл æвзæрын райдыдтой алыгъуызон националистон, æнæформалон организацитæ, кæцыты идеологи уыд, советон системæ сын йе скондмæ цы территоритæ баиу кодта,  уыдонимæ хæдбар Гуырдзыстон. Уыдон алы æгъдауæй дæр архайдтой æнæгуырдзиаг нацийы минæвæртты дæлдзиныг кæныныл.  Уыцы рæстæджы, уæды Хуссар Ирыстоны автономон областы фæзынд æхсæнадон змæлд «Адæмон ныхас» дæр», – банысан кодта уый.

Уый куыд загъта, афтæмæй ацы æхсæнадон змæлд сæвзæрд, Гуырдзыстоны къухдариуæгад ирон æвзаг ныддæлдзиныг кæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны гуырдзиаг æвзаг стыхджын кæныныл куы архайдтой, уыцы рæстæджы. Уымæн æмæ уæд Гуырдзыстоны цы цаутæ цыд, уыдонæн хъуыд дзуапп дæттын. Областы къухдариуæгад та Гуырдзыстоны къухдариуæгады дæлбар æмæ æндæвдады бын кæй уыд, уый тыххæй сæ бон аразын ницы уыд.

«Уæды рæстæджы æз мæхæдæг дæр куыстон фæскомцæдисы организацийы æмæ мæ дисы æфтыдта областы къухдариуæгады нындзыггонд уавæр. Кæд уавæр æмбæрстой, уæддæр иунæг хъуыддаг аскъуыддзаг кæнын дæр сæ бон нæ уыд.  Ахæм уавæрты «Адæмон ныхас»-ы бахъуыд бæрндзинад йæхимæ райсыны сæр», – загъта медиа-центры президент.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æхсæнадон змæлды уæнгтæ уыдысты ныфсхаст æмæ  архайдтой Гуырдзыстоны æртхъирæнты ныхмæ тохы ног мадзæлттæй.

РХИ-йы Экономикон рæзты министр Кокойты Геннади дæр банысан кодта уæды рæстæджы областы къухдариуæгады æнæсæрæндзинад.

«Хуссар Ирыстоны уæды рæстæджы къухдариуæгады ориентаци здæхт уыд Гуырдзыстоны сконды баззайынмæ. Фæлæ йæ мах æмбæрстам, Хуссар Ирыстон йе сконды уæвгæйæ, Гуырдзыстон Советон Цæдисæй куы рахицæн уа, уæд Хуссар Ирыстонимæ гæрзифтонг хæст самайдзæн. Хуссар Ирыстон Гуырдзыстоны сконды куы баззадаид, уæд ирæттæ лидзинаг фæуыдаиккой сæ фыдæлты зæххæй.  Баззадаид ма дзы æдæппæт 700 ирон адæйма-джы бæрц», – банысан кодта Кокойты Геннади.

Ивгъуыд æнусы 80-æм азты кæрон Гуырдзыстоны ССР гуырдзиаг æвзаджы тыххæй цы программæ райста,  уый фæдыл йæ мысинæгтæ радзырдта Битарты Зойæ дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ацы программæйы аххосæй фесæфтаид ирон æвзаг, уымæн æмæ нæ институты, æгæрыстæмæй, физикæ-математикæйы факультеты дæр хъуамæ ахуыр кодтаиккой гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ууыл нæ разы кодтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты ирон студенттæ дæр æмæ ахуыргæнджытæ дæр. Уый тыххæй арæх уагътой æмбырдтæ студентон клуб «Ныхас»-ы уæнгтæ æмæ уынаффæ кодтой ирон æвзаджы бахъахъхъæныныл.

Битарты Зояйы ныхæстæм гæсгæ, адæмон змæлд куы сæвзæрд, уæд ын ном равзарыны тыххæй бирæ варианттæ уыд, фæлæ йæ дзæнæттаг Икъаты Владимиры фæндонмæ гæсгæ схуыдтой «Адæмон ныхас».

«Æхсæнадон змæлды æмбырдтæй сæ иуы Икъаты Владимир фæндон бахаста, цæмæй организацийы схоной «Адæмон ныхас», зæгъгæ, нын ис клуб «Ныхас», кæцы бирæ азты кусы æмæ тох кæны национ культурæ бахъахъ-хъæныны сæрыл æмæ раст уыдзæн, не змæлд дæр «Адæмон ныхас» куы схониккам,  уый.

Постконфликтон уавæр æрбæстон кæныны фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат куыд загъта, афтæмæй æхсæнадон змæлд «Адæмон ныхас» сырæзт æмбæлон рæстæджы, дуджы домæнмæ гæсгæ. Уый руаджы райхъал национ хиæмбарынад.

Уый фæндон бахаста, цæмæй мыхуыр æрцæуой уыцы цауты хайадисджыты мысинæгтæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы ахсджиаг дуджы тыххæй мысынад хъахъхъæд æрцæуа фидæны фæлтæртæн, уый тыххæй архайын хъæуы уæды рæстæджы æрмæджытæ æмбырд æмæ сæ мыхуыр кæныныл. Национ хиæмбарынады æмæ паддзахадон арæзтады историйы уый ахсджиаг фарст  у æмæ йыл хъæуы фыссын.

Гобозты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, «Адæмон ныхас» стыр мисси сæххæст кодта.

«Адæмон ныхас»-ы руаджы уыцы геополитикон уавæртыл сæмбæлдыстæм «гæрзифтонгæй». Махæн нæ къухы бафтыд уникалон цауæй спайда кæнын. Уæд нын «Адæмон ныхас»-ы феномен куынæ уыдаид, уæд афтæ æнхъæлын, æмæ та фæлхат æрцыдаиккой 20-æм азты цаутæ», – банысан кодта Гобозы фырт.

«Адæмон ныхас»-ы сырæзты ахсджиагдзинады тыххæй сæ хъуыдытæ загътой ацы æхсæнадон змæлды активисттæ Абайты Зарæ æмæ Плиты Беллæ дæр, уыимæ ма уыдон банысан кодтой «Адæмон ныхас»-ы лидер Цоциты Аланы стыр хайбавæрд дæр. Уыдон фæндон бахастой, цæмæй реабилитаци æрцæуа Цоцийы фырты ном, ома, кæд хорзæхджын æрцыд, уæд æй хъæуы реабилитаци дæр.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.