УЫРЫССАГ  ЛÆДЖЫ   ИРОН  ЗÆРДÆ

Зындгонд фыссæг Александр Проханов Ирыстоны раджы бауарзта æмæ дзы йæхи уазæгæй дæр нал хаты. Фыццаг дæр æм фæдисы Беслæны цауты рæстæг æрхæццæ. Йæхицæн хæсыл банымадта уыцы судзгæ бонты ирон адæмы фарсмæ балæууын. Уæдæй абонмæ чысыл исты æфсонæй дæр рæстæг ссары Ирыстонмæ æрцæуынæн.

Кадджын уазæгæн зæрдиаг æгасцу загъта республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Куыд банысан кодта, афтæмæй ахсджиаг у, ахæм зындгонд адæймæгтæ Ирыстоныл зæрдийæ кæй сты, арæх кæй æрцæуынц æмæ сын сæ цард, сæ хъыг, сæ бæллицтæ дунетæм кæй хæссынц, сæ рæстдзинад сын кæй хъусын кæнынц.

Прохановæн Ирыстон æцæгæ-лон нæу. Ацы зæххыл 19-æм æнусы кæрон цардысты йæ фыдæлтæ – хъæздыг молокантæ, кæцытæн Дзæуджыхъæуы уыд бирæ нæргæ куыстуæттæ. Йæ фыдыфыды æфсымæр Василий Проханов кæм цард, уым, ныры Чкаловы æмæ Зорты фырты уынгты тигъыл, ныртæккæ чи цæрынц, уыцы Дудайты, Быгъуылиты æмæ Баликоты бинонтæ. Уыдон ыл сæмбæлынц стыр цинзæрдæйæ ирон фынгимæ, фыссæг йæ фыдæлты фæдтыл йæ къухтæ авæрынмæ куы бацæуы, уæд. Уый дæр сæ нымайы йе ‘ввахс адæмыл.

Александр Проханов æрмæст уазæгуаты не ‘рцыд Ирыстонмæ, фæлæ йæ фæнды, стыр аргъ цы ирон адæмæн кæны, уыдоныл документалон киноныв сисын. Уый уыдзæн бирæсерион телепроект “Русская мечта” -йы иу хай. Проект у Æппæтуæрæсейон паддзахадон телевизион компанийы заказ. Йæ нысан у Уæрæсейы алы адæмыхæттыты цард æмæ миддуне равдисын. Алы адæмыл дæр дзы исдзысты хицæнæй æндæр æмæ æндæр автортæ æмæ Проханов равзæрста Ирыстоны. Куыд зонæм, афтæмæй фыссæг Ирыстоныл нырмæ дæр бирæ хорз æрмæ-джытæ ныффыста. Уыдон се ‘ппæт дæр фыст сты ирон хъæбатыр æмæ сабыруарзаг адæмыл, нæ рæсугъд æрдз æмæ æгъдæуттыл, нæ фыдæлты традицитыл, ирон фынджы æгъдæуттыл. Иуныхасæй, Проханов ирон адæмы цард бындуронæй сахуыр кодта. Ныр дæр куыд зæгъы, афтæмæй алы адæммæ дæр ис сæхи бæллицтæ æмæ æрцыд уыдон  райхалынмæ, се ‘нкъарæнтæ сын хуыздæр бамбарынмæ. Уый тыххæй та хъæуы фылдæр рæстæг сæ фарсмæ æрвитынæн.

Фыссæг, куыд æрвылхатт, афтæ 13 августы куыддæр æрцыд, афтæ йæ балц райдыдта Беслæны терроризмы амæттæгты мемориалон уæлмæр-дæй. Уый фæстæ уазæг йæ киноисæг къордимæ æрзылдысты Хетæджы къохы, хъæууонхæ-дзарадон куыстуæтты, ювелирон куыстуат “Баспик”-ы, нæлгоймæгты моладзандоны, филармонийы, ирон театры,  æрзылдысты Цæгат Ирыстоны цалдæр хъæуы æмæ фарстой адæмы, цы сæ цымыдис кодта, уыдонæй. Проханов куыд загъта, афтæмæй æппæт адон бацæудзысты кинонывмæ, уыдонимæ Хуссар Ирыстоны хæстон æмæ ирон-мæ-хъæлон быцæуы цаутæ, стæй Беслæны æмæ Хъолайы зæй-ласты трагедитæ.

Зындгонд фыссæг, журналист, æхсæнадон архайæг, газет “Завтра”-йы сæйраг редактор Александр Проханов 16 августы йæ кусæг балц адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны, 17 августы та атæхдзæн фæстæмæ Мæскуымæ æмæ кусдзæн йæ ног документалон кинонывыл Ирыстоны тыххæй.

Нæ  уацх.     

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.