ЧИ  У  АХХОСДЖЫН?

Æхсæнады та стыр быцæутæ æмæ æнарызыдзинад расайдта ног инцидент: нæ сæрæнтæй чидæр фæцæрдæг æмæ Дзæуджыхъæуы историон – культурон объект, раздæры аргъуан  зæххы цъарæй схафта.

Уый 1886 азы саразын кодта дины кусæг, протоиерей Иасон Мамацев. Фæстæдæр дзы арæзт æрцыд дины библиотекæ. Советон рæстæджы кувæндон нымад æрцыд культурон цыртдзæвæныл æмæ йæ рæстæгæй-рæстæгмæ рестовраци кодтой, йæ бындурон хуыз нæ аивгæйæ.

Диссаг уый у æмæ ахæм стыр бæстыхай цыбыр рæстæгмæ афтæ куыд фæтары кæнæн ис. Республикæйы Культурон бынты комитетмæ цæрджытæ куы фæдзырдтой, æмæ фæдисы куы æрбахæццæ сты, уæд дзы ницыуал æрбаййæфтой. Уæззау техникæ йæ цыбыр рæстæгмæ схафта. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ фарстытæн дæр дзуапп нæ райстой.

Комитеты кусджытæ фæдзырдтой полицæмæ, систой бæстыхайы кæлæддзæгты къамтæ æмæ прокуратурæмæ сæ хъаст балæвæрдтой. Ныртæккæ барадхъахъхъæнæг органтæ æвзарынц хъуыддаг.

Дзырд дæр ыл нæй, горæты бæстыастæу «Къостайы проспект) ахæм историон объект дыууæ сахатмæ чи фелвæста, уый кæмæйдæр ныфс уыд. Ахæм бынаты исты фæпайда кæнын ахæмтæн сæйрагдæр у, кæм сæ бахъуыдысты культурон бынтæ? Абон уа æви райсом, рабæрæг уыдзæн æмæ адæмы раз цы цæсгомæй хъуамæ æрлæууа?

Хъыгаг у, стыр хъыгаг, адæмæн сæ фылдæр æрмæст сæхи гуылы бын кæй æндзарынц, уый…

КУСЫН  КÆЙ  ФÆНДЫ…

Фæстаг рæстæг сæвзæргæ эпидемиологон уавæры аххосæй экономикæ æвзары зындзинæдтæ, уæлдайдæр чысыл бизнесы куыстуæттæ. Уымæ гæсгæ экономикон къабазы архайæг хицæн амалхъомтæн баххуыс кæнын у республикæйы разамынды ахсджиагдæр нысантæй иу.

Экономикæйы рæзты министрад архайы ахæмтæн баххуыс кæныныл, цæмæй сæ бон уа, сæ цард хуыздæрæрдæм цæмæй аивдзæн, ахæм фарстатæ лыг кæнын.  Министрадыл цы хæстæ æмæ бæрнондзинад æвæрд ис, уымæ гæсгæ ныр æртыккаг аз расидынц чысыл амалхъомады къабазы архайджыты ʻхсæн конкурстæ, грантты хузы райсынц паддзахадон æххуыс.

Министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, фыццаградон æххуыс райсынц, хъæууон хæдзарады, туризм æмæ фæсивæдон амалхъомады хи куыстуат саразынмæ чи хъавы, стæй хæххон фæзуæтты райрæзтыл чи архайы, куысты бынæттæ кæм уыдзæн, хæрзхъæд лæггæдтæ йæ куысты нысан кæмæн уыдзысты, уыдон.

Иу гранты бæрц у 300 мин сомы. Уыцы æхца фæстæмæ фидгæ нал вæййынц, фæлæ министрад йæ цæст дары, цæмæй комкоммæ хардзгонд æрцæуой. Æнæмæнг, бизнес-проекты цы нысан уыд, уый хъуамæ æххæст æрцæуа.

Конкурсы архайджытæн сæ уавæртæ сты иухуызон, фæлæ сæ паддзахадон æххуыс алкæмæ не ʻрхауы. Къамис æркæсы æмæ проекттæй ахсджиагдæрыл кæй банымайы, уыдон бавæййынц грантты хицæуттæ. Уымæй уæлдай царды рауадзын хъæуы алыхуызон мадзæлттæ, цæмæй дæ размæ æвæрд хæстæ æххæстгонд æрцæуой. Цæмæй æнæхъæн республикæйы цард хъомысджындæр кæна, уый тыххæй арæзт цæуы ног куыстуæттæ, сæ аразæг инвестортæн та хъалонтæ фидыны хъуыддаджы кæнæ банкæй кредиттæ исгæйæ, алывæрсыг æххуыс вæййы паддзахады ʻрдыгæй.

Ныртæккæ чысыл бизнесæн æххуыс кæныны хæс йæхимæ райста Акционерон æхсæнад «МСП Банк». Банчы инфраструктурæйы кусæндæттæ хицауадимæ иумæ архайынц чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады рæзтыл æмæ йын æххуыс кæныныл. Æрмæст ивгъуыд аз банк чысыл проценттыл ахæм кредиттæ радта 780 милуан сомы…

                                        НОГ  АЭРОПОРТ  – БЕСЛÆНЫ

Рæхджы Беслæны фæзындзæн, абоны домæнтæн æххæстæй дзуапп чи дæтта, дунеон æмвæзадыл чи уа, ахæм аэровагзалы ног бæстыхай.

Уый фæдыл бадзырд бафыстой дунеон аэропорт «Владикавказ.»-ы генералон директор Сергей Чалов æмæ компани «Спектрум-Холдинг»-ы проекты разамонæг Александр Мутовкин.

  Аэропорты ног дыууæуæладзыгон бæстыхай арæзт æрцæудзæн фондз мин квадратон метрыл, зæронды фарсмæ. Нырма уал кусдзысты дыууæ дæр. Сæ фарсмæ ма арæзт æрцæудзысты авиаперроны фæзтæ, дизелон электростанцæ, зынгирвæзты ныхмæ доны фæстауæрцы æвæрæнтæ æмæ алыхуызон коммуникацитæ. Бæстыхайæ иуварс сараздзысты автобусты лæууæнтæ, машинæты фæндæгтæ, æрулæфæн бынат, хæрæндон… Уыдонимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фæхуыздæр уыдзысты бæлцæттæн лæггад кæныны фадæттæ.

Куыд зонæм, афтæмæй Беслæны аэропортæн йæ фадæттæ рагæй сты фæхуыздæр кæнинаг. Рæзы уæлдæфон балцыты географи, бæлцæттæн лæггæдты домæнтæ æмæ зæронд аэровокзалæн уыдон æххæст кæнын фæзын, нал дæтты абоны домæнтæн дзуапп, кæд цалдæр хатты рестовраци баййæфта, уæддæр.

Аэропорты ног терминалы арæзтадæн уал рахицæн кодтой 1, 6 миллиард сомы. Арæзт æрцыд йæ проектон-сметон документаци. Уый фæстæ расидтысты подрядон организаци сфидар кæныны фæдыл конкурс æмæ уый бындурыл фæуæлахиз компани «Спектрум-Холдинг».

Арæзтадон куыстытæ райдайдзысты ацы азы æмбисы æмæ,специалистты хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ фæуой 2022 азмæ.

                                                                             Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.