Йӕ ном, йӕ кад ӕнустӕм цӕрдзысты

Нӕ республикӕ сбӕрӕг кодта СЦКП-йы Цӕгат Ирыстоны обкомы фыццаг секретарь Хъæбæлоты Билары 100 азы юбилей. Ирыстонӕн ӕмӕ йӕ уарзон ирон адӕмӕн цы бирӕ хӕрзты бацыд, уыдон банымайӕн дӕр нӕй. Йӕ рӕстӕджы цы ахсджиаг фарстатӕ алыг кодта, цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон абон дӕр рох не сты Ирыстоны адӕмӕй.

Билары номы кадӕн РЦИ-Аланийы Культурӕйы министрады хъӕппӕрисӕй Тӕбӕхсӕуты Балойы номыл Ирон театры уыд кадджын мадзал. Архайдтой дзы республикӕйы Хицауады уӕнгтӕ, Парламенты депутаттӕ, алы ведомствоты ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.

Юбилейон ӕмбырды райдайӕны мадзалмӕ ӕрбацӕуӕг адӕм федтой Хъӕбӕлойы-фырты цард ӕмӕ куысты тыххӕй документалон киноныв «Все остается». Йе ‘мдугонтӕ, кусгӕ кӕимӕ кодта, хорз ӕй чи зыдта, уыцы зындгонд адӕймæгтӕ сӕ мысинӕгтӕ дзырдтой Билары тыххӕй. Бирæ нал сты, стӕй – кардзыд, ӕмӕ сын равдыст аразджытӕ сӕ раныхӕстӕ ныффыстой сӕ хӕдзӕртты. Цы рӕсугъд ныхӕстӕ загътой сӕ куырыхон разамонӕджы тыххӕй, уыдонӕй адӕймаджы зӕрдӕ сӕры стырдзинадӕй дзаг кодта. Се ‘ппӕт дӕр дзырдтой, Билар стыр аргъ кӕй кодта хуымӕтӕг  кусджытӕн – сӕуӕхсиды тынтимӕ-иу чи райдыдта йӕ фыдӕбон суанг изӕрдалынгтӕм, фабриктӕ ӕмӕ заводты, колхозон быдырты ӕвӕллайгæйӕ чи фыдӕбон кодта, уыдонӕн; йӕ алфамбылай бӕрнон бынӕтты бадӕг чиновниктӕй та иунӕг хатт дӕр кӕй никуы раппӕлыд.

Залы адӕмӕн кадджын боны фӕдыл арфӕ ракодта РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз ӕмӕ радзырдта, Хъӕбӕлоты Билары фӕрнджын хъуыддӕгтӕн ферох кӕнӕн кӕй нӕй. Уымӕн ӕмӕ Ирыстоны цыдӕриддӕр ахсджиаг арӕзтӕдтӕ ис, уыдонӕн сӕ фылдӕр баст сты нӕ номдзыд разамонӕгимӕ, сты уый рӕстӕджы арӕзт.

– Хъӕбӕлоты Билары разамындӕй рӕзт æмӕ дидин калдта Ирыстон. Йӕ фӕрцы айгӕрдын кодтой къӕдзӕхты астæуты фӕндаг фӕсхохмӕ, ӕмӕ уӕдӕй абонмӕ не ‘хсӕн бастдзинад сфидар. Билар уыдис тыхджын политик ӕмӕ куырыхон разамонӕг, йӕ фӕндтӕ ӕмӕ нысантӕ куыдфӕндыйы хуызы чи не ‘ххӕст кодта, ахӕм зондджын лӕг, – загъта Тускъаты Таймураз.

Билары тыххӕй зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ загътой УФ-йы Паддзахадон Думӕйы депутат Тайсауты Хъазыбег, РЦИ-Аланийы Ветеранты советы сӕрдар Къаболаты        Солтан, Хъӕбӕлоты Билары фырт Зауыр ӕмӕ нӕ республикӕйы адӕмон артисткӕ Медойты Светланӕ.

Кадджын изӕр концертон программӕйӕ срӕсугъд кодтой Гӕздӕнты Булаты разамындӕй национ инструментты оркестр; зарӕггӕнджытӕ Бекъойты Вано, Челдыты Вадим, Дауыраты Эдуард ӕмӕ ансамбльтӕ «Ирыстон», «Цард», «Маленький джигит».

Саутæты Тамилӕ

 

 

АИВАД – ХÆЛАРДЗИНАДЫ  ФÆРÆЗ

Дзæуджыхъæуы 21 – 25 ноябрмæ æнтыстджынæй ацыд “Сцена без границ”-ы фæлгæтты 8-æм Дунеон национ театралон фестиваль. Йæ рæстæджы йын бындур сæвæрдта зындгонд режиссер Хуыгаты Геор. Ныр йæ фæрныг традицитæ бамы-нæг кæнын нæ уадзы æмæ сæ дарддæр кæны йæ цардæмбал, Уæрæсейы адæмон артисткæ Хуыгаты Валерия. Фестиваль дæр арæзт æр-цыд Георы ном ссарынæн.

Фестивалы архайдтой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театрты, Абхазы С. Чанбайы номыл, Кæсæг-Балхъары А. Шогенцуковы номыл, Цæцæны Х. Нурадиловы номыл, Дагестаны Э. Капиевы номыл æмæ Таджикистаны М. Вахидовы номыл паддзахадон драмон театрты коллективтæ.

Аивадуарзджытæн фестиваль ракодта стыр лæвæрттæ. Спектаклтæ уыдысты сæ иуæй – иннæ хуыздæр. Æппынфæстаг, жюрийы уæнгтæ: Уæрæсейы сгуыхт артисттæ Александр Федоров æмæ Петр Попов, ЦИПУ-йы аивæдты факультеты декан Галазты Эдуард, актер Кокойты Махарбег æмæ “Музыкальный журнал”-ы редактор Галина Скоробогатова равзæрстой хуыздæрты хуыздæры. Фыццаг бынат лæвæрд æрцыд Цæцæны драмон театрæн спектакль “Выше гор”-æн. Уый тыххæй сæрмагонд приз райста йæ режиссер Хава Ахмадова. Йæ актертæй иуæн, Ирыстоны стыр хæлар Дагун Омаевæн лæвæрд æрцыд сæрмагонд диплом “За честь и достоинство”.

Хуыздæр актерон дæсныйады титул райста Абхазы театр. Сæ рольтæ хорз кæй сæххæст кодтой, уый тыххæй дипломтæй хорзæхджын æрцыдысты таджикты театры актер Абдумумин Шариф æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткæ Хуыгаты Альбинæ. Сæрмагонд диплом ма райста Цæгат Ирыстоны адæмон артист Гæлæуты Анатоли йæ пьесæ “Нывгæнæг”-ы тыххæй.

Фестивалы спектаклтæй уæлдай фенæн уыд къамты равдыст театры историйæ, ауагъдæуыд мастер-класстæ, сфæлдыстадон фембæлдтытæ, тымбыл фынг æмæ бирæ хиирхæфсæн мадзæлттæ.

Ацы фестивалæй та ноджыдæр рабæрæг, аивадæн арæнтæ кæй нæй. Ахæм мадзал хорз ахъаз у кæрæдзийы фæлтæрддзинадыл ахуыр кæнынæн, фидар кæны хæлардзинады æмæ аивадон бастдзинæдтæ.

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.